Болгарийы премьеры визит

УФ-йы Президент Владимир Путинæн Мæскуыйы баныхæстæ уыд Болгарийы премьер-министр Бойко Борисовимæ. Болгайраг премьеры визит хорз уавæртæ сараздзæн дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастыты рæзтæн, – загъта Путин фембæлды райдианы. Баныхæсты фæстиуджытæм гæсгæ, уæрæсейаг лидер фехъусын кодта, зæгъгæ, УФ цæттæ у Болгарийы атомон электростанц «Белене»-йы арæзтадмæ базарадон уавæрты раздæхынмæ, кæд æмæ болгайраг фарсы бафæнда, уæд. Йæ рады Борисов фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе æмæ Турк не сты газуадзæн «Турецкий поток» Болгарийы ‘рдæм ауадзыны ныхмæ. Владимир Путин бафидар кодта, зæгъгæ, «Турецкий поток»-ы Болгарийыл Европæмæ  рахызты гæнæнты тыххæй фарстыл куыст цæуы.

Лавров æмæ Помпеойы баныхæстæ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров телефоны ныхас кодта АИШ-ы паддзахадон департаменты сæргълæууæг Майк Помпеоимæ. Дипломатон ведомствоты сæргълæуджытæ сразы сты дыууæ бæстæйы ахастыты уæвæг быцæутæ профессионалон диалоджы руаджы скъуыддзаг кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл. Ахæм хæс æвæрд æрцыд уæрæсейаг лидер Владимир Путин æмæ америкæйаг президент Дональд Трамп фæстаг хатт телефоны куы ныхас кодтой, уæд дæр. Уымæй дарддæр ма дипломаттæ уынаффæ кодтой дыууæфарсон ахастытæ, Сири æмæ Донбассы уавæр æрбæстон кæныныл.

Фæаххосджын кодта АИШ-ы

Туркы президент Реджеп Эрдоган фæаххосджын кодта АИШ-ы Сиримæ фондз мин уæзласæн машинæйы хæцæнгарзимæ баласыны хъуыддаджы. Кæд æмæ Турк АИШ-æй дзуапп нæ райса боевиктæн кæй æххуыс кæны, уый тыххæй, уæд Анкара цæттæ у æмбæлон хатдзæгтæ саразынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, конфликты районтæм америкæйæгтæ хæцæнгарз баласыны тыххæй спайда кодтой уæзласæн хæдтæхджытæй æмæ сарæзтой дыууæ мин рейсы. Ахæм уавæр ма хъуамæ баззайа æнæ комментаритæй Вашингтоны ‘рдыгæй, уымæн æмæ Туркæн Сириимæ ис иумиаг арæн 911 километры дæрддзæгæн.

Бартхъирæн кодта АИШ-мæ

Анкара гæнæн ис æмæ сæхгæна АИШ-ы авиабазæ Инджирликы Вашингтоны архайдтыты фæстиуæгæн, – банысан кодта Туркы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мевлют Чавушоглу. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, Турк тырны АИШ-имæ ахастытæ æрнывыл кæнынмæ. Фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ, америкæйаг фарс дæр хъуамæ æмбара Туркы къорд фарстыты, кæцытæ, сæрмагондæй, баст сты Манбиджем æмæ оппозиционер Фетхуллаха Гюлены радтынимæ.

Бабченкойы амæлæты инсценировкæ

30-æм майы Украинæйы æдасдзинады службæ фехъусын кодта, зæгъгæ, журналист Аркадий Бабченко сæрæгас у. «Мах нæ бауагътам Бабченкойы амарын, спецопераци ауадзгæйæ», – загъта спецслужбæйы сæргълæууæг Василий Грицак. Уый фæстæ журналисттæм рахызт Бабченко йæхæдæг æмæ сын радзырдта, зæгъгæ, йын иу мæйы размæ фехъусын кодтой марынмæ йæ кæй хъавынц, уый тыххæй æмæ сын уымæ гæсгæ сразы спецоперацийы хайад райсыныл. Бабченкойы «амæлæты» уайтагъд фæаххосджын кодтой Уæрæсейы.

Сергей Лавровы балц

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров кусæгон визиты уыд Цæгат Кореяйы. Уый Пхеньяны фехъусын кодта, Уæрæсейы, Цæгат Кореяйы æмæ Хуссар Кореяйы рагон æртæфарсон проектты сног  кæныны тыххæй. Дзырд цæуы æфсæнвæндæгты баиу кæныны æмæ газуадзæны арæзтады рагон идеяты тыххæй. Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ын Лавровимæ фембæлды рæстæджы банысан кодта, зæгъгæ, аргъ кæны Уæрæсейы æддагполитикон позицийæн. Йæ рады Сергей Лавров Ким Чен Ынæн фехъусын кодта уæрæсейаг президенты фарсхæцынады ныхæстæ, кæцытæ хъуамæ Кореяйы æрдæгсакъадахы æркæной  сабырдзинад æмæ стабилондзинадмæ.

Райдыдтой баныхæстæ

Урс хæдзары æнхъæлмæ кæсынц, зæгъгæ, Дональд Трамп æмæ Ким Чен Ыны саммит уагъд æрцæудзæн 12 июны, раздæр плангонд куыд уыд, афтæ. АИШ-ы паддзахадон секретарь Майк Помпео Нью-Йоркы бахсæвæр кодта Цæгат Кореяйы бæрзонд бынаты кусæг Ким Ен Чхолимæ. Ким Ен Чхоль ссис Цæгат Кореяйы иууыл бæрзонддæр бынаты кусæг, кæцы бабæрæг кодта АИШ-ы 18 азы дæргъы. Иуæй-иу бæрæг-гæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Кореямæ ис ядерон хæцæнгарзы 12 иуæджы.

Æруынаффæ кодтой æппæт спектры рæзтыл

Уæрæсе æмæ Таджикистан бадзырдтой товарæрзылд рауæрæхдæр кæныны тыххæй, – уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы премьер-министр Дмитри Медведев, кæцы æртахт Душанбемæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты хицауадты сæргълæуджыты советы рабадтмæ. «Таджикис-танæн Уæрæсе у ахсджиагдæр стратегион партнер. Таджикаг-уæрæсейаг ахастыты æппæт спектры дарддæры рæзт у нæ паддзахады æддагон политикæйы приориттетæй иу», – загъта ацы бæстæйы президент Эмомали Рахмон. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, йæ бæстæ дарддæр рæзын кæндзæн йæ ахастытæ Уæрæсеимæ.

Фæфылдæр кодта фиддонтæ

АИШ-ы базарады министр Уилбур Росс фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ-ы президенты администраци уынаффæ райста Евроцæдис, Канадæ æмæ Мексикæмæ ахасты æндон  (25%) æмæ алюминийы (10%)  импортыл фиддонтæ бакæныны тыххæй. Таможнæйон ног фиддонтæ сæ тыхы бацыдысты 1-æм июнæй. Фиддонтæ ныридæгæн архайдтой Китай, Уæрæсе, Япон æмæ æндæр бæстæтæм ахасты

Пропорционалон дзуапп

Еврокъамис фæнд кæны, АИШ-æн æндон æмæ алюминийыл фиддонтæ кæй фæфылдæр кодта, уымæн пропорционалон дзуапп радтынмæ. Уымæй дарддæр ма хъавынц дунеон базарадон организацимæ хъаст бадæттын АИШ-ы архайдтыты тыххæй. Евроцæдис уæлæмхас фиддонтæ бакæндзæн америкæйаг экспорты къорд товартыл æмæ фиддонты бæрц та уыдзæн АИШ-ы уæлæмхас фиддонтæй цы зиан æрхастæуа, уымæ гæсгæ.

Уæрæсе аххосджын нæу

Уæрæсейы нæй гæнæн аххосджыныл банымайын бæлц-цæттæласæн хæдтæхæджы скуынæг кæныны, кæцы æрхауд 2014 азы Донбассы, – уый тыххæй фехъусын кодта Малайзийы транспорты министр Энтони Лок. «Нæй ницахæм бындуртæ, кæцытæ фадат дæттынц Уæрæсейы фæаххосджын кæныны Иумиаг фæдагурæн къорды бæрæггæнæнтæм гæсгæ.

Протестон акцитæ

Тбилисы Руставелийы проспектыл уагъд цæуынц протестон акцитæ Гуырдзыстоны хицауады отставкæйы тыххæй. Протестон акци райдыдта Тбилисы горæтон тæрхондон дыууæ аххосджынæн тæрхон куы рахаста, уый фæстæ, кæцытæ аххосджын сты скъоладзаутæ 16-аздзыд Леван Дадунашвили æмæ Давид Саралидзейы амарыны. Акцийы хайадисджытæ нымайынц, зæгъгæ, къорд чиновникы æмæ тæрхондон фæлварынц аххосджынтæй бæрндзинад сисыныл.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.