Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли мæсæллæйы тел арвыста РХИ-йы УФ-йы фыццаг Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрусы амæлæты тыххæй.

Мæсæллæйы телы дзырдæуы:

«Эльбрус Хъаныхъойы фырт йæ цардæй кæй ахицæн, уый у стыр зиан. Уый уыд ирон адæмы аккаг фырт æмæ Уæрæсейы æцæг патриот. Æрдзæй рахæсгæ дипломаты курдиат иу кодта иттæг хорз профессионалон цæттæдзинад, фæлтæрддзинад, хъуыддагыл æнувыддзинадимæ, кæцыйæн уый лæггад кодта. Эльбрус Хъаныхъойы фыртæн уыд стыр авторитет æмæ йын кад кодтой, чи йæ зыдта, уыдон.

Эльбрус Хъаныхъойы фырты профессионалон архайды бæрзæнд ссис РХИ-йы УФ-йы фыццаг Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвары бынаты куыст, кæцыйы уый нысан æрцыд УФ Хуссар Ирыстоны куы банымадта, æмæ дыууæ бæстæты ‘хсæн дипломатон ахастытæ куы сфидар, уыцы рæстæджы.

Эльбрус Хъаныхъойы фырт æрмæст Цхинвалы фыццаг дипломатон минæварад бакæныны фарстытæ нæ аскъуыддзаг кодта, фæлæ ма бирæ азты дæргъы Уæрæсейы минæвары бынаты йæ куыстæй стыр хайбавæрд бахаста Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æмгуыстад æрбæстон кæнын æмæ райрæзын кæныны хъуыддагмæ.

Эльбрус Хъаныхъойы фырты рухс ном æнустæм баззайдзæн Хуссар Ирыстоны».

****

Стыр хъыгзæрдæимæ райстон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы фыццаг минæвар Къарджиаты Эльбрус Хъаныхъойы фырты æнæрæстæджы амæлæты хабар.

Бæрзонд профессионал, егъау дипломат, ирон адæмы зынгæ минæвар, æцæг патриот Эльбрус Хъаныхъойы фырт бирæ азты дæргъы лæггад кодта йæ райгуырæн бæстæйæн. Нæ республикæйы зын фæсхæстон рæстæджыты, УФ-йы минæварадæн къухдариуæггæнгæйæ, уый кадимæ хъахъхъæдта Уæрæсейы æмæ Ирыстоны интерестæ, стыр хайбавæрд бахаста нæ бæстæты ‘хсæн дипломатон ахастытæ рæзын кæныны хъуыддагмæ. Хуссар Ирыстоны уымæн кад æмæ аргъ кодтой куыд ныфсджын хæларæн. Эльбрус Хъаныхъойы фырты рухс ном нæ зæрдæты баззайдзæн æнустæм.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй мæсæллæй зæгъын йæ бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.