15 июны газет «Хурзæрин»-ы мыхуыр æрцыд блиц-æрфарст: «Цы дæ фæнды бакæсын нæ газеты фæрстыл», зæгъгæ.
Блиц-æрфарсты фæлгæтты йæ уац «Мæ фæндиæгтæ газет «Хурзæринæн»-ы йæ хъуыдытæ дзуры ХИПУ-йы профессор, журналист Плиты Гацыр.

Нæ ирон газетæн йæ райдиан нымайæм 1906 азæй. Уæды фæзынгæ газетæн йæ ном дæр афтæ хуынд – «Ирон газет», зæгъгæ. Уæдæй абонмæ ирон газетыл чи цин кæны, чи йын аргъ кæны, уыдон сты, æцæг ироныл кæй банымайæм, ахæмтæ. Хъыгагæн, уæдæй абонмæ, уæлдайдæр та фæстаг дæсгай азты, дзæвгар у сæ нымæц ахæм ирæттæн, газеты мурмæ дæр чи нæ дары, мадæлон æвзаджы ад кæмæ нæ хъары, ирон дзырды бырондæттæм чи æппары.

Нæ абоны газет бирæ нæмттæ раивта, кæддæр «Коммунист» куы хуынд, кæсын æй уæдæй фæстæмæ, мæ ном та дзы фæзынд 1955 азæй. Уæд уыдтæн ирон факультеты фыццаг къурсы студент. Мæ гыццыл уац дзы куы бакастæн, уæдæй фæстæмæ æнæ ирон газет мæнæн цæрын зын у. Газеты ад куы бамбæрстон, уæдæй абонмæ стыр аргъ кæнын куыд редактортæн, афтæ коллективæн дæр. Иунæг редакторæй дæр мæ бон афтæ зæгъын нæу, йæ къухы, йæ рæстæджы газет æдзæллаг уавæрмæ æрцыд, зæгъгæ.

Газет рæстæджы фæдисон у, дыккаг геноциды дуджы куыд куыста, йæ удæй арт куыд цагъта, цы уавæрты куыста, уый дугы диссаг уыд, уымæн дзырдтæй равдисæн нæй.

Домбай у нæ газет, уæйыджы цыд кæны размæ, уромæг æй уромын нæ фæразы. Уый коллектив æмæ сæргълæуджыты хъæппæрис у.

Газет у дуджы хабæрттыл дзурæг, дуджы цæсгом æвдисæг, адæмæн ныфс æмæ фæндаг-амонæг, ивгъуыд дугты цардамонæг, абоны царды фæндæгтæ æвдисæг.

Газет «Хурзæрин» боныгъæдмæ нæ кæсы, кæны йæ куыст æхсæвæй бонмæ, адæммæ хæссы фæстаг, æрвылбонон хабæрттæ. Ирон адæммæ баззад æмбисонд: «Лæг бонæн ног хабар куы нæ  хъуса, уæд йæ хъустæ хæрæджы хъусты æййæстæ кæнынц». Уый æфхæрынæн нæу, уый цæмæй ма уа, уый тыххæй газет «Хурзæрин» къуыри æртæ хатты бахойы æцæг ирæтты дуар.

Цы зæгъæн ис абон «Хурзæрин», йæ редактор, йæ коллетивæй? Хорзæй дарддæр ницы. Дуг сын сæ къух цæмæй аразы, уымæй архайынц, цы æрмæджытæ ис сæ къухы, уый рæстæгыл хæццæ кæнынц адæммæ.

Канд абоны, кæнæ æрвылбонон хабæрттæ нæ, арæх æвналынц аивгъуыйгæ дугты хабæрттæм дæр. Газет фылдæр хатт хъæздыг вæййы тæлмацгонд æрмæджытæй дæр. Уый дæр æнæмæнг хъæуы. Бирæты фæнды, дунейы хабæрттæ йæхи æвзагыл куы бакæсид, уый.

Газет конд у 8 сыфæй, 8 фарсæй. Уыцы фæрстæй алкæмæн дæр ис йæхи тых, йæхи нысаниуæг. Газет «Хурзæрин» хорз бакодта, Цæгат Иры программæ – «Осетия-Ирыстон»-ы программæ кæй мыхуыр кæны, уымæй. Бирæтæ аздæхтой се ‘ргом ацы ралæвæрдтæм. Газет фаг хъусдард здахы дуджы политикон фарстатæм, республикæйы экономикон уавæрмæ, нæ царды рæзты фæндæгтæм, Ирыстон йæ сомбоны фæндæгтæм куыд лæгæрды, æппæт уыцы фарстатæм.

Адæм се ‘взаг æмæ се ‘гъдæуттæй адæм сты. Абоны Ирыстоны ацы фарст бирæ цæ-уылдæрты дзурæг у. Нæ фидæны не ‘взаг æмæ не ‘гъдау куыд уыдзысты, ууыл бирæ, стæй уæд арæх цæуы ныхас. Газет æй иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг». Уыдон куырыхон Къоста загъта йæ рæстæджы. Абон махæн дæр ацы ныхас ахъуыдыйаг кæй у, уый бирæ хæттыты загъта нæ фæдисон – «Хурзæрин».

Газет арæх мыхуыр кæны йæ адæмы ивгъуыд дуджы царды рахæцæнты фæдыл æрмæджытæ. Уый хорз æмæ æнæмæгхъæуæуæг у. Фæлæ…

Фæлæйы фæстæ зæгъон мæ чысыл фиппаинæгтæ æфхæрыны охыл, нæ газеты номыл уæлдæр схæцыны охыл.

Фыццаг, тæлмацы гъæдмæ фылдæр хъус дарын. Президенты Послание Ныстуан нæу, фæлæ – æрвыстæг. Къостайы Ныстуаны адæм зонынц Завещаниейæ.

Мæнмæ гæсгæ, хуыздæр уаид, куы фысиккат Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадон-политикон газет – абоны фыст æгæр байдзаг ОН-тæй.

Дыккаг. Фыдæлты бæрæгбæттыл сæ нуазинæгтæ æмæ хæринæгты арæзтыл чи фыссы, уыдоныл дæр æмæ æндæр æрмæджытыл дæр амынд хъуамæ цæуой, чи фыссы, уыдон. Сæ рæдыдтыты тыххæй кæимæ дзурæм – газеттæ, журналтæ рагæй дзурынц, æрмæджыты тыххæй редакци дзуапп нæ дæтты, дзуапп дæттынц сæ автортæ. Æмæ кæм сты уыцы автортæ?

Райсæм ма «Хурзæрин» цыппæрæмы 8-æм июны 6-æм фарс. Ис дзы сæргонд «Лæгты дугътæ». Бакæсæм ма дыккаг абзац: «Хъæуы зæрæдтæ фæсивæдæй æвзæрстой, къахæй чи дугъ кæндзæн, уыдон». Нырма уал уый æмæ ацы фарстмæ зæрæдтæ ницы бар дардтой, дыккаг та уый, хъуыдыйадмæ гæсгæ ма фæсивæд дугъ кодтой æндæр цыдæр фæрæзтæй дæр.

Уацы автор амоны Селайæ хъазты хъуыддæгтæ. Уый цы нывты кой кæны, уыдон худæгау фæкæсдзысты Цъалагоммæ. Фыдæлты æгъдæуттæ æмæ хъуыддæгтыл чи фыссы, уымæй домын хъæуы «махмæ афтæ у», æмæ дзы уæд дзырдтаг ницы уыдзæн.

Райсæм дыццæджы «Хурзæрин» (6 июнь) 7 фарсыл (хæйрæгæй зонæд чи у) фыссы «Бæгæны хæрдæн хæрд у, нозтæн та нозт». Сæр хорз æрымысыд, сæрмæ гæсгæ газеткæсæг æнæмæнгдæр развæлгъау зæгъдзæн, уый бæгæныйы тыххæй алцыдæр зоны. Æз, куыд газеткæсæг, цъалагоймаг, афтæ зæгъдзынæн: ацы уацы фыссæг бæгæны куыд, цæмæйты, цы мигæнæнты аразынц, цы хæйттæ æмæ цы терминтæ ис, уыдонæн ницы æмбары.

Уацы автор йæхи куы амонид, куы загътаид, махмæ йæ афтæ аразынц, уæд æз æппындæр ницы зæгъин, зæгъин – фæрнæй йæ аразут. Цъæт – цы у, куыд сывзæры, уый нæ зоны. Йе ‘рымысгæ рецепт ницы дæтты, Уанелæй Ерманмæ йыл худдзысты. Фыссы: «Фынгæн конд хæбизджынтæ æмæ фыдджынтæ» – ацу æмæ йæ бамбар. Æмбары йæ йæ автор, фæлæ йæ куыд зæгъа, уый нæ зоны. «Дур æхсын чи нæ зоны, уый дзы йæ къæбут цæвы».

Абоны бæгæны аразджытæ  горæты – (сахары) фыдæлты рецепты сæрты ахызтысты æмæ сæ бæгæны ирон кæй хонынц, уымæй ирон бæгæныйы кад фесæфтой.

Редакци ма ныммыхуыр кодта  къуымбилты тыххæй уац. Уацы автор къуымбилæн йæ ном йеттæмæ ницы зоны. Ахæм зондамонæнтæ куы фыссай, уæд уал æппæты фыццаг хъуамæ зонай къуымбил æртæ хуызыл (нысаниуæгыл) кæй дих кæны, стæй уыцы дихтæй куыд пайда кæнынц.

Ирон æмбисæндты нысаниуæг чи нæ зоны, уый уæлæнгай ирон æвзаджы хицау у. «Нæ зонын худинаг нæу, фæлæ цы нæ зонай, уымæн дæхи хицау куы скæнай, уæд уый худинаг у». Тыхджын бирæ рæдыдтытæ ис Ног азы бæрæгбæттыл цы æрмæджытæ æрцæуы мыхуыр, уыдæтты.

Астæумæ митыл цы бæрæгбон нысан кæнынц, уый бирæтæ цъæх нæумæ ахæссынц. Гуыдын, Æртхурон, бынаты æхсæв, Комахсæн æмæ æндæртæ тынг хæццæ сты. Афтæ сæ нæ хонин, автор куы амонид дзырд Махмæ, уæд.

Уыцы зондамонæг автортæй рох у, хъæуæй-хъæумæ, комæй-коммæ, Хуссарæй-Цæгатмæ не ‘гъдæутты хицæндзинæдтæ кæй ис.

Æз, куыд Рукъаг, афтæ хæхбæсты дзуары бонтæ æмæ сæ нысаниуæг зонын. Нæ сæйраг дзуар у Атынæг (Хисты дзуар) æмæ йыл цалдæр хатты фыстой «Хурзæрин»-ы æбæрæг автортæ. Ис сæм ахæм хабæрттæ, нæ дзуарæн, нæ бæрæгбонæн бынтон æцæгæлон чи у.

Цымæ сыл цы тыхы бегара ис (цæмæ фыссынц алцæуыл, уый алчидæр зоны нæ газеткæсджытæй). Фысс, фæлæ фарст сахуыр кæн, фарсты нысаниуæг. Æз фольклорист дæн, фæлæ æнæ консультацитæй нæ ныффысдзынæн Гомартыл, Згъудерыл, Ломисыл, Ичъына æмæ æндæртыл.

Дзуары бонтæ, зианы кæндтытæ, чындзæхсæвтæ, куывдтæ – сæ нывыл, фыдæлты уагыл кæй нал сты, ууыл тынг сагъæс кæныц, чи ма сæ зоны, уыдон. Уыдон та бынтон сцъус сты.

Абайты Уасо ирон фынджы рахуыдта Академи. Тагъд нæ Академи Ликбез кæй суыдзæн, ууыл нæ сагъæс хъæуы, уыцы сагъæс та хъуамæ æмбарой, чи йыл фыссы, уыдон.

Иры фаллаг хай 2023 аз банымадтой «Нарты азыл». Бирæ диссæгтæ аразынц, бирæ хъуыдытæ æрцыд загъд, бирæ ахуыргæндтæ Нарты рахуыдтой Иры царды Энциклопеди.

Нæ адæмы фылдæр хай сæ чъылдым аздæхтой нæ хæзнатæм – Нартæм, Къостамæ æмæ нæ уый рæсугъд фæстиуджытæм не ‘ркæндзæн. Ацы фæдисы хъæр нæ газет «Хурзæрин»-æй, фæлæ уый нæ сахары цæрджытæй сæ 70 процентмæ, нæ хъуысы. Нæ хъуысы, уымæн æмæ нæ кæсынц нæ телеалæвæрдтæм, нæ дзурынц сæ хæдзæртты иронау, нæдæр ирон хаххыл кусы сæ телевизор.

Газет адæмы у. Уыцы домæнтæ æххæст кæны нæ газет. О, фæлæ газеты домæнтæ адæмы æрдыгæй æххæст нæ цæуынц.

Ирон æвзаг, чи мæлы, уыцы æвзæгты нымæцмæ кæй бахауд, уый алы иронæн дæр хъыг у. Иронау дзурынмæ зивæг чи кæны, йæ сæрмæ йæ чи нæ хæссы, уымæн æй куы зæгъай, уæд дæм туджджыны цæстæй ракæсдзæн.

Нæ ирон адæм! Æрæмбарæм нæхи, райдайæм не ‘взагыл дзурын, бавналæм фæстæмæ нæ рæсугъд фыдæлты æгъдæуттæм. Не ‘ртæ хæбизджыны кад (абоны хæбизджынтæ хæрынæн нал бæззынц) раздахæм, нæ нуазæны (нæ ордены) кадыл схæцæм. Уый куы нæ уа, уæд рæ-сугъд фидæнмæ мачи æнхъæлмæ кæсæд.

«Æххормаг – хæраг, мæстджын – дзураг». Бирæ дзуринæгтæ нæ ис, фæлæ уал абон æрлæууæм ууыл. Æниу æй, развæлгъау зонын, кæмæ хауынц мæ ныхæстæ, уыдонæй ацы æр-мæг ничи бакæсдзæн. Йæ аххосаг ын уæлдæр загътон.

Æрбалæууæм нæ «Хурзæрин»-ы алыварс, рафыссæм æй, райдайæм æй кæсын. Куы нæ йæ кæсæм, уæд газеты фыдæбæттæ дæр сты æнæхъуаджы.

Амондджын мын ут «Хурзæрин»-ы егъау коллектив, Иры фарнæй хайджын «Хурзæрин»-ы кæсджытæ.

Фарн уæм бадзурæд, нæ адæм, æнæ периодикон мыхуыр наци наци нæу, куы уа, уæд та – къуырма.

Зонд, хъару, фезмæлдхъуаг не стæм, бавналæм нæ культурæ уæлæмæ сисыныл, бафæзмæм нæ ансамбль «Симд», нæ театры куыст. Уыдон дæр сæ гаччы уыдзысты иу зонд, иу фæндагыл куы æрлæууæм, уæд.

Мæ хъуыдытæ æфхæрынæн не сты, зæгъын сæ, цæмæй нæ аразинаг хъуыддæгтæм бавналæм. Раст мæ чи бамбара, уый цæрæнбон бирæ, чи мæ не ‘мбары, уымæн дæр йæ амонд хорз уæд.

Алы æмбаргæ ирон адæймагмæ дæр хъуамæ бахъара – ис нын дыууæ паддзахадон æвзаджы – ирон æмæ уырыссаг. Сæ зонын æнæмæнг хъуыддаг у, æцæг ам фыццаг бынаты æвæрæм ирон.

Плиты Гацыр, Хетæгкаты Къостайы номыл

Паддзахадон премийы лауреат, журналист

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.