Ацы аз уæлдай хъусдард здæхт цæуы тауинаджы куыст фæхуыздæр кæныныл. Уæрæсейы Федерацийы премьер-министр Дмитрий Медведев алы фембæлды дæр хъæууон хæдзарады кусджытæн – Мæскуыйы областы, Мичуринскы, Краснодары æмæ æндæр регионты фæзæгъы, зæгъгæ, Уæрæсейы Федераци тауинæгтæн сæ 50% æлхæд цæуы æндæр паддзахадты. Уыдон та сты тынг зынаргъ æмæ йыл хардз цæуы бирæ æхцайы фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ нæ бæстæйы хъуамæ арæзт æрцæуа 87 селекцион тауинаг-куыстгæнæг центры, цæмæй хорз тауинаджы мыггæгтæ уагъд цæуой нæхимæ.

Тынг хорз хъуыды у. Цас фылдæр продукт уа нæхимæ, уый бæрц нæ экономикæ уыдзæн фидардæр æмæ цæргæ дæр кæндзыстæм хуыздæр.

Ууыл æз фыстон æртæ азы размæ Хуссар Ирыстоны газетты: «Южная Осетия» 2012 азы 12 июлы, 2013 азы 16 июны, «Хурзæрин» 2012 азы 10 июлы.

Хуссар Ирыстон у хъæууонхæдзарадон регион. Зæххы гъæд ам иттæг хæрзтæй нæу, фæлæ фаг хуры тæвдад æмæ иттæг хорз климаты уавæртæ тынг хорз ахъаз кæнынц зайæгойтæн сæ тыллæджы уæлдай хорз миниуджытыл. Æндæр бæстæты æмæ регионты ахæм хæрзгъæд тыллæг нæ фæисынц.

Ацы æрдзон миниуджытæ хорз зонынц æрмæст бынæттон цæрджытæ нæ, фæлæ ма æндæр бæстæты чи цæрынц, уыдон дæр.

Амы куыстуарзон адæм сæхи цух никуы ныууагътой хъæууонхæдзарадон продукттæй, фæлæ Советон хицауад куы фехæлд, уæд хъæууон хæдзарад дæр райдыдта хæлын. Бынтон æдзæллагмæ та æрцыд зындгонд 2008 азы августы фæстæ.

Адæмæн сæ фылдæр хъæутæй фæлыгъдысты, нæй аккаг техникæ, цух цæуынц аграрон æмæ экономикон методикæты амынддзинæдтæ. Хъæууон хæдзарад йæ къахыл слæууын кæ-нын у  æнæмæнг хъуыддаг æмæ йын дарддæр æргъæвæн нæй. Царды ахæм фарста нæй, кæцыйæн аразæн ма уа. Зындзинæдтæ сты сæ тæккæ тыхыл, фæлæ сыл хъавгæ-хъавгæ куы архайæм, уæд сыл фæтых уыдзыстæм. Зынгæ ахуыргонд, математик Эйнштейн афтæ дзырдта, зæгъгæ, дам, хуыздæр гæнæнтæ æмбæхст вæййынц зындзинæдты фæстæ. Кæд абон Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарад тынг æрсад, уæддæр ын хос ис æмæ йын æнæсдзæбæхгæнгæ нæй. Ныртæккæ хъæууон хæдзарадæн хъæуы ахæм ахуырадон мадзæлттæ, кæцытæ цыбыр рæстæгмæ феххуыс уой цардæн.

Мах ахуырадон-иртасæн æгъдауæй раджы бафиппайдтам уый, æмæ Хуссар Ирыстоны зайæгойты тауинæгтæн сæ сæвзæрындзинад кæй у 15 проценты æмæ сæ энергион рæзт та – 30 процентæй фылдæр, Уæрæсейы регионты цы тауинæгтæ райсынц, уыдон бæрæггæ-нæнтæм абаргæйæ. Ахæм фиппаинæгтæ райстам садзинаг талабæлæстæ æмæ къутæр  зайæгойтæн дæр, кæцытæн сæ уидæггæ уыдысты 30 процентæй фылдæр Уæрæсейы зайæгойтимæ абаргæйæ. Æрдзы ахæм стыр фæрæзтæй пайдагæнæн ис æви нæ? Кæй зæгъын æй хъæуы, ис æмæ сæ мах æнæмæнг хъуамæ спайда кæнæм. Мыггаджы тауинаг æмæ садзыны талатæ кæддæриддæр хъæуынц.

Уыдонæн сæ аргъ у 10 кæнæ та бирæ хатты фылдæр товарон продукцийы аргъмæ абаргæйæ.

Уæрæсейы хъæууон хæдзарадæн алы аз дæр нæ фæфаг кæнынц тауинаг æмæ садзгæ талаты мыггæгтæ. Се ссарынмæ фервитынц æндæр бæстæтæм – Серби, Болгари, Украинæ æмæ æндæр рæттæм.

Мыггаджы тауинаг æмæ садзыны талаты æфтиагдзинад, фыццаджыдæр, уымæй хорз у, æмæ цырын кæны материалон цымыдис, дыккаг та уый, æмæ сæ рауагъдады фæрæз у, куыд коллективæн, афтæ иунæгæй кусæгæн дæр. Ныры уавæрты ахæм схемæйыл хъæууонхæдзарадон рацарæзт, мæ хъуыдымæ гæсгæ, у æнæмæнг хъуыддаг абон æмæ сомбоны Ирыстонæн. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ ахæм куыстыты организаци хъуамæ арæзт æрцæуа сæрæй кæронмæ: товаруадзæгæй товарæлхæнæгмæ. Уый тыххæй аразын хъæуы тауинагисæн æмæ цæттæгæнæн пункттæ, уæрæх конд рекламæ, контракттæ æмæ бадзырдтæ регион æмæ паддзахадты бæрнон оргæнты хицæуттимæ. Æнæмæнг хъуыддаг у машинæ æмæ тракторон станцæ саразын. Ахæм хайадтæ тынг хорз равдыстой сæхи Советон хицауады рæстæджы æмæ та абон кусын райдыдтой Цæгат Ирыстоны.

Ныры рæстæджы МТС-æн ис стыр гæнæнтæ, техникæ цалцæггонд цæудзæн тагъддæр æмæ хуыздæр, кусгæ та дзы кæндзысты коллективæй, зæгъæм, сахар Цхинвалмæ æввахс æмæ адæмæн фæзындзæн куыст. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ цыдæриддæр раззагон паддзахадтæ ис – Английы, Норвегийы, Швецийы, Германийы, Америкæйы бæстæты, Китайы – уым хъæууон хæдзарады тынг пайда кæнынц математикон æгъдауæй арæзт модултæй. Ахæм куыстытæ махмæ дæр саразæн ис иттæг æнтыстджынæй.

Ныртæккæйы уавæртæ æмæ рæстæгмæ кæсгæйæ – Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады зайæгойты мыггаг хъомыл кæнын у иууыл ахсджиагдæр хъуыддаг республикæйы экономикæйæн. Уымæ гæсгæ æнæмæнг хъуыддаг у, цæмæй Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарад райдайа, зондæй фидаргонд чи уа, ахæм мыггагтауинаджы куыстад.

Æнæмæнг хъуыддаг ма у уый дæр, æмæ ацы куысты хайад куыд исой РАН-ы Дзæу-джыхъæуы ахуырадон центры зонадон кусджытæ. Ацы ахуырадон центры хицау у профессор Къусраты Анатоли Георгийы фырт. Уый тынг хорз зоны уарзон, фыдæлты уæзæгæн йæ уавæртæ, йæ экономикæ æмæ йæ политикон курс. Нæ фыдæлты зæххæн лæггад кæнын та у нæ хæс æмæ нæ кад.

Бирæ æмæ ма бирæ фæрæзтыл ис æрдзурæн, цæмæй нæ агросæудæджерадон комп-лекс йæ къахыл слæууа, фæлæ ацы чысыл уацы уыдон иууыл æрхæссæн нæй – стæй æнæ-мæнгхъуыддаг дæр нæу, райдайæм уал, нæ къухты цы æфты, уыцы фæрæзтæй, цæмæй нæ Хуссар Ирыстоны цард азæй азмæ хуыздæрæй хуыздæр кæна.

УАЛЫТЫ Виктор,

хъæууонхæдзарадон зонæдты кандидат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.