Æндæр æмæ æндæр фарстытыл дзырд цыдис 24 октябры Хицауадæн цы æмбырд уыдис, уым. Сæрдариуæг ын кодта Пухаты Эрик æмæ дзы хайад райстой министрадтæ æмæ ведомствоты, афтæ ма районты администрациты сæргълæуджытæ.

Рабадты боны фæткы фыццаг фарст уыдис «Архайды хицæн хуызты лицензи кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 17-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектыл æруынаффæ кæнын.

Лицензи кæныны фæдыл управленийы хистæр Александр Ефименко йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй дзырд цæуы, архайды хицæн хуызтæн лицензи райсыны æмæ сын сæ финансты бæрцтæ фæивыныл. Фарсты фæдыл райст æрцыд æмбæлон уынаффæ.

Республикæйы бастдзинады тематикон лæггæдтæ бакæныны фæткойтæ сфидар кæныны фæдыл рабадты хайадисджытæ байхъуыстой РХИ-йы Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты минæвары раныхасмæ. Уый куыд радзырдта, афтæмæй «Бастдзинады тыххæй» закъонмæ гæсгæ бакуыст æрцыдысты бастдзинады тематикон лæггæдты фæткойтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ тематикон лæггæдтæ, ома, зонæнтæ адæттыны фæдыл бастдзинады лæггæдтæ рæзынц тынг тагъд. Уымæй пайда цæуы техникон, зонадон æмæ социалон къабæзты. Уыдонæй пайда кæнынц ахæм къабæзты, куыд инфосистемæты, нымæцон сервисты, дæрддзæгмæ разамынд кæныны.

Раныхасгæнæджы ныхæстæм гæсгæ проект здæхт у интернеты къабазы барадон ахастытæ закъондæттынадон æмвæзадыл æрбæстон кæнын æмæ уый фадат ратдзæн уымæй хуыздæр æмæ æдасдæрæй пайда кæнынæн.

Рабадты ма райст æрцыд уынаффæ 2019 азы улæфтбонтæ ахæссыны тыххæй.

Хицауады аппараты сæргълæууæг Гаглойты Олег куыд загъта, афтæмæй ногазон улæфтытæ райдайдзысты 2018 азы 30-æм декабрæй æмæ ахæсдзысты 2019 азы 7-æм январмæ.

«Сабаты, 5 январы улæфтбон рахаст æрцæудзæн 2-æм майы, цыппæрæммæ. 6-æм январы та рахæсдзысты 3-æм майы майрæмбонмæ æмæ 23 февраль та майрæмбонмæ 10-æм майы хуыцаубон», – банысан кодта Гаглойты Олег.

Цхинвалы районы администрацийы структурæ æмæ штатон нымæц сфидар кæныны тыххæй та лæмбынæгдæрæй дзырдта Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бибылты Валери. Хицауады Сæрдар ма цымыдис кодта, зæххытæ арендæйы чи райстой, уыдон сæ бакуыстой æви нæ, уымæ. Бибылты Валери куыд загъта, афтæмæй Къостайыхъæуы зæххытæ арендæйы чи райстой, уыдон бацархайдтой сæ бакусыныл.

«2018 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны 2017 азы 30 декабры Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проекты фæдыл доклад сарæзта РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ.

Ацы закъоны проекты æнæмæнгхъæуындзинад фæзынд, паддзахадон бюджеты гуырахст кæй фылдæр кæны, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы азæн паддзахадон бюджеты æфтиæгты хай хъуамæ суа 69 милуан 343 мин сомы. Уый та у хъалонты фæдыл комитет æмæ таможнæйон комитеттæ се ‘фтиæгтæ кæй фæфылдæр кодтой, уый фæстиуæгæн.

Хæбæлаты Азæ ма æрдзырдта паддзахадон хæрдзты хайы фæдыл.

Æмбырды ма дзырд цыдис, уæззау рынчын чи сты, уыдон цæрæн хæдзæрттæй сифтонг кæныныл, фæлæ фарст кæронмæ скъуыддзаг кæй не ‘рцыд, уымæ гæсгæ йæ ахастой Хицауады радон рабадты йæм ноджыдæр æркæсынмæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.