Чиныгкæсджыты ‘хсæн чиныг парахат кæныныл зæрдиагæй чи архайы, уыдонæй сæ иу у Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы ирон хайады сæргълæууæг Сланты Ирæ. Уый йæ куыстмæ кæсы бæрндзинады цæстæй, кæсджытæм ын ис уæздан ахаст, æрбацæуджытыл сæмбæлы зæрдиагæй æмæ сын сæ къух саразы хъæуæг литературæйæ.

Уыцы бон та Сланты чызг æмæ йе ‘мкусджытæ Хъазиты Гуло æмæ Харебаты Тинæ бæстон кодтой æмæ æфснайдтой сæ чингуытæ, рыгæй сыгъдæг кодтой тæрхджытæ æмæ чингуытæн сæхи дæр. Ирæ куыд загъта, уымæ гæсгæ кæсджытæ æхсызгонæй агурынц зæронд уагъд чингуытæн сæхи дæр, фæлæ дзы бирæтæ къухмæ райсынæн нал бæззынц.

Хайады цы 550 чиныджы бæрц ис, уыдонмæ ма æрæджы ноджыдæр бафтыд, сфæрæз сын сæ кодта Культурæйы министрад. Уыцы чингуыты ‘хсæн сты, Хъазиты Мелитон, Дзасохты Музафер æмæ Джыккайты Шамилы уацмыстæ, афтæ ма чингуытæ дæр, куыд, зæгъæм, «Ирон адæмы сфæлдыстад», «Гуыбаты Дакко», «Хъалæгаты Иналдыхъо» æмæ æндæртæ.

Куыд æрвылхатт, афтæ ныр дæр ам ис чингуыты равдыст, исы газеттæ «Хурзæрин», «Рæстдзинад», журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг». Хайадæн цæттæ у ацы азæн æн-дæр æмæ æндæр мадзæлттæ ауадзыны план дæр. Кæсджытæ æхсызгонæй хайад райсдзысты ахæм мадзæлтты, куыд «Брытъаты ком», уырдæм фæхондзысты ацы комæй рацæугæ зынгæ адæймæгты. Уыдон æрбацæуæг адæмы базонгæ кæндзысты йæ номдзыд адæймæгтимæ, стæй йæ диссаджы æмæ пайдайаг зайæгойтимæ. Бацæттæ кæндзысты æмæ ауадздзысты Хъазиты Мелитоны юбилейон изæр, Плиты Грис, Тедеты Рюрикы мысæн бонтæ æмæ ноджыдæр æндæр мадзæлттæ.

                                                                        ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.