Адæймаг йæ куыст куы уарза, уæд æнтыстытæм дæр бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъæуы. Афтæ у нæ радтæг зæхмæ сæ уарзт Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрджытæ Санахъоты Валери æмæ Габуты Зауырæн дæр. Ацы дыууæ нæлгоймаджы дæр сæ бинонтимæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой, гуырдзиаг лæгсырдтæ ирон сабыруарзаг адæмы ныхмæ куы растадысты, сæ цæрæн бынæттæй сæ куы фæсырдтой æмæ сæ æнæхъуаджы куы æфхæрдтой, уæд. Дыууæ æмсиахсы уыцы азты Хуссар Ирыстоны нæ цардысты, сæ цæрæн бынат уыд Къахеты æмæ сабыруарзаг зæхкусджытæ сæхицæн кодтой сæ царды кой. Фæлæ æнæнхъæлæджы бахаудтой зын уавæрты æмæ уæд ралыгъдысты Ирыстоны хуссар хаймæ æмæ æрцардысты Къостайыхъæуы. Ам цæргæйæ, фыццаг бонтæй фæстæмæ фæбæрæг зæхмæ сæ æгæрон уарзт æмæ цыбыр рæстæгмæ сæ хæдзаргæрон зæххы фадгуыты истой дыргъты æмæ цæхæрадоны халсæртты хъæздыг тыллæг. Уымæй дарддæр ма уыдон кусынц Цхинвалы дæр.

Уыимæ иумæ дыууæ куыстуарзаг нæлгоймаджы æхсæнадон хæдзарадæй райстой зæххы фадгуытæ, байтауынц дзы æфсирон культурæтæ, базилынц сæм агротехникæйы домæнтæм гæсгæ æмæ сæ тыллæгæрзад дæр вæййы зæрдæйы фæндиаг. Афтæ уыд ацы аз дæр. Цæвиттон, Санахъойы фырт фæззыгæнд мæнæу байтыдта 7 гектары фæзуатыл æмæ дзы æрзайын кодта 22 тоннæйы. Хорз рауад йæ тыллæгæрзад Габуты Зауырæн дæр, кæцы фæззыгæнд мæнæуы культурæ байтыдта 3 гектары æмæ дзы æрзайын кодта 7 тоннæйы, хъæбæрхоры хуым та йын уыд 7 гектары æмæ йæ тыллæгæрзад рауад 12 тоннæйы. Ацы дыууæ хæдзарадæн хуым кæнынтауын, стæй тыллæг æфснайыны куыстыты активон хайад райстой механизатортæ æмæ комбайнертæ Гаглойты Валик, Хуыбиаты Алан, Мæлдзыгаты Ирбег, Алан, Кокойты Валери, Габиты Хвича æмæ æндæртæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.