ТЫБЫЛТЫ ЛЕОНИД ÆМÆ РАШИД НУРГАЛИЕВ БАЦЫДЫСТЫ, УÆРÆСЕЙАГ АФИЦЕРТÆ КÆМ ФÆМАРДЫСТЫ, УЫЦЫ БЫНАТМÆ

Ацы бонты республикæмæ кусæгон балцы æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиев. Уый Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидимæ бацыд, 19 майы Цхинвал-Ленингоры фæндагыл æнамонд цауы фæстиуæгæн уæрæсейаг афицертæ кæм фæмардысты, уыцы бынатмæ. Уым, РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды бахæсмæ гæсгæ рæстæгмæ цы мы-сæн дур æвæрд æрцыд, уый раз сæвæрдтой дидинджытæ.

Тыбылты Леонид Рашид Нургалиевæн радзырдта фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн ирвæзынгæнæн мадзæлттæ куыд цыдысты, горæты сæйраг медици-нон рынчындоны фыццаградон медицинон æххуыс куыд истой æнамонд цауы фæстиуæгæн цы æфсæддонтæ фæцæфтæ сты, уыдон.

«Уæрæсейаг æфсады афицерты рухс ном сæнусон кæныны цытæн æз бахæс кодтон, цæмæй ацы бынаты æвæрд æрцæуа мемориалон цырт. Уымæн æмæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ ифтонг кæнынц Ирыстоны æдасдзинад, нæ зæххыл сабырад хъахъ-хъæнынц. Мах стыр аргъ кæнæм фæмардуæвæг лæппуты рухс нæмттæн», – загъта уый.

Йæ рады Рашид Нургалиев бузныджы ныхæстæ загъта, уыцы трагикон бон уæрæсейаг æфсады афицертæн чи баххуыс кодта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр: «Уыдон фæмардысты, сæ службæйон хæс æххæстгæнгæйæ. Махæн уыдон сты хъайтартæ».

Мадзалы хайад истой РХИ-йы Æдасдзинады советы нымæрдар Плиты Анатоли, Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард, «Дор-экспострой»-йы Генералон директор Лалыты Мурат.

 

РХИ-ЙЫ ПРЕЗИДЕНТ ÆМÆ РАШИД НУРГАЛИЕВ БАБÆРÆГ КОДТОЙ СИНАГУР-КАРЗМАНЫ ФÆНДАДЖЫ АРÆЗТАД

Цхинвал-Ленингоры фæндагæй Тыбылты Леонид æмæ Рашид Нургалиев араст сты Дзауы районы Синагур-Карзманы фæндаджы арæзтад бæрæг кæнынмæ. Бæрзонд хæххон фæндаджы арæзтад куыд цæуы, уый бынаты феныны фæстæ Тыбылты Леонид, Рашид Нургалиев æмæ балцы иннæ хайадисджытæ æрдзырдтой фæндаджы арæзтадыл.

Паддзахады сæргълæууæг æмæ уæрæсейаг уазæг стыр аргъ скодтой бакæнгæ куыстыты темптæ, гъæд æмæ гуырахстæн.

УФ-йы Æдасдзинады советы нымæрдары хæдивæг цымыдис кодта объект рæстæгыл финансгонд цæуы, æви нæ, æнæмæнгхъæуæг арæзтадон техникæйæ ифтонг сты, фæндаджы арæзтад хæххон вазыгджын уавæрты куыд цæуы, уыдæттæм æмæ æндæр фарстатæм.

Куыд рабæрæг, афтæмæй арæзтадон организацийæн кусынæн ис æппæт уавæртæ æмæ фадæттæ. Хæххон вазыгджын уавæрты куысты цы чысыл проблемæтæ ис, уыдон бæстон цæуынц рæстæгыл.

Тыбылты Леонид йæ рады ныфс бавæрдта, æппæт сæвзæргæ проблемæтæ дарддæр кæй цæудзысты бæстонгонд оперативонæй æмæ фæндаг эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцæудзæн рæстæгыл. Уымæн æмæ бынæттон цæрджытæн ацы фæндаджы арæзтад у ахсджиаг.

«Фæндаджы æдзæллаг уавæр, район æмæ дард хæххон хъæутæ республикæимæ раздæр баст нæ уыдысты. Ныртæккæ бирæ ахсджиаг республикон фæндæгты арæзтады фæстæ зæгъæн ис афтæ, æмæ республикæ æрбангом. Дарддæр архайдзыстæм ууыл, цæмæй æдзух транспорт цæуа Синагур æмæ Карзманмæ.

Ацы фæндаджы арæзтад у тынг ахсджиаг æмæ бæрнон проект», – банысан кодта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы ногарæзт фæндаг бирæбæрцæй фæрог кæндзæн уæрæсейаг арæн-хъахъхъæнджыты цард æмæ фæахъаз уыдзæн сæ службæйы уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн дæр. Дарддæр Тыбылты Леонид куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Синагур-Карзманы фæндаджы арæзтад бахæсгонд æрцыд Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты дæлведомство «Дорэкспострой»-æн. Æндæр объектты арæзтады уый йæхи равдыста иттæг хорзæй.

«Ацы арæзтад кæронмæ куы бахæццæ уа, уæд махæн бирæ арфæйы ныхæстæ ис зæгъинаг аразджыты номыл», – загъта Президент.

Рашид Нургалиев йæ рады зæрдыл æрлæууын кодта организаци «Дорэкспострой» иттæг хорз кæй сарæхст Ленингоры районы центрмæ бæрзонд хæххон уавæрты вазыгджын объект саразынмæ.

«Æз ма хъуыды кæнын, Гуыззыдтаты Эдуард кæй дызæрдыг кодта, уыцы вазыгджын бынаты фæндаг куыд айгæрддзæн. Æмæ йæ уый æрмæст нæ айгæрста, фæлæ йæ аразгæ дæр скодта.

Ацы организаци ныр дыккаг фæндаг куыд аразы, уый дæр къаддæр бæрнон фæндаг нæу æмæ, мæнмæ гæсгæ, уый дæр цæттæ кæны рæстæгыл», –  дзырдта уый.

Тыбылты Леонид æмæ Рашид Нургалиев бузныг загътой аразджытæн, сæ ахсджиаг æмæ бæрнон куысты фæдыл.

Цыбыртæй ацы фæндаджы арæзтады тыххæй: йæ арæзтадмæ æрæвнæлдæуыд ивгъуыд аз апрелы мæйы. Аразджытæ кусынц фæндаг фæтæн кæныныл, раст æй кæнынц, иууыл тæссаг бынæтты йын ивынц йе здæхт, аразынц дзы хидтæ. Фидар къæдзæх бынæтты йæ пырх кæнынц, цæмæй фæндаг ууылты алыг кæной. Аразджытæ кусынц тæссаг хæххон уавæрты.

Ацы фæндаг иу кæны дыууæ бæрзонд хæххон арæнгæрон хъæутæ – Синагур æмæ Карзман Дзау-Цхинвалы трассæмæ. Объект арæзт цæуы 2015-17 азты РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæ-нæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Ацы дыууæ хъæумæ фæндаг раздæр уыд æвадат, тæссаг æмæ рог машинæтæн цæуынæн чи нæ бæззыд, ахæм. Къæвда бон æмæ зымæгон рæстæг фæндагыл æппындæр нæ уыд цæуæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.