Æрæджы не ‘мзæххон Уалыты Таймураз бахатыд Хицауадмæ, цæмæй йын арендæйы хуызы рахицæн кæной зæхх Ереды хъæуы. Уым уый ныридæгæн æрæвæрдта цæрæн вагæттæ, ис ын дзы хъæрмуат дæр. Мах бахатыдыстæм æрыгон фермермæ, цæмæй нын лæмбынæг радзура, цы фæндтæ йæм ис хъæууонхæдзарадон кондад райтынг кæныны фæдыл, уый.

Нæ республикæйæн йæ территорийы 80 проценты, хæххон зонæ кæй у, уымæ гæсгæ зæххытæй рационалонæй хъуамæ пайда кæнæм. Кусынæн бæзгæ зæххытæ нын афтæ бирæ нæй æмæ алы гæппæлы дæр хъæуы хъахъхъæнын, аудын, пайда дзы кæнын. Ис нæм хæрзвадат æрдзон уавæртæ хъæууонхæдзарадон кондад райтынг кæнынæн. Нæ фыдæлтæ дæр рагæй фæстæмæ хæст уыдысты хъæууон хæдзарады сæйрагдæр къабæзтæ – зæхкуыст æмæ фосдарды куыстыл. Нæ хъæууон хæдзарад ахæм мæгуырау уавæрмæ цы аххосæгтæм гæсгæ æрхауд, уыдон зонæм. Фæлæ ныр та хъуыды хъæуы, куыд æй сæндидзын кæнæм æмæ нæхи æркæнгæ продукттæй нæ республикæйы цæрджыты куыд æфсадæм, ууыл. Нæ республикæйы ныртæккæ цы цæрджытæ цæрынц, уыдон хи æркæнгæ продукттæй сифтонг кæнын зын нæу. Хъыгагæн  сæ мах та, сæйраджыдæр, æрласæм республикæйæн æддейæ. Ноджы ма сын сæ аргъмæ бафтаугæйæ, уæй цæуынц нæ фæлхасгæнджытæн. Ахæм уавæр цæмæн сæвзæрд, уый зындгонд у  хъæууон цæрджытæ къаддæр кæнынц, стæй сын цæрынæн, кусынæн æмбæлон уавæртæ кæй нæй, уый аххосæй. Абон ма чи баззадысты нæ хъæуты цæргæйæ, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ никуыдæм алидзиккой цæрынмæ, паддзахады ‘рдыгæй сын æмбæлон æххуыс куы цæуид æмæ кусæн бынæттæй ифтонг куы цæуиккой, уæд.

Нæ уавæрты егъау хъæууонхæдзарадон кондадтæй хуыздæр у миникондадтæ гом кæнын, кæцытæ уадзой ахсджиагдæр æмæ хъæуæгдæр, фæлхасгæнджытæ æхсызгонæйдæр кæй агурой æмæ æлхæной, ахæм продукци.

Æз ногæй ницы æрымысынмæ хъавын. Бирæ литературæ бакастæн æмæ дарддæр дæр æппынæдзух интернет-ресурсты фæрцы зонгæ кæнын хъæууонхæдзарадон кондад размæдзыд кæм у, ахæм бæстæты минæвæртты архайдимæ. Уыдоны фæлтæрддзинад сахуыр кæнын æмæ дзы нæ уавæрты спайда кæныны хъуыды мæм ис. Зæгъæм, АИШ-æн æрмæстдæр йæ цæрджыты æртæ проценты архайынц хъæууонхæдзарадон кондады æмæ натуралон продукттæй та æфсадынц канд сæхи цæрджыты нæ, фæлæ ма сæ ласынц фæсарæнтæм дæр.

Махæй бирæтæ афтæ хъуыды кæны, ома, органикон хъацæнтæ иууылдæр æнæпайда сты, уыдонæй пайда кæнын организмæн зиан хæссы. Фæлæ бынтон афтæ нæу. Хъацæнтæ раст хаст куы æрцæуой байтыдтытæм, уæд фылдæр вæййы тыллæгæрзад æмæ къаддæр та вæййы, тыллæджы хатт цы нитраттæ вæййы, уыдоны бæрц.

Мæнмæ афтæ кæсы æмæ хъæууон хæдзарады куыстытимæ æввахс зонгæ чи сты, ахæмтæ фылдæр куы уаиккой, уæд фермерон хæдзарадтæ чи сараза, уыдоны нымæц дæр бирæ фæфылдæр уаид. Æвзæр нæ уаид райдайæг фермерты зонындзинæдтæ фылдæр кæныныл куыст куы цæуид. Уый ахъаз кæнид хъæууонхæдзарадон продукцийы æрконды проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн, хъæууонхæдзарадон продукттæ æркæнын чи сфæнд кодта, уыдонæн практикон, информацион æмæ æндæр хуызы æххуыс бакæнынæн. Ацы хъуыддаджы, сæйраджыдæр, æнцой хъæуы фæсивæдыл.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.