Фæстаг азты инвестпрограммæйы фæлгæтты бирæ стыр арæзтæдтæ æрцыдис нæ республикæйы. Уыдоны ‘хсæн ис Гуфта-Къуайсайы фæндаг дæр, кæцыйы арæзтад райдыдта 2017 азы æмæ дзы нырма дæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ, кæд 2020 азы кæрон лæвæрд æрцыд эксплуатацимæ, уæддæр.

Гуфтайæ Къуайсамæ 40 километры йедтæмæ нæу, – советон дуджы рог автомашинæ иу кæронæй иннæмæ хæццæ кодта 50 минутмæ, фæлæ фæстаг азты фæндаг æдзæллаг уавæрмæ æрхаудта. Уый та уымæн æмæ Советон Цæдисы ныппырхимæ 1990 азæй фæстæмæ ацы фæндагмæ дæр æркаст нал уыд, ныллæбырдтытæ ис зæххæнкъуысты фæстиуæгæн, йæ асфальт та скалд æмæ зынгæ дæр нал кодта. Афтæмæй та Къуыдаргом нæргæ ком уыд, цæрджытæ дæр дзы дзæвгар уыд æмæ сæ фæндаг та æнæмæнг хъуыд. Мæгуырдзинæдтæ æмæ ма хæстон архайдтыты æдде бынæттон цæрджытæ фæндæгтыл цæугæйæ дæр зындзинæдтæ æвзæрстой.

Ацы кæмтты бирæ хъæутæ кæй федзæрæг сты, уымæн йæ иу аххосаг у фæндаджы æдзæллаг уавæр. Зæгъæм, автомашинæ сæрдыгон ацы фæндагыл рæстæг хардз кодта 2 сахаты бæрц æмæ зымæгон та бынтон тухийæ мардысты. Ахæм нарæг бынæттæ дзы уыдис, æмæ дзы дыууæ автомашинæ кæрæдзийы фæрсты нал ахызтаиккой. Такситæ дæр Къуайсамæ нæ куымдтой йæ фæндагы тыххæй, кæннод та-иу ахæм аргъ нытъæпп кодтой, æмæ йæм фæлтау адæймаг къахæй араст уыдаид. Бирæ азты йæм автобус дæр регуляронæй нæ цыд æмæ адæмæн такситæй куыстой бынæттон цæрджытæ цалдæрæй, кæцытæн уыдис хисæрмагонд автомашинæтæ.

Ныр сулæфыдысты Къуыдаргомы цæрджытæ – кæдæй-уæдæй та сæм хæрзарæзт фæндаг ис. Фæлæ ацы комбæсты,хъыгагæн, адæм уыйбæрц нал ис. Зæгъæн ис, фæндаджы арæзтад дзæвгар кæй ферæджы кодта, уымæн æмæ хъæутæ раафтид сты – йæ цæрджытæ фæцыдысты хуыздæр цардагур æндæр рæттæм. Ныр ног фæндаг ныфс дæтты, – чизоны ма исчи фæстæмæ æрыздæха йæ райгуырæн уæзæгмæ цæрынмæ. Фæлæ уыцы хъуыддагыл æрмæст фæндаджы арæзтад нæ бандавдзæнис, – хъæуы ма дзы цардуагон уавæртæ дæр саразын, фæлæ уый та æндæр ахсджиаг фарста у.

Æцæгæйдæр, ногарæзт фæндагыл цæу-гæйæ зæрдæ райы, кæд дзы нырма бацал-цæг кæнинаг ис бирæ лыстæг фæндагон куыстытæ, уæддæр. Æртыккаг этапы арæзтадмæ цы 15 километры бахаудта Уæллаг Хъемултайæ Кæсаджджынмæ, уыцы бынаты нырма хъæуы бордюртæ  æмæ машинæуромæн бетонтæ сæвæрын. Уымæй уæлдай ма дзы хъæуы фæндагон нысæнттæ сæвæрын дæр æмæ асфальтыл та урс хæххытæ ауадзын, цæмæй шофыртæ æдасæйдæр скъæрой.

Фæлæ ма ног арæзтады арæх рабæрæг вæййынц лæсæнтæ. Хæххон уавæрты уымæн æндæр гæнæн нæй. Уымæн æмæ фæндагаразджытæ арæзтады рæстæджы ауæрæх кодтой фæндаг, бавнæлдтой уæлбылтæм æмæ ракалдтой, чи сæ хъыгдардта, уыцы къæйтæ æмæ сыджыт. Уый фæстиуæгæн базмæлыдысты дуртæ æмæ мæр, зымæгон уымæлдзинадæй ныллæхъир сты æмæ ныр зæйты хуызы рæстæгæй-рæстæгмæ фæндагмæ æркæлынц. Кæмдæрты та фæндаджы дæлбылтæ дæр алæбырдысты æмæ дзы арæхстгай фæхъæуы скъæрын.

Лæсæн бынæттæ дзы кæмыты уыд, уым арæзт æрцыд бæрзонд бетонæй къултæ, кæцытæ уромынц къæдзæхты æмæ мæры егъау массæтæ ракæлынæй. Ацы къултæ кæмдæрты нал уромынц уыцы уæзтæ æмæ азылынтæ сты, кæмдæрты та йæ сæрты райдыдтой кæлын. Æгæрыстæмæй ма фæндагмæ рахауынц æнæхъæн бæлæстæ дæр æд уидæгтæ. Фæстаг рæстæджыты къæвдатæ арæх кæй рауары, уый фæстиуæгæн та цалдæр раны фæндагыл æрцыд цъыфы зæйтæ.

Æппæт ацы фæстиуджытæн æнæрцæугæ нæ уыд, – афтæ вæййы алы хатт дæр ног фæндаджы арæзтады фæстæ. Уымæн æмæ алы бынаты рагацау нæ базондзынæ, ам сом ралæбырдзæнис æви нæ. Ныридæгæн фæндагарзджытæ оперативонæй иуварс кæнынц ацы хъæндзинæдтæ æмæ ма уыимæ дарддæр кæронмæ кæнынц сæ арæзтад планмæ гæсгæ. Фæндагыл нырма дæр кусынц цалдæр арæзтадон техникæйы иуæджы.

Кировы цы хид аразынц, уый дæр йæ кæронмæ фæхæццæ кæны. Ацы хидыл ныридæгæн хизын райдыдтой машинæтæ, фæлæ ма дзы ис бакæнинаг куыстытæ. Ныфс нæ ис, тагъд рæстæджы кæронмæ кæй ба-кæндзысты сæ куыст фæндагаразджытæ æмæ ацы фæндаг бирæ азты кæй лæггад кæндзæн адæмæн.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.