Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды паддзахадон службæ «Югос-сельхознадзор»-ы къухдариуæггæнæг Мæргъиты Аланæн æмæ службæйы æппæт кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Алан Таймуразы фырт.

Дæуæн æмæ дæ номæй та Службæйы æппæт кусджытæн арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны – Республикæ Хуссар Ирыстоны ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды паддзахадон службæйы сырæзты юбилейы цытæн.

Абоны бон ацы хъæууон хæдзарады ахсджиаг фадыджы раз лæууы агросæудæджерон комплексы рæзт фæтагъддæр кæнын, цæрджыты ветеринарон-санитарон æгъдауæй æдас сифтонг кæнын æдас хъæууон хæдзарадон продукци æмæ хæлцадæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны экспортон продукци реализаци кæныны бæрнджын фарстатæ.

Нæ паддзахады территори тæссаг зианхæсджыты парахат кæнынæй, хъæууонхæдзæрадон зайæгойты низтæй æмæ хæмпæлтæй бахъахъхъæнын, фосдарды продукцийы гъæдыл контроль кæнын сты ахсджиаг хæстæ. Уыдон куыд æххæст цæудзысты, ууыл баст у Хуссар Ирыстоны адæмы фæрныгад.

Зынаргъ хæлæрттæ! Мæ цæст уын уарзы æнтыстытæ ацы зын, фæлæ ахсджиаг нысаниуæгджын куысты, фидар æнæниздзинад, бирæ азты цæрæнбон æмæ бинонты фæрныгад!»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.