Дзауы поселочы Фаллаг фарсы цæрджытæ бирæ азты дæргъы цæмæ æнхъæлмæ кастысты æмæ цæмæ бæллыдысты, уый ныр сæ къухы бафтыд. Дыууæ къуырийы размæ æрæвнæлдтой Фаллаг фарсы централон уынгтæ аразынмæ. Хъуамæ капиталонæй асфальтгонд æрцæуой æмæ сæ схæрзарæзт кæной.

Ацы хæрзиуæгон хъуыддаджы тыххæй нын бæстондæрæй радзырдта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фарст ахсджиаг уыдис. Районы цæрджытæ тынг кæй тыхстысты, уый æмбæрстой æмæ йыл рагæй архайдтой, цæмæй æвæрццагæй скъуыддзаг æрцыдаид. Æруынаффæ йыл кодтой æмæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй фæраздæр кæной фæндаг схæрзарæзт кæныны хъуыддаг æмæ фидæнмæ та саразой сæйраг хид.

«Фаллаг фарсы фæндаджы арæзтад хаст æрцыдис 2020-2022 азтæн Инвестпрограммæмæ æмæ ныр ацы аз хъуамæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа. Фæндаджы арæзтадæн рахицæнгонд æрцыдис 80 милуан сомы бæрц. Ацы фæндаг арæзт хъуамæ æрцæуа уырыссæгты уæллаг æфсæддон базæйæ суангдæр Куымæридтаты хъæумæ. Йæ арæзтадмæ йын бахастой рухсытæ бакæнын æмæ тротуартæ саразын дæр. Иудзырдæй, афтæ хъуамæ схæрзарæзт кæной Фаллаг фарсы фæндаг æмæ дзуапп дæтта, нырыккон стандарттæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хъуыддагыл тынг фæцин кодтой цæрджытæ, уымæн æмæ фæндаг æцæгæйдæр уыдис æдзæллаг уавæры. Бынæттон арæзтадон фирмæ сæ куыстмæ æрæвнæлдтой дыууæ къуырийы размæ. Æнæмæнгæй хъуамæ раи-вой зæххыбын коммуникацитæ. Ныридæгæн уал архайынц ууыл, цæмæй уал саразой нуазыны доны хæтæл. Æвæрынц æй, йæ 50 проценты уал арæзт æрцыдис. Уыцы куыстæй куы фервæзой, уæд та доны хæтæл иу кæндзысты хæдзæрттæм. Дарддæр уый фæстæ æнæмæнгæй хъуамæ раивой канализацион хахх. Ацы куыстытимæ ма уыцы-иу рæстæджы кæ-нынц фæндагы асфальты онг æркæнынмæ. Æнæуи дзы куыст бирæ ис, фæндаджы дæргъ у æртæ километры æмæ дыууæсæдæ метры бæрц. Кусджытæ æппæтæй дæр ифтонг сты, ницы ныхдуртæ лæууы сæ разы æмæ йæ октябры мæймæ хъуамæ саразой», – загъта Джиоты Андрей.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй йæхæдæг дæр цæры Фаллаг фарс æмæ тынг хорз зоны ацы фæндаджы уавæр, цæрджытæн, фистæгæй цæуджытæн æмæ машинæтæн дæр цавæр проблемæтæ æвзæрын кодта, уый. «Уалдзæг æмæ-иу сæрд рыгæй уыдыстæм уынгæджы. Сывæллæттæ-иу скъоламæ бацыдысты рыгæйдзæгтæй. Машинæ-иу куы рацыдис, уæд-иу йæ фæстæ уыцы бур рыг сыстадис æмæ-иу дзы æрдæг сахаты бæрц ахизæнтæ нал уыд. Уыцы рыг ныхъуырдтой рæзгæ сывæллæттæ. Рыг бирæтыл мæгуырауæрдæм æндавы, уæлдайдæр аллерги кæ-нæ улæфæнтæй чи тыхсы, æппæт уыдонæн хаста стыр зиан. Уымæ гæсгæ-иу æппынæдзух адæм хъаст кодтой, цæмæй ацы проблемæ аиуварсгонд æрцыдаид. Æгæрыстæмæй-иу  цы байтыдтой, уыдон дæр-иу рыг бахордта æмæ-иу хæрынæн нал дыргъ бæззыдис, нал – халсæрттæ. Сывæллæттæ-иу цæмæй райсом се скъолатæм хуыздæр уагæй æнæ рыгæй бацыдаиккой, уый тыххæй-иу бахæс кодтам, цæмæй нæ районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ райсомæй ацы фæндагыл  ныппырх  кодтаиккой дон.

Ахæм уавæры уыдыстæм бирæ азты дæргъы. Советон цæдисæй фæстæмæ фæндаг никуыуал æрцыдис, куыд æмбæлы, ахæм арæзт æмæ абоны онг афтæ баззадис. Ныр йæ рæстæг æрцыд æмæ рæхджы капиталон æгъдауæй арæзт æрцæудзæнис. Зымæг та-иу дзы ахæм дзыхъхъытæ сырæзт æмæ-иу дзы машинæтæ фæлдæхтысты. Ныр адæм сулæфдзысты. Мæхицæн дæр тынг æхсызгон уыдис ацы фæндаджы арæзтад», – банысан кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг.

Фæндаджы арæзтады тыххæй цæрджыты номæй Карсанты Людмилæ арфæ æмæ стыр бузныджы ныхæстæ зæгъы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн, афтæ ма йæ арæзтады хъуыддаджы чидæриддæр хайджын у, æппæт уыдонæн. «Махæн, Фаллаг фарсы цæрджытæн ацы хъуыддаг уыдис тынг æхсызгон. Уымæн æмæ уыдис тынг æдзæллаг уавæры, машинæтæ-иу фехæлдысты уыцы стыр æмæ арф дзыхъхъыты сæрты-иу куы рахызтысты, уæд. Иннæ ахæм та рыгæй тыхсæм. Уыцы бур рыг æгæрыстæмæй хæдзæрттæм дæр цæуы, фистæгæй цæуджытыл нал дзурын. Искуыдæм цæуай, уынгмæ хизай – адæймаг рыгы бын фæвæййы. Нæ сывæллæттæ скъоламæ сыгъдæгæй никуы бахæццæ вæййынц. Чъизийæн ницы у, ныхсдзынæ йæ, фæлæ рæзгæ сывæллæттæ уыцы рыг кæнынц ныхъуыргæ æмæ уый та се нæниздзинадæн у æвзæр. Нæ цæхæрадæттæ дæр сæрдыгон цъæх нал вæййынц, рыгы бын фæвæййынц, цы байтауæм, уыдон нал æрзайынц. Мæнæ цыма хурмæ басудзынц, ахæм хуыз райсынц. Арæх-иу хъаст кодтам нæ районы хицауадмæ. Ныртæккæ кусджытæ сты сæ куысты уæлхъус, бæргæ йæ зонæм æмæ ма цалдæр мæйы зындзинæдтæ æвзардзыстæм, фæлæ кæд бирæ азты фæрæзтам, уæд ныр дæр бафæраздзыстæм. Куыд нын загътой, уымæ гæсгæ фæндаг сараздзысты капиталонæй, схæрзарæзт æй кæндзысты æмæ йыл фæрнæй цæудзыстæм. Стыр бузныг нæ хицауадæн нæ фæндагы арæзтад нын Инвестпрограммæмæ кæй бахастой, уый тыххæй. Уый у махæн удыбæстæ æмæ амонд», – зæгъы Карсанты чызг.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.