Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады акт расидыны æмæ Сириаг Арабаг Республикæйы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны цытæн республикæйы фæсивæдон æхсæнадон организаци «Иууон Алани»  Цхинвалы ауагътой автоалыгъд.

Организацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй  автоалыгъды хайад райстой 30-æй фылдæр автомашинæйы. Акцийы хайадисджыты къухты уыд Уæрæсейы, Сирийы, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны тырысатæ. Æхсæнадон организаци «Иууон Алани»-йы сæрдар Коцты Михаилы ныхæстæм гæсгæ, Башар Асад у сириаг адæмы æнæфæцудгæ лидер.

«Мах райгонд стæм Сириаг Арабаг Республикæйы къухдариуæгад æмæ Сирийы  президент Башар Асадæй йæ куырыхон уынаффæйы тыххæй, – банысан кодта Коцты Михаил. – Уый-иу раздæр дæр ныхас кодта Хуссар Ирыстоны адæмы фарс хæцыны тыххæй. Хуссар Ирыстоны адæм дæр, сириаг адæмау, бавзæрстой æддагон хæстон агресси. Сæйраджыдæр æхсызгон  у, Хуссар Ирыстоны банымайыны тыххæй уынаффæ æцæг лидер Башар Асад кæй райста, кæцы равдыста знаджы раз кæй нæ тæрсы æмæ иузæрдионæй баззад йæ разылæууæг хæстыл, йæ Райгуырæн бæстæйыл».

Уыцы бон Цхинвалы ауагъдæуыд хиирхæфсæн мадзæлттæ дæр. Фæсивæд тырысатимæ  æмæ адмон кæфтытимæ сарæзтой хъазт. Хайад дзы райстой куыд цхинвайлæгтæ, афтæ республикæйы уазджытæ дæр. Æрæмбырдуæвджыты зæрдæтæ барухс кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæты сгуыхт артист Саппиты Зæлинæ æмæ классикон шансоны æххæстгæнæг, уæрæсейаг æмæ дунеон конкурсты лауреат Тасойты Игорь.

«Махæн баиу сты дыууæ бæрæгбоны – нæ республикæйы Хæдбардзинады акты расидыны æмæ Сирийы æрдыгæй  Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бонтæ. Хуыцау зæгъæд, æмæ кæддæриддæр не ‘взонг республикæйы хъуысæд хæлардзинады æмæ цины мотивтæ», – банысан кодта Тасойты Игорь.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.