Ӕвӕдза, куыд курдиатӕй…

Мӕ ныхас абон у Ӕлборты Азӕйы тыххӕй. Рагӕй мӕ фӕндыд йемӕ сӕмбӕлын, аныхас кӕнын йӕ царды хабӕрттыл, йе сфӕлдыстадыл, фӕлӕ мын, йӕ фыруӕзданӕй, нӕ разы кодта.

арфӕйаг рауайынц иуӕй-иу адӕм… Дуне скӕнӕг Хуыцау сын балӕвар кӕны зӕды хуызӕн аив ӕддаг бакаст ӕмӕ хъӕздыг миддуне. Ахӕмтӕ ӕххӕст вӕййынц адӕймаджы хуыздӕр миниуджытӕй: зӕрдӕхӕлар, уӕздандзинад ӕмӕ ӕрдзон

Азӕ райгуырд Хуссар Ирыстоны Знауыры районы. Йӕ фыд Роланд куыста инженерӕй. Хъыгагӕн, ӕртӕ азы размӕ йӕ цардӕй ахицӕн. Азӕйы мад, Нанули та у дӕсны хуыйӕг. Фӕллойуарзаг бинонтӕ схъомыл кодтой фӕзминаг фондз чызджы ӕмӕ лӕппу, ахуыр сӕ кодтой фӕллой уарзыныл ӕмӕ ирон уӕздандзинадыл.

Азӕ, Хъорнисы хъӕуы астӕуккаг скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ, бирӕ уарзта ныв кӕнын, ӕмӕ фӕстӕдӕр ахуыр кӕнынмӕ бацыд Цхинвалы аива- дон училищӕмӕ. Дыккӕгӕм курсӕй та раивта Дзӕуджыхъӕуы Дзанайты Азанбеджы номыл аивӕдты училищӕмӕ. 2006 азы йӕ каст фӕцис иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ. Нывгӕнӕджы дӕсныйад райста Челӕхсаты Магрезы разамындӕй.

Азӕ ӕрмӕст курдиатджын нывгӕнӕг нӕу. Фынддӕс азы йыл куы цыд, уӕд фыццаг къахдзӕф бакодта поэзийы дунемӕ. Скъолайы ахуыры рӕстӕг райдыдта фыссын ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ цыбыр радзырдтӕ. Мыхуыры йын цыдысты газет “Хурзӕрин” ӕмӕ журнал “Фидиуӕг”-ы. Цӕгат Ирыстонмӕ куы раивта, уӕд та йе ‘мдзӕвгӕтӕ мыхуыры фӕзындысты журнал “Мах дуг”-ы. Уый ӕвдисӕн у уымӕн, ӕмӕ йын фысджытӕ йе сфӕлдыстадӕн стыр аргъ скодтой.

Мадӕлон ӕвзагыл ӕнувыд кӕй у, ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ радзырдтӕ дӕр мадӕлон ӕвзагыл кӕй фыссы, уый тыххӕй дардцӕр ахуыр кӕнынмӕ бацыд Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультетмӕ. Азӕ бирӕ уарзы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ, адӕмон сфӕлдыстад. Уыцы уарзт, адӕймаг, ӕнӕмӕнгӕй, ирон фарнимӕ йӕ бинонты ‘хсӕнӕй рахӕссы, фӕлӕ ма, йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй абон сӕрыстыр ӕмӕ бузныг у ирон филологийы факультеты ахуыргӕнджытӕй, уӕлдайдӕр та: Джыккайты Шамил, Хъантемыраты Риммӕ, Тахъазты Харум, Куыдзойты Анжелӕ, Асаты Наташӕ ӕмӕ иннӕтӕй. Ӕвӕццӕгӕн, уымӕн афтӕ арф ахъардта йе уӕнгты ирондзинад.

Æрдзон курдиат

Азӕ ирон сылгоймаджы фарн кадимӕ хӕссы. Йӕ кӕстӕртӕн у зондамонӕг, фӕлмӕнзӕрдӕ ныййарӕг. Уӕдӕ йӕ дзаджджын уӕливыхтӕ кӕнынмӕ ничи амбулдзӕн. Нарты Сатанайау йӕ фынг алкӕддӕр дзаг вӕййы ирон къӕбицы хӕрзад хӕринӕгтӕй: ивӕзаг дзыкка, дзӕрна ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон диссӕгтӕ.

Ныртӕккӕ Азӕ у Горӕтгӕрон районы газет “Фидиуӕг”-ы сӕрмагонд уацхӕссӕг. Нӕ зӕрдӕ йын зӕгъы ног сфӕлдыстадон ӕнтыстытӕ.

Макӕй фау

Чи бӕрзонд у, чи ныллӕг,

Чи фыд нард у, чи мӕллӕг,

Чи цъӕхдзаст у, иннӕ сау,

Царды макӕй уӕнгтӕ фау.

Алчи ныр куы фестид зӕд,

Цымӕ уаид зӕхх дзӕнӕт?

Ac, хуызӕй цыфӕнды уӕд,

Гъе, ӕрмӕст лӕгӕн бӕззӕд!

САЙÆГОЙ

Цы федтай сайыны дзӕбӕхӕй,

Дӕ сайд лӕг рахауы йӕ бӕхӕй?

Ӕви дӕхицӕн уыиӕй кӕныс ном,

Ӕмӕ дӕ митыл не ’ркӕныс фӕсмон.,

Гӕды рувасау хинӕйдзаг дӕ, сайаг,

Дӕ цӕстмӕ митӕй никӕй зӕрдӕ райы.

Ныр уал дӕхи фӕсномыгӕй ыстау –

Уыдзӕнис дын рӕстаг тӕрхон Хуыцау!

НÆЙ  ГÆНÆН

Мачи бырсӕд уарзӕтты ’хсӕн артмӕ,

Ма халут сыгъдӕг зӕрдӕйы цин!

Ма ’вналут дыууӕ удӕн сӕ уарзтмӕ, –

Стыр тӕригьӕд, – ма сын кӕнут хин!

Фарны ахстон чъизи ’взагӕй халын, –

Уый нӕ бары не скӕнӕг Хуыцау.

У, ӕгайтма, ’взонг удты бон уарзын,

Арфӕ-иу сын ракӕнут фӕлтау.

Газ. «Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.