Рæстæг, дам, зæрдæйы хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг у, фæзæгъынц, фæлæ ацы зæрдæвæрæн ныхасыл куыд ис баууæндæн, кæд æмæ Беслæны æнаххосæй террористты къухæй чи фесæфт, уыдоныл цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйас сæ бинонты, Иры дзыллæйы зæрдæты рыст тыхджынæй-тыхджындæр кæны, дудгæ-судзгæ рыстæн кæрон нæй æмæ йын нæдæр уыдзæн. Ацы фыдохы тугуарæн бонтæ ирон адæмы историйы баззайдзысты æнустæм æлгъыстаг туглæсæны сау бонтæй.

Бирæ, тынг бирæ æнамонд цаутæ æрцыд зæххыл: иу фыдракæнды фæстæ кæддæр æрцæуы æндæр, хæсты амæттаг фæвæййынц мингай сабырцæрæг адæм, æрдзы катаклизмæты аххосæй бабын вæййы сæдæ-гай адæймæгтæ. О, фæлæ террористон фыдракæндтæн æмбал нæй. Алкæцы дæр сæ йæхирдыгонау æгъатыр у… Æнахъом сабитæ æмæ сылгоймæгты равзар, бадгæйæ сæ цалдæр суткæйы дар æнæ дон, æнæ хæрдæй, сæ сæрмæ сын рæмудзæн æрмæджытæ æрцауындз, лидзгæ-лидзын сабиты фæстейæ автоматæй æхс – ахæм æгъатырдзинад зæххыл никуыма æрцыд.

Беслæны трагеди – нæ æнусон рис

 Ирон адæмæн Беслæны хъæдгом ахæм арф æмæ риссаг у, æмæ ног историйы сау дамгъæтæй фыстæй баззайдзæн æнустæм.

Беслæн кæддæриддæр сабыр, райдзаст горæтыл нымад уыд. Фæлæ 2004 азы уыцы стыр бæллæх куы æрцыд, уæдæй нырмæ йæ уынгтæй адæмы цинæйдзаг худт æмæ хъæлдзæг ныхас нал хъуысынц. Мæнæ бæласæн йæ къалиутæ куыд æрцæгъдай, афтæ. Уæлдай æнкъард та йæ адæм вæййынц сентябры мæйы. Раст ацы бонты иууыл тынгдæр хиуылхæцæг адæймагæн дæр йæ цæстыл æнæруайгæ нæ фæвæййы цæссыг.

Æрвылаз дæр Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайæ 1-æм сентябры фæхъуысы фæдисы дзæнгæрæг, стæй фыдохы музыкæ, арвмæ суадзынц 334 урс тымбылæджы. Ирыстоны дыууæ фарс, алы ног ахуыры азы райдианы, æнæрымысгæ нæ фæвæййынц ацы трагикон бон, иу уысм æмырæй алæууынц. Æппæт Уæрæсейы та 3-æм сентябрь нымад æрцыд «Терроризмы амæттæгты мысæн бон»-ыл.

Беслæны æбуалгъ террористон фыдракæнды аххосджынтæ иууылдæр æфхæрд æрцыдысты. Ацы æмæ ноджы уымæй размæ Мæскуыйы цы террактæ æрцыд, уыцы нымæцы, уæлдæфы цы дыууæ хæдтæ-хæджы срæмыгъдæуыд, уыдонæн се ‘ппæ-тæн дæр разамынд лæвæрдта тугмондаг террорист Шамиль Басаев.

Æмæ ацы хатт йе стыр фыдракæнд уæлдай риссаг рауад арф хъæдгом ныууагъта æгас дунейы адæмты зæрдæты.

334 адæймаг фæмард ацы теракты. Чи аирвæзт, уыдонимæ абон дæр кусынц психологтæ, цæмæй уыцы фыдбонтæ ферох кæной, сæ уды рыст фæкъаддæр уа. Ноджы стырдæр хъизæмайраг цард кæнынц фæмардуæвæг сывæллæтты ныййарджытæ. Уагæры сæ цы тых баурæдта, сæйраг тæрхондоны сæ фыддæр знаг Нурпаши Кулаевыл куы тæрхон кодтой, уæд?! Цæмæннæ йын бавнæлдтой дæндагæй йæ хурхмæ?! Уый хыгъд разындысты хиуыл-хæцгæ æмæ домдтой – хъуамæ уголовон хъуыддæгтæ конд æрцæуой, уыцы бæллæх не ‘руадзыныл бæрнон бынаты бадæг адæймæгтæй чи нæ бацархайдта, уыдоныл дæр.

Беслæны трагедийы тыххæй бирæ фыст æрцыд. Чиныг сарæзта Мæргъиты Алыкси дæр «Скорбь и боль Беслана», зæгъгæ. Хаст æм æрцыдысты тынг цымыдисон документалон факттæ ацы трагедийы тыххæй. Канд факттæ нæ, фæлæ ма теракты рæстæджы æмæ уый фæстæ дæр цы цаутæ æрцыд, тæрхоны процессы рæстæджы прессæйы цы фыст æрцыд, æппæт уыцы æрмæджытæ.

Чиныг æнæцæссыгкалгæйæ нæй бакæсæн, фæлæ уыимæ иумæ у цымыдисон. Ам алы адæймаджы хъысмæт дæр у трагикон, суанг æхсæзмæйдзыд Аленæйы фотонывæй райдайгæйæ, кæцыйы иу нæлгоймаг скъолайы кæртæй рахаста йæ къухты. Ацы ныв федтой æгас дунейы. Афæдзы бæрц уыцы ныв горæты баннертæй каст махмæ дæр.

Уæд бирæтæ не ‘мбæрстой æмæ, чизоны, не ‘мбарынц ныр дæр, цы ми кодта 6-мæйдзыд сывæллон скъолайы, гъе йæ чи рахæссы, уый цы бавæййаг у сывæллонæн. Чиныджы ацы цауы тыххæй фыст ис афтæ: «Уыцы фыдбоны сентябры æхсæзмæйдзыд Аленæ йæ мад Цыкъойты Фатимæимæ, йæ хистæр æфсымæр æртæаздзыд Махарбег æмæ фарастаздзыд хо Кристинæимæ уыд Беслæны 1-æм скъолайы. Бинонтæ уырдæм сæ хо Кристинæйы бакодтой, цæмæй хайад райсой цытджын мадзалы. 2-æм сентябры террористтæ радтой дзидзидай сывæллæтты мæдты ссæрибар кæныны бар. Фатимæ рахаста йæ чысыл Аленæйы, радта йæ æнæзонгæ милиционеры къухмæ æмæ фæстæмæ баздæхт йæ дыууæ сывæллоны фарсмæ. Дыккаг бон Фатимæ йæ чызг Кристинæимæ фæмард скъолайы спортзалы. Чысыл Махар удæгас баззад, чидæр æй скъолайы рудзынгæй раппæрста. Ныртæккæ цæры йæ фыд Русланимæ хъæуты. Фыдæн трагедийы фæстæ йæ бон нал ссис уыцы фатеры цæрын, – скъолайы кæрт æм зыны комкоммæ. Чысыл Аленæ цæры йæ дада æмæ бабаимæ. Аленæйы хъомылгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллонмæ æппынæдзух кæд уырыссаг æвзагыл дзырдтой, уæддæр йæ фыццаг ныхæстæ уыдысты – «ма тæрс». Махарбегыл дæр уыцы трагеди йæ фæд ныууагъта. Æхсæв фыны арæх фæхъæр кæны «помогите», куы йæ райхъал кæнай, уæд йæ ныхас вæййы – «мама æмæ Кристинæ дæр афтæ хъæр кодтой».

Фотообъекты чысыл Аленæимæ цы нæлгоймаг бахауд, уый та у Годжыцаты Эльбрус, паддзахадон автоинспекцийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды службæгæнæг. Уый йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй иннæ ирвæзынгæнæг къорды адæмимæ уый дæр æнхъæлмæ каст бардзырдмæ, скъолайы спортзалы цы адæм уыд, уыдон ссæрибар кæныны тыххæй. Фатимæ райдайæны хъавыд дзидзидай Аленæйы Кристинæимæ рарвитынмæ, фæлæ йын террористтæ бар нæ радтой. Уæд уый сывæллон рахаста кæртмæ, мæ къухы мын æй ныссагъта æмæ фæстæмæ йæ дыууæ хъæбулмæ баздæхт.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.