Нæ республикæ аграрон бæстæ кæй у, уымæ гæсгæ æппæт рæстæджыты дæр нæ хъæууон фæллойгæнджытæн сæ цард баст уыдис фосдард æмæ зæххы куыстимæ. Раздæр, уартæ ма советон дуг куы уыд, уæддæр сæ иумиаг хæдзарадты дардтой бирæ фос, уыгæрдæнтæй дæр иу гæппæл дæр æнæкарст нæ задис, сæхи тыхтæй сын зымæгмæ цæттæ кодтой холлæгтæ. Афтæмæй паддзахадмæ лæвæрдтой дзидза, цыхт, нæлхæ æмæ фосдарды æппæт продукттæ дæр. Дардыл уыдысты сæ мæнæуы, цæхæрайы, картофы хуымтæ, сæ дыргъдæттæ æмæ сæндæттæ дæр. Фæлæ зындгонд ахоссæгтæм гæсгæ нæ хъæууон хæдзарад фæстæмæ алæууыд, зæгъæн ис, ивгъуыд æнусы 90-æм азты раууатмæ кæй æрцы-дис. Куынæг æрцыдысты колхозтæ æмæ совхозтæ. Цæрджытæн дæр æмбæлон фадæттæ нал уыд фосдард æмæ зæххы куыст кæнынæн. Ныр, нæ республикæйы разамынад мадзæлттæ исы, цæмæй ногæй райтынг уа хъæууонхæдзарадон кондад. Фермерон хæдзарадтæ хъæууон хæдзарады рæзтæн ахъазгæнæг кæй систы, уымæ гæсгæ фермертæн, фадæттæ цас амонынц, уымæй æххуыс цæуы, цæмæй рæзын кæной хъæууонхæдзарадон продуктты æрконд æмæ нæ республикæйы цæрджыты ифтонг кæной хи æркæнгæ продукттæй. Фæлæ нырма зæрдæйы фæндиаг æфтиæгтæ къухты нæ æфты. Хъæууон хæдзарады абоны уавæры æмæ йæ дарддæры рæзты фæндиæгтыл ныхас кодтам РХИ-йы хъæууон хæдзарады министр Пухаты Левимæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй бæрæг æнтыстытæ бафтыд хъæууон фæллойгæнджыты къухты ацы аз. Æдæппæт республикæйы, куыд фермерон, афтæ хисæрмагонд хæдзарадты дæр нымадæуы ставдкъах фос 15463 сæры, хуытæ – 4 587, фыстæ – 6 681, мæргътæ – 31 163 æмæ бæхтæ та – 250 сæры. Ацы хъуыддаджы министр банысан кодта, зæгъгæ, бакусын хъæуы, цæмæй ставдкъах фосæн арæзт æрцæуа сæрмагонд картотекæ. Цæмæй уырдæм хаст цæуой стуры тыххæй зонæнтæ, йе ‘нæниздзинады уавæр.  Афтæ куынæ уа, уæд тæссаг у бæлвырд низтæй рынчын фосы продукци фæлхасгæнджыты размæ хæссын. Ахæм цаутæ та, йæ ныхæстæм гæсгæ, æрцæуы.

Фæстаг рæстæджы адæмы ‘хсæн фосы тыххæй цы дам-думтæ апарахат, ома, фосы тыххæй хъалон фыст цæудзæнис, уый тыххæй министр ноджыдæр фидарæй загъта, зæгъгæ, уыдон кæй сты æрмæстдæр дам-думтæ æмæ сын æцæгдзинадимæ иудзинад кæй нæ ис. Уый нæ, фæлæ нæ республикæйы разамынад архайы, цæмæй хъæууон фæллойгæнæгæн арæзт цæуа æппæт фадæттæ дæр, хъæууонхæдзарады продукттæ фылдæр кæнынæн. Æввахс рæстæджы кæнынц æппæт фермерон æмæ хисæрмагонд хæдзарадтыл азилыны фæнд, цæмæй бабæрæг кæной фосы сæ хицæуттæ цы уавæрты дарынц зымæгмæ холлæгтæй куыд ифтонг сты, уыдæттæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй нæ республикæйы территорийы хицæн æмæ хицæн рæтты фæзындис ахæм тæссаг, хæцгæ низ, куыд хуыты африкæйаг емынæ. Афтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонæй Уæрæсемæ дзидза ласæн нал ис «Россельхознадзор»-ы уынаффæмæ гæсгæ. Ныр министр куыд зæгъы, афтæмæй ацы низ æдасгонд æрцыд æмæ æппæт хъæуæг документтæ арвыстой Мæскуымæ, цæмæй бар лæвæрд æрцæуа дзидзайы продукци Уæрæсемæ ласынæн.

Ахсджиагдæрыл цы здæхтытæ банымадта министр, уыдонæй сæ иу у нæмыгон культурæты æрконд. Йæ хъуыдымæ гæсгæ мах ныридæгæн æркæнæм нæмыгон культурæты тыллæг æмæ, зæгъгæ, мæ бон у, уый ноджы 5 хатты фæфылдæр кæнын. Æркæнгæ тыллæджы гъæд та, зæгъгæ, нæу Уæрæсейы æркæнгæ тыллæгæй мæгуыраудæр. Нæ республикæйы районты нæмыгон культурæты байтыдтытæ уыдис 2500 гектары бæрц.

Æдæппæт нæм республикæйы цы нæмыгон культурæты байтыдтытæ уыдис, уыдонæй мæнæу тыд æрцыдис 600 гектары фæзуатыл, фæззыгæнд – 1500, сысджы æмæ хъæдур та 500 гектары фæзуатыл. Нæ республикæйы районтæй фылдæр æмæ хуыздæр тыллæг райстой Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы. Министр куыд загъта, афтæмæй нартуатгæнæг у Дудайты Гамлет. Ахæм хæрзгъæд мæнæу зæгъæн ис æмæ Краснодары дæр нæ зайы. Куыд загъта, афтæмæй дзы йæхæдæг аласта Дзæуджыхъæуы лабораторимæ æмæ разындис диссаджы хæрзгъæд мæнæу. Уый дзуапп лæвæрдта æппæт бакуыстгонд стандарттæн дæр. Куы йæ æрыссай, уæд æппæт зонæнтæм гæсгæ дæр рабæрæг, ссад кæй уыдзæнис тынг хорз æмæ дзы кæй сфыцдзæнис хæрзгъæд дзул.

Нырыккон хъæууонхæдзарады рæзтыл дзурæн дæр нæй æнæ техникон ифтонгадæй.  Уый фæдыл та Пухаты Лев банысан кодта, зæгъгæ, абоны бон афтæ зæгъæн нæй æмæ техникæйæ æххæст у нæ хъæууон хæдзарад æмæ сæ парахатæй спайдагæнæн ис. Фæлæ куыст афтæ сæвæрдтам тыллæгæфснайæн куыстыты рæстæджы, æмæ нæ фæтыхстыстæм. Иудзырдæй, мах сбæлвырд кодтам, кæм цас уыдис байтыдтытæ, афтæмæй ныддихтæ кодтам рæстæг æмæ куыстой уыцы рæстæджытæм гæсгæ. Уый уыдис хорз хъуыддаг, алчидæр зыдта йæ рæстæг æмæ тындзыдта йæ куыстагыл. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ техникæ кæй базæронд сты æмæ сæ кæй хъæуы ивын æмæ фылдæр кæнын. Нæ хъус сæм куынæ дарæм, куынæ сæ ивæм, уæд æй алчидæр хорз æмбары æнæ техникæйæ хъæууон хæдзарадæн размæ феггуырсæн кæй нæй, уый. Ныртæккæ нæм цы техникæ ис, уыдон сты кусынæн бæзгæ. Фæлæ техникæйы дæр фæхъæуы улæфт раттын, цæмæй дын дарддæр къух ратта. Ныртæккæ мах пайда кæнæм 8 комбаинæй. «Нью-Холланд» кæй хонæм, уыдон æрмæстдæр сты æртæ. Ис ма нæм æндæр техникæ дæр, дзырдæн, зæгъæм Беларус, ДТ, К-150 трактортæ дæр. Уыдон иууылдæр сты гутæттимæ, фæлæ Нью-Холланд кæй хонæм, уыдонæн сæ куыст бæрæг хицæн кæны, кусынц бирæ хуыздæр. Иудзырдæй, ар-хайдзыстæм нæ хъæууонхæдзарадон техникæ хуыздæр кæныныл.

Кадртæй ифтонгады тыххæй та Пухайы фырт загъта, зæгъгæ, ныртæккæ фосы æнæниздзинадмæ йæ хъус чи дары, уыцы кадртæ сты ацæргæ адæм, æмæ мах та хъуамæ архайæм æвзонг кадртæ бацæттæ кæныныл.

17-æм ноябры хъæууон хæдзарады кусджытæ сæ бæрæгбон кæй банысан кодтой, уый тыххæй хъæууон фæллойгæнджытæн, æппæт хъæууонхæдзарадон кусджытæн министры цæст бауарзта æнæниздзинад æмæ фæллойадон æнтыстытæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.