2020 азы кæронмæ бахæццæ Гуфта-Къуайсайы автомобилон фæндагы арæзтад.

Ацы ахсджиаг объекты арæзтадыл куыст цыд 2017 азæй. Фыццаг этапы фæндаг аразын райдыдтой Гуфтайæ Хъемултамæ. Дыккаг этап та райдыдта Къуайсайæ. 2020 азы февралы мæйæ райдыдта фæндаджы арæзтады æртыккæгæм, кæронбæттæн этап. Ныр æмткæй арæзт фесты æппæт инженерон коммуникацитæ кæрæй-кæронмæ. Баззад ма æрмæстдæр, 2020 азы цы хай сарæзтой, уым фæндаджыбылыл фæндагон нысæнттæ сæвæрыны куыстытæ, кæцыты аразынмæ бавналдзысты æввахс рæстæджы.

Куыд зонæм, афтæмæй фæндаг арæзт æрцыд нæ республикæйы социалон-экономикон райрæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Йæ арæзтадæн хицæн æрцыд 546 милуан сомы. Фæндаджы арæзтад йæхимæ райста Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитет. Комитеты дæлбаруæвæг «Дорэкспострой» фæндаджы арæзтады процессмæ равдыста иттæг серьезон  ахаст. Æппæт куыстытæ дæр æххæст æрцыдысты афоныл æмæ гъæдджынæй. Гуфтайæ Уæллаг Хъемултайы онг сарæзтой фондз хид. Уыцы хидтæ арæзт æрцыдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы хидарæзтады проектон институты проектмæ гæсгæ. Цæмæй хидтæн сæ эксплуатацийы рæстæг дæргъвæтин уа, уый тыххæй пайда кодтой бæрзондгъæдджын æрмæджытæй. Æртыккаг этапы хидты арæзтадмæ ноджыдæр бафтыд иу. Сæрæй 2017 азы фæндагæн цы проект арæзт æрцыд, уым Джоджорайы доны сæрты цы хид цыд, уый арæзтад нысан не ‘рцыд. Уымæн æмæ уым цы зæронд хид ис уый хъуамæ цалцæг æрцыдаид капиталонæй. Фæлæ арæзтады рæстæджы сбæрæг зæронд хиды цалцæджы бæсты хуыздæр кæй уыдзæнис ног саразын. Æмæ ныр Джоджорайы доны сæрты дæр сырæзт ног хид. Гуфта-Къуайсайы фæндагæн йе стырдæр хай хæхты фæрсты цæуы, уымæ гæсгæ дзы бирæ ис проблемон бынæттæ. Цъыфзæйтæ иу арæх фехæлдтой фæндаджы уæлцъар æмæ уый хъыгдардта автотранспортон змæлд. Ам раздæр цы лæсæнуромæн бетон къултæ арæзт æрцыд, уыдон фидар нæ разындысты. Проектон институты техникон хайады амындмæ гæсгæ проблемон бынæтты æвæрд æрцыд æртæ метры йæ диаметр кæмæн у, ахæм æфсæн хæтæлтæ, цæмæй цъыфы зæй сыгъдæг цæуа. Лæсæн бынæтты та конд æрцыд, æфсæн хызтæ.Фæндаджы арæзтадыл райдианæй кæронмæ куыстой бынæттон цæрджытæ. Фæндаджы арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплкутацийы комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй бынæттон адæм хуыздæр зонгæ уыдысты фæндаджы проблемон бынæттимæ, уымæ гæсгæ уыдоныл бафтыдтой се ууæнк. Арæзтадон бригадæйы кусджытæ архайдтой зæрдиагæй, уымæн æмæ зыдтой исты раст куыннæ саразой, уæд фыццаджыдæр, сæхицæн зиан æрхæсдзысты. Стæй ма куыстуатæн дæр уый æрхаста бирæ экономи. Фыццаджыдæр æрхонгæ кусджытæ æвзæрдæр фæкусынц бынæттон цæрджытæй. Стæй сæ ифтонг кæнын фæхъæуы цæрæнуатæй,  бынатмæ æмæ сæ фæстæмæ фæхъæуы ласын. Бынæттон кусджытимæ уыйбæрц проблемæтæ нæ вæййы.

Зæгъын ма хъæуы уый æмæ Фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты дæлбар организаци «Дорэкспострой»-мæ  лæвæрд  фæндæгтæ  æмæ  уынгтæ  эксплуатацимæ лæвæрæд æрцæуынц графикмæ гæсгæ, гъæдджынæй æмæ æнæ къуылымпытæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.