Хуссар Ирыстоны ногдæр истори йемыдзаг у трагикон цаутæй. Уыдоны ‘хсæн уæлдай æгъатырдæр трагедитæй иуыл нымад цæуы Ереды трагеди. Гуырдзиаг агрессийы рæстæджы кæд бирæ фыдракæндтæ арæзт æрцыд ирон адæмы ныхмæ, уæддæр Ереды трагеди у уæлдай æвирхъаудæр. 1991 азы 18-æм марты гуырдзиаг лæгхортæ сырдон æгъдауæй фæхъизæмар кодтой æмæ уый фæстæ удæгасæй баныгæдтой 12 æнæаххос æвзонг нæлгоймаджы. Уыдонæй иууыл кæстæрыл цыд æрмæстдæр 17 азы… 12 хъайтары, кæцытæ, æгæрыстæмæй, тæссаг хъизæмæртты рæстæджы дæр сæ зæрдæ не сивтой сæ Райгуырæн Ирыстоныл æмæ худинаджы бæсты равзæрстой кадимæ мæлæт сæ Фыдыбæстæйы рухс фидæны сæраппонд. Уыдонæн сæ аххосаг уыд æрмæстдæр ирæттæ кæй уыдысты, уый æмæ дыууадæсæй иумæ сæ мæлæт ссардтой гуырдзиаг лæгхорты къухæй. Уыцы бон уыдон рацыдысты сæ фæстаг тугæрхæм фæндагыл. О, стыр Хуыцау, цæмæннæ сæ бакъуылымпы кодтай истæй æфсон, цæмæн сæ рауагътай сæ мæлæты фæндагыл рацæуын, фæлæ, æвæццæгæн, мæлæты фæндагыл мыд конд ис… О, Стыр Хуыцау, гуырдзиаг лæгхорты цавддуртæ цæмæннæ фестын кодтай?

Райсом, 18-æм марты Ереды трагедийыл æххæст кæны 31 азы. Уыцы бон Ереды хъæумæ æввахс гуырдзиаг æнæформалтæ æфсæддон автомашинæ «Урал»-æй рахизын кодтой 25 ирон адæймаджы. Сылгоймæгты æмæ сывæллæтты фæнадтой æмæ сæ уый фæстæ ауагътой, фæлæ 12 нæлгоймаджы акодтой æмæ сæ уыцы бонæй фæстæмæ сæрæгасæй ничиуал федта.

Фæмардуæвæг хъизæмарджыты ‘хсæн уыд дменисаг лæппу Дзанайты Ибрагим. Кæм ис рæстдзинад! Рацард æрмæстдæр 25 уалдзæджы æмæ йыл афтæ æвзонгæй йæ хур цæрæнбонтæм ахуыссыд гуырдзиаг лæгхорты къухæй. Хъæбулы мæрдæй зæрдæрыст ныййарæг мад Бестауты Венерæйы зæрдæйы рыст нæ къаддæр кæны, кæд 31 азы рацыд, уæддæр. Рыстзæрдæ мадæн цæрæнбонтæм йæ цæстыты æрбынат кодта æрхæндæгдзинад, æгæрыстæмæй, йæ сæрдыгон хуры тæвд тынтæ дæр нал тавынц.

Дзанайты Ибрагим Советон æфсады йе ‘мбæстагон хæс Улан-Удэйы бафидыны фæстæ цалдæр азы куыста Мæскуыйы, йæ хъуыддæгтæ цыдысты йæхи фæндиаг. Фæлæ 1989 азты гуырдзиаг-ирон хæст куы райдыдта, уæд æрæздæхт йæ Райгуырæн бæстæм, цæмæй йæ бахъахъхъæдтаид гуырдзиаг агрессортæй. Кусын райдыдта МТС-ы шофырæй. Бестауты Венерæйы ныхæстæм гæсгæ йын гуырдзиаг-ирон конфликт æрхаста цалдæр трагедийы. 1990 азы йæ цардæмбал Абдул йæ зонгæимæ рацæйцыд куыстæй Чъехы хъæуыл æмæ сын сæ машинæ баурæдтой гуырдзиаг бандиттæ. Бакодтой сæ мæнгагъуысты æмæ сыл дуар сæхгæдтой, цыран сæ фыднад кодтой. Æппæт уыдæттæ не сфæрæзта нæлгоймаджы зæрдæ, бандæвтой йе ‘нæниздзинадыл æмæ 50-аздзыдæй цардæй ахицæн, йæ цардæмбал Венерæйы фондз сывæллонимæ иунæгæй ныууадзгæйæ. Сылгоймаг йæхи ныффидар кодта, уымæн æмæ йæ æмбæрста йæ хъæбулты ныры хуызæн кæй никуы хъæуы, уый. Уыимæ йæ фарсмæ уыд йæ хистæр хъæбул Ибрагим – йæ ныфсы мæсыг æмæ сæрыстырдзинад.

1990 азты Хуссар Ирыстоны æппæт нæлгоймæгтæ сыстадысты сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Дменисы хъæуы нæлгоймæгтæ дæр сарæзтой къорд æмæ йын хистæрæй сæвзæрстой Ибрагимы. Уыцы рæстæджы Цхинвалы районы хъæутæм, уыцы нымæцы Дменисмæ дæр ацæуæнтæ нал уыд æдасæй, хъæуы æхстой æрвылбон дæр алырдыгæй. Ибрагимы къорды хистæрæй кæй сæвзæрстой, уый тыххæй æнкъардта уæлдай бæрндзинад æмæ йын нал дæр æхсæв уыд æмæ нал дæр – бон. Иууылдæр уыд постыты. Хъæдтыл-иу ацыд горæтмæ хæцæнгарз самал кæныны тыххæй. Иу ахæмы фæдзæгъæл сты хъæды æмæ чысыл ма бахъæуа гуырдзиæгты дзыхмæ бахауой, уырдæм æввахс уыд гуырдзиаг экстремистты штаб. Ибрагим хæдзармæ куы æрбацыд, уæд йæ уæлæдарæс иууылдæр уыд хуылыдз, йæ уæхсчытæ сцъæхтæ сты йе ‘ккой хæстон æрмæджытæ хæсгæйæ.

Гуырдзиæгтæ Мугуты хъæу бацахсынмæ куы хъавыдысты, уæд Ибрагим дæр уыд хæстон архайдтыты активон хайадисæг. Ныхмæлæуды рæстæджы сæ æрмæст фæстæмæ нæ аппæрстой, фæлæ ма амынæты ракодтой цалдæр гуырдзиаджы. Уыдонæй сæ иу Ибрагиммæ сдзырдта йæ номæй æмæ йын балæгъстæ кодта, цæмæй сæ ауагътаиккой. Дзанайы фырт æм лæмбынæг куы бакаст, уæд базыдта лæппуйы, кæцы йемæ ахуыр кодта шофыры курсыты. Гуырдзиаг Ирыстоны зæхмæ уазæгуаты нæ, фæлæ хæцынмæ кæй æрбацыд, уымæ нæ кæсгæйæ, Ибрагим бахатыд йе ‘мтохгæнджытæм, цæмæй сæ ауагътаиккой. Фæлæ хъысмæт арæх вæййы тынг æгъатыр. Ибрагим æмæ иннæ ирон лæппутæ уыцы гуырдзиаг лæппуйы уавæры куы бахаудтой, гуырдзиаг лæгсырдтæ сæ амынæты куы акодтой, уæд сын гуырдзиæгтæй иу адæймаг дæр нæ фæтæригъæд кодта,  фыдмардæй сæ куы мардтой, уæд. Æнахуыр сырдон фыдмитæ сын кæй кодтой, уыцы хабар зыдтой куыд лæгмартæ, афтæ хъæуы цæрджытæ дæр, фæлæ сæ иумæ дæр адæймагдзинад нæ разынд, тугдзых сырдтæй æвзæрдæр фестадысты æмæ… Æниу, уыдоны тæригъæдмæ кæсгæйæ, тугдзых сырдæн дæр йæ зæрдæ аскъуыдаид…

 

1991 азы 18-æм март – къуырисæр бон

«Уыцы æнамонд боны райсомæй Ибрагиммæ æрбацыд сæ хъæуккаг Дудайты Зури æмæ йын загъта, зæгъгæ  дæм лæппутæ æнхъæлмæ кæсынц хъæусоветы бæстыхайы. Ибрагим фæнд кодта горæтæй хæцæнгарз æрбаласын. Мады зæрдæ зонаг у æмæ йын лæгъстæ кæнын райдыдтон, цæмæй ма ацыдаид, фæлæ мæм нæ байхъуыста, æвæццæгæн, мæлæты фæндагыл мыд конд вæййы… Æгæрыстæмæй, аходæн дæр нал бахордта, афтæ тынг атагъд кодта йæ адзалмæ. Абоны онг дæр хъуыды кæнын, мæ хъæбул хæдзарæй куыд рахызт, цахæм уæлæдарæс ыл уыд, хъуыды йын кæнын йæ фæстаг ныхæстæ. Уый мæм бахудт æмæ мын загъта, зæгъгæ  мын мацæмæй тæрс. Мæныл, зæгъ, дæс гуырдзиаджы дæр нæ фæтых уыдзысты. Тынг тыхджын уыд мæ хъæбул. Уыцы аз 18-æм майы йыл сæххæст уыдаид 26 азы. Ныр æй 31 азы нал федтон. Алкæмæн дæр йæ хъæбул хорз у, фæлæ Ибрагим уыд тынг рæсугъд лæппу. Мæхицæн дзы æнхъæл дæр нæ уыдтæн æмæ-иу ахъуыды кодтон, зæгъын, ацы рæсугъд лæппу мæ хъæбул у. Кæсынæй йæм не ‘фсæстæн», – цæссыгкалгæйæ радзырдта Венерæ.

Уарзæгой мад каст, цæрæнбонтæм йæ хæдзарæй чи ацыд, уыцы хъæбулы фæстæ, цалынмæ йæм зынд, уæдмæ. Рацыдаид иу цъус рæстæг æмæ райхъуыстысты  æхстытæ, фæлæ уыцы рæстæджы æхстытæ диссаг никæмæ уал кастысты æмæ хъуыды дæр нæ акодтой ахæм æбуалгъы фыдракæнд æрцæудзæн, ууыл. Изæры Венерæ телевизормæ каст йæ сыхæгтæм æмæ гуырдзиаг каналæй фехъусын кодтой, зæгъгæ, ирæттæ амардтой цыппар гуырдзиаджы, фæлæ фæстæдæр куыд рабæрæг ис, афтæмæй гуырдзиæгтæн сæхимидæг рауад быцæутæ. Мады зæрдæ тыхджын батыхсти, йæ хъæбулмæ йæ зæрдæ ахсайдта. Дыккаг бон бинонтæ базыдтой, æфсæддон машинæ бæлццæттимæ Ереды хъæуы онг куы ныххæццæ, уæд сын гуырдзиæгтæ сæ фæндаг кæй æрæхгæдтой æмæ 12 нæлгоймаджы кæй æрцахстой, уый. Уыдон 18-æм мартæй фæстæмæ нымад цыдысты æбæрæгæй сæфтытыл.

Дыууæ азы æмæ авд мæйы сæ бинонтæ цы бавзæрстой, уый диссагæн дзуринаг у. Агуырдтой сæ æппынæдзух æмæ сын чи цы дзырдта, чи та – цы. Фæлæ сын фæстæдæр гуырдзиæгтæй æхцайыл чидæр сразы, кæм ныгæд сты, уыцы бынат фенын кæныныл. 1993 азы 26-æм сентябры æбæргæй сæфт нæлгоймæгты хиуæтты æрæмбырд кодтой Ереды хъæуы сырх карьеры цурмæ æмæ уагъд æрцыд фæмардуæвджыты мард буæртты эксгумаци. Бинонтæ ма сæ базыдтой, сæ пысултæй ма сæ уæлæ цы гæппæлтæ баззад, уыдонмæ гæсгæ. Ибрагимы та йæ урс кроссовкæтæм гæсгæ базыдта йе ‘фсымæр Игорь. «Медицинон эксперттæ нын радзырдтой, сæ амæлæты размæ сын цахæм фыдæвзарæнтæ фæкодтой гуырдзиаг лæгсырдтæ, уыдоны тыххæй. Алы хатт дæр хъуыды кодтон, зæгъын, мадæн иууыл тæссагдæр у хъæбулы фесафын, фæлæ йæ мæлæты размæ цахæм фыдæвзарæнтыл рацыд, уый базонгæйæ  мын ноджы уæззаудæр уыд. Куыд бафæрæзтон ахæм трагедийæн, ууыл дис кæнын абон дæр. Æвæццæгæн, мæ иннæ хъæбулты фæрцы баззадтæн удæгасæй, кæстæрыл мын уæд 4 азы йедтæмæ нæма цыд. Æхсæвы-иу иууылдæр куы схуыссыдысты, уæд-иу æз та кæуынмæ фæдæн», – загъта Бестауты Венерæ.

Фæстæдæр бинонтæн куыд радзырдтой, уымæ гæсгæ, æфсæддон машинæ куы баурæдтой, уæд Ибрагим æргæпп кодта æмæ хъуамæ алыгъдаид, фæлæ йын йæ къах фехстой. Мæсты лæппу йæ къахы цæф ницæмæ æрдаргæйæ, загъта гуырдзиæгтæн, зæгъгæ, кæд нæлгоймæгтæ стут, уæд рацæут æмæ æнæ хæцæнгарзæй нæ тыхтæ бавзарæм. Цалынмæ йæ не  сбастой, уæдмæ цалдæр хатты фæцæф кодта, чи йæ фехста, уыцы гуырдзиаджы æмæ уый зæххыл сæмбæлд. Гуырдзиаг лæгсырдтæ, дам, сæхæдæг дæр дисгæнгæйæ дзырдтой Ибрагимы тыххæй – бафæрæзта, зæгъ,  электрон токæй æппæт фыдæвзарæнтæн дæр иу хъæрзт дæр не скодта, афтæмæй. Рацыд 31 азы, фæлæ Венерæйæн абоны онг дæр йæ бон нæу, хатæны  цы чысыл стъол ис, уырдыгæй йæ уарзон хъæбулы ныв æмæ йын йæ амæлæты фæстæ цы хорзæх «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы»  майдан радтой, уыдон айсын. Уæд та ма, дам, мæ хъæбул афтæ ахъуыды кодта, зæгъгæ  йæ рох кæнын райдыдтон.

Дменисы хъæуы Культурæйы хæдзары директор Икъаты Анусийæн йæ зæрдыл хорз лæууынц уыцы боны цаутæ. «Æз дæр схызтæн æфсæддон машинæмæ, хъуамæ Цхинвалæй ацыдаин Дзæуджыхъæумæ, фæлæ мæ фæстæмæ рахизын кодтой мæ тиуы лæппутæ, зæгъгæ, æдас нæу Ередыл ацæуын. Фæдзæхстой иннæты дæр, фæлæ уыдон уæддæр ацыдысты. Ибрагим цыма йе ‘намонд зыдта, уыйау æртæ хатты æрхызт машинæйæ æмæ та-иу фæстæмæ схызт. Дон дæр анызта, культурæйы хæдзары цур цы кран ис, уым. Æвæццæгæн æй зæрдæйæ хатыд, цы стыр бæллæх æм æнхъæлмæ кæсы, уый. Фæлæ, æвæццæгæн, адæймагæн йæ ныхыл цы фыст уа, уымæй йын ирвæзæн нæй. Арæх мæ цæстыты раз слæууы йæ рæсугъд сурæт», – загъта уый.

2008 азы августы тугуарæн хæсты рæстæджы цалдæр снаряды спырх сты Дзанайты хæдзармæ æввахс æмæ бахъыгдард сæ цæрæнуат, цыран Венерæимæ цæры йæ фырт. Рыстзæрдæ сылгоймаг тыхсы йæ хæдзары уавæрыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый цалдæр хатты бахатыд æмбæлон органтæм, æрбацыд сæм къамис æмæ сын баныфсæвæрдтой баххуыс кæнынæй. Ивгъуыд аз бинонтæ райстой дзуапп, зæгъгæ сын æнæмæнгæй сараздзысты сæ хæдзар, фæлæ сæм нырма ничи æрбацыд. Фæлæ Венерæйы ныфс ис, сæ фарст сын кæй аскъуыддзаг кæндзысты, уымæй.

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.