Къуайсамæ фæндаджы иу хайы арæзтад йæ кæронмæ фæхæццæ кæны. «Дорэкспострой»-ы генералон директоры хæдивæг Коцты Сосланы ныхæстæм гæсгæ ног арæзт фæндаджы дæргъ у 10159 метры.

«Ныр дæр ма йыл цæуы цалцæггæнæн куыстытæ, – фидар кæнæм фæндаджы фæсвæдтæ, фæндаджы кæрæтты æвæрæм донлæдæрсæнтæ, фæндаджы былтыл – автомашинæ уромæн бетонтæ. Архайæм, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ фæндаг æркæнæм æмбæлон уавæрмæ» – зæгъы Коцты Сослан.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекцийы кусджытæ ацыдысты Гуфта-Къуайсайы фæндаг бæрæггæнæг, зымæгмæ куыд цæттæ у æмæ дзы цавæр цухдзинæдтæ ис, уыдон базонынмæ. Ахæм басгæрст саразынц алкæцы фæндагæн дæр æрвылаз зымæджы агъоммæ. Фæндагон змæлды æдасдзинады инспектор Бесаты Александр куыд загъта, афтæмæй фæндаг цæттæ нæу эксплуатацимæ.

«Гуфтайы хъæуæй уæллаг Хъемултайы хъæумæ фæндаг ис хорз уавæры. Ӕрмæст цалдæр бынаты фæндаг ныххаудта æмæ йæ хъæуы бацалцæг кæнын.

Уæллаг Хъемултайæ Кæсагджыны хъæумæ та фæндаг ис æдзæллаг уавæры. Асфальты гæппæлтæ ма дзы ис ранæй-рæтты, иннæ у уæрмытæ. Шофыртæн дзы нæй фæндагамонæн урс хæххытæ, нæдæр фæндаджы бæрæггæнæнтæ. Тынг бирæ рæтты дзы фæсвæд ис ахауæн бынæттæ. Ӕхсæвыгæтты, уæлдайдæр та мигъ бон, автомашинæтæн тæссаг у былæй ахауынæй.

Кæсагджынæй Къуайсайы посёлочы онг фæндаг у ног асфальт, йæ лæгъзмæ йын фау æрхæссæн нæй. Фæлæ дзы нырма нæй фæндагамонæн хæххытæ, фæндаджы бæ-рæггæнæнтæ, машинæуромæн бетонтæ.

Нæ фиппаинæгтæ мах ныффысдзыстæм æмæ сæ арвитдзыстæм æмбæлон органтæм», – банысан кодта Бесаты Александр.

Коцты Сослан куыд банысан кодта, афтæмæй арæзтады хъуагдзинæдтæ иуварс æрцæудзысты ноябры мæйы кæронмæ, кæд æмæ сын рæстæг азы кæронмæ ис, уæддæр.

«Баззадис ма нын иу километры дæргъæн фæндагыл донлæдæрсæнтæ æвæринаг, дыууæ раны та нын цæугæ доны былыл хъæуы бетонæй къул саразын. Ӕвæрд æрцæудзысты фæндаджы бæрæггæнæнтæ, сараздзыстæм фæндагамонæн урс хæххытæ. Фæндаджы былты нарджыты æвæрæм бетонæй арæзт геосоттæ. Ныридæгæн рæсугъд кæнын райдыдтам фæндаггæрæттæ. Асфальт кæронмæ фестæм æмæ ныр архайæм, цы уæлæнгай куыстытæ ма дзы баззадис, уыдон тагъддæр бакæныныл», – загъта Коцты Сослан.

Сослан ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй Къуайсамæ фæндаджы арæзтады кусджыты фылдæр хай сты бынæттон цæрджытæ.

«Прорабтæ, мастертæ æмæ нын техникæйыл чи кусы, уыдон сты «Дорэкспострой»-ы кусджытæ. Иннæ кусджытæ нæ хицауады фæндонмæ гæсгæ сты бынæттон цæрджытæ. Сæ куыстæй сын тынг райгонд дæн, амонын сын ницы хъæуы. Бирæтæм дзы ис цалдæр дæсныйады, алы куыстмæ дæр рæхсынц. Зыны сыл, кæй сæм ис фæлтæрддзинад», – зæгъы ма Коцты Сослан.

Къуайсамæ фæндагæй ма ныр аразинаг ис 15 километры бæрц. Фæлæ арæзт кæд æрцæудзæнис, уый нырма бæрæг нæу. Ныфс мæ ис, æмæ æввахс рæстæджы Къуайсамæ фæндаг иууылдæр кæй уыдзæнис хæрзарæзт. Бынæттон цæрджытæн дæр фенцондæр уыдзæнис, зындзинæдтæ нал æвзардзысты транспортыл цæугæйæ. Кæд æмæ раздæр нæргæ комбæстæ уыдис, уæддæр ма дзы цы адæм баззадис цæргæйæ, уыдонæн хъæуы æмбæлон уавæртæ саразын.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.