Бæстон æмæ лæмбынæг нæ хъусдард куы здахæм, кæм рахъомыл стæм, нæ цард æмæ фæллойадон куыст кæм кæнæм, нæ цин æмæ нæ зынтæ кæимæ дих кæнæм, уæд фæхатдзыстæм, уыдон фылдæр райгуырæн уæзæджы æвæрæнтæ кæй сты. Уымæн нын вæййы адджын æмæ зынаргъ, уымæн йæ фæмысæм, кæддæр дард бынаты куы вæййæм, уæд. Райгуырæн къуым æмæ уыимæ иумæ нæ хæлар æввахс æмæ дард бæстæты цардуагон фарстатæ ноджы хуыздæр æмæ бæстондæр зонын æмæ ахуыр кæнын  у хорз æмæ æнæмæнгхъæуæг. Цæмæй уый та къухты æнцондæрæй æфта, æмбæстæгтæн сæ базонынæн фадат уа, уымæн та стыр æххуыс у, егъаудæр библиотекæты цы бæстæзонæн хайадтæ ис, уыдоны куыст.

Ахæм хайад ис Анахарсисы номыл Республикон национ библиотекæйы дæр. Ацы хайад уарзон сси чиныгкæсджытæн æмæ сæ нымæц хæццæ кæны 5 мины онг. Чиныгкæсджытæй алкæмæн дæр йæ цымыдис алыгъуызон у, сæ иуты тынгдæр базонын фæнды – литературæ, адæмон сфæлдыстад, иу кæнæ иннæ фыссæджы цард æмæ сфæлдыстад, культурон бынтæ, адæмты абон æмæ ивгъуыд цард базонын æмæ æндæртæ. Уыцы хъуыддаджы, фыццаджы-фыццаг сæ уæлхъус чи æрбалæууы, литературæ равзарын æмæ бацагурынæн сын чи баххуыс кæны, уыдон сты хайады хистæр Тъехты Ингæ æмæ хистæр библиотекарь Бæззаты Луизæ. Сæ дыууæ дæр сæ куыстыл сты æнувыд æмæ хорз зæрдæйы уагимæ сæмбæлынц сæ чиныгкæсджытыл. Зæрдæйы хъарм ахаст, стæй йын йæ куырдиат куыд рæвдздæр сæххæст кæнай, уымæн стыр нысаниуæг ис кæсджыты фылдæр æрбахонынæн. Куыстмæ ахæм ахастыл та сыл зæрдæ нæ бахуддзæн.

Бæззаты чызг Къостайыхъæуы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон пединституты райдиан ахуырады методикæйы факультеты. Фæстæдæр кусын райдыдта нæ горæты цыппæрæм рæвдауæндоны хъомылгæнæгæй. Иугæр йæ чысыл хуртæ скъоламæ цæуынхъом куы фесты, уæд кусын райдыдта библиотекæйы бæстæзонæн хайады. Скъолайы ахуыры рæстæджы дæр ын библиотекæйы чингуытæ уарзон уыдысты æмæ ныр  æрбаввахс йæ уарзон хæлæрттæм.

Чиныг æмæ чиныгкæсджытæм хъарм ахаст ис Тъехты Ингæйæн дæр æмæ сын сæ дыууæ дæр лæггад кæнынц æнувыдæй. Сæ чиныгкæсджытæ сты ахуыргæнинæгтæ, студенттæ, ахуыргæнджы-тæ, кусджытæ. Активондæр кæсджытыл нымад сты Бекъойты Алинæ, медтехникумы студенткæ Дзесты Алинæ, Кортиаты Роберт, Годжыцаты Роберт, шофыр Джиоты Ильяйæ та уæлдай æппæлд ракодтой, уымæн æмæ хайады чингуыты фылдæр хай бакаст.

Сæ кæсджытæ уæлдай тынгдæр цымыдис кæнынц æмæ бакæсынц Гаглойты Зинæйы «Ирон мыггæгтæ»-йы, адæмон сфæлдыстад æмæ æндæртæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ иугай чингуытæн хæдзармæ дæттæн нæ вæййы, уыдонæй та спайда кæнынц бынаты. Бузныг сты бынæттон автортæ Хъазиты Мелитон, Хъуылымбегты Роберт æмæ Челехсаты Хъазбегæй, сæ чингуытæй сын кæй балæвар кодтой, уый тыххæй. Æнæуый та сæ фонды сты, куыд Хуссар Ирыстон, афтæ Цæгат Ирыстоны рауагъдадты чингуытæ, стæй ма амæй, размæ Уæрæсейæ цы гуманитарон æххуысы хуызы цы чингуытæ райстой, уыдон дæр. Хайады хистæры ныхæстæм гæсгæ сæм уæддæр цъус сты бæстæзонæны фæдыл чингуытæ. Алцы дæр зилын æмæ кæсын уарзы æмæ дыууæ сылгоймаджы рæстæгæй рæстæгмæ фæхуыздæр кæнынц сæ чингуыты, асыгъдæг сæ кæнынц рыгæй æмæ сæ афтæмæй адæттынц сæ кæсджытæм. Рох сæ нæ вæййынц зæрдылдарæн æмæ мысæн бонтæ æмæ бацæттæ кæнынц чингуыты равдыстытæ, æндæр мадзæлттæ. Ахæм равдыст уал ацы аз бацæттæ кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонмæ, ныр та сæ радон равдыст уыдзæн Сылгоймæгты æхсæнадæмон бон – 8-æм марты цытæн.

                                        ХУЫБИАТЫ Никъала     

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.