Бирæ сты Ирыстонæн йæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ. Алæмæты аргъæуттæй райсгæ æмбисонды рæсугъд æмæ хъæздыг æрдз, цæстысыгау сыгъдæг суадæттæ, сæ дон – æвдадзы хос, кæрон æмæ райдиан кæмæн нæй. Иу дзы иннæмæй уазалдæр, иу дзы иннæмæй сыгъдæгдæр æмæ сæ адæймаг æвдадзы хосау фæнуазы, басæтты сæ йæ дойны.

Минералон дæттыл дзырд куы цæуа, уæд нын зындгонд у Бæгъиаты дон. Ацы минералон доны хиæдтæ ахуыр æрцыдысты æмæ дзы æххæстбæрцæй ныр пайда цæуы. Ахæм минералон дæттæ ма ис Челиаты, Брытъаты, Едысы, Къуайсайы æмæ æндæр хæххон хъæуты дæр.

Хъахъхъæд цæуынц нæ суадæттæ… Чъизи сæ кæнынц. Сæ алыварс азмæлæнтæ нал вæййы алыгъуызон брæттæ æмæ пластикон мигæнæнтæй. Алы суадоны фарсмæ милицонер сæвæрæн нæй. Нæхимæ хъуамæ уа ахæм æрхъуыдыдзинад, æмбарынад æмæ хъуамæ аудæм нæ экологийыл, нæхæдæг цæрæм ам æмæ сæ пайда дæр нæхæдæг кæнæм.

Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, суадæттæ фæлдисыны æгъау ирон адæммæ ис рагзамантæй, доны гуырæнтæ нывонд кодтой нæлгоймæгтæн, стæмдæр хатт та дзырддзæугæ сылгоймæгтæн

Фæлдыст суадæттæ

Хуссар Ирыстоны фæндаггæрæтты тынг арæх фенæн ис фæлдыст суадæттæ æмæ цыртытæн. Æрмæст 40 километры дæргъæн трассæ Гуфта-Къуайсайыл дзы банымайæн ис дæсы бæрц. Ацы æгъдау æрцæуæггæгты бафтауы дисы, фæцымыдис сæ кæны, кæмæн æмæ цæй тыххæй фæфæлдисынц суадæттæ Ирыстоны.

Цхинвал-Къуайсайы фæндаггæрон йæ бинонты хъæппæрисæй цырт самадтой Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, нæ драмтеатры курдиатджын актер дзæнæттаг Багаты Георгийæн. Цырты бынмæ сыр-сыргæнгæйæ уайы суадоны дон. Актерæн ныффæлдыстой суадон йæ райгуырæн хъæу Хъемултамæ хæстæг.

Трассæйы былтыл кæрæдзи ивынц цыртытæ æмæ суадæттимæ цыртытæ, сæ фылдæрыл уæлфыстытæ æрмæстдæр хъусын кæнынц ном, мыггаг, фыды ном æмæ йæ царды æмгъуыд. Се ʻхсæн сты зындгонд гоймæгтæ æмæ фæндагон-транспортон цауты бабынуæвджытæ – Тедеты Ваня, Бязырты Эдик, Бæззаты Мурæт æмæ æндæртæ.

Елхъанты хъæумæ хæстæг суадоны сæрмæ æфсæн цыртыл зыны æнæкæрон нæмтты стыр номхыгъд, ам суадон ныффæлдыстой æрмæст иу мыггаджы – Багаты  минæвæрттæн, кæцытæ нал æрыздæхтысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдырæй.

“Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон адæмы сгуыхтдзинадмæ ис нæ мыггаджы хайбавæрд дæр. Уæлдай уый мæ зæрдыл æрлæууы Къуайсамæ фæндагыл. Елхъанты хъæумæ хæстæг ныффæлдыстой суадон нæ мыггагæй хæсты амæттаг чи бацис, уыцы фæсивæдæн, сæ нымæц ахызт 20-æй”, – радзыдта Багаты Марат.

Замтареты хъæумæ фæзилæны уæл-былæй фæлгæсы  XX-æм æнусы Ирыстоны хуыздæр поэттæй иу Хаджеты Таймуразы цырт. Ам райгуырдысты æмæ сæ сабибонтæ арвыстой Ирыстоны дыууæ зындгонд гоймаджы – æфсымæртæ Джусойты Нафи æмæ Таймураз, фæстаджы Ирыстоны зонынц “Хаджеты”-йæ. Поэт йæ фидæн куы сбаста литературæимæ, уæд райста псевдоним Хаджеты.

Историон зонæдты кандидат, этнограф Хъуылымбегты Роберты ныхæстæм гæсгæ, ирон адæмы фыдæлтæм фæлдисын уыд тынг кадджын хъуыддаг.

“Аæймаг-иу куы амард, уæд йæ номыл арæзтой цырт, номдзыд адæймагыл-иу скодтой  зарæг, цæмæй йæ ном баззайа. Ирон адæмы æмбарынады ма баззад фæлдыст суадон. Суадон у сыгъдæг æмæ марды номарæн хъуамæ уа сыгъдæг. Суадæттæ фæлдыстой нæлгоймагæн, стæм хатт разагъта сылгоймæгтæн”, – загъта ах-уыргонд.

Уый ма бафиппайдта, фæлдыст суадæтты цур раздæр кæй не ʻвæрдтой цыртытæ.

“Раздæр цыртытæ не ʻвæрдтой фæлдыст суадæттыл, æгæрыстæмæй уæлмæрдты дæр нæ уыдысты. Цыртытæ та æвæрдтой хъæумæ бахизæны, цæмæй сæ цæуæг уына æмæ сæ йæ зæрдыл дара. Бæрзонд Дыгуры алы хатт дæр уыд афтæ”, – йæ ныхасмæ бафтыдта уый.

Хъуылымбегты Роберт ма банысан кодта, ингæныл цырт æвæрыны æгъдау нæм кæй æрфидар чырыстон дины апарахаты рæстæджы.

Фæлдыст суадæттæ æрмæст ацы трассæйы былгæрæтты не сты, Ирыстоны алы кæмтты дæр æмбæлынц. Уыдонæй се ʻппæтыл дæр цыртытæ нæй, фæлæ сæ цæрджытæ зонынц, кæй номыл сты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.