ИА Спутникы пресс-центры РХИ-йы культурæйы министр, «Æнæмæлгæ полчы» штабы сæргълæууæг Зассеты Жаннæ фембæлд журналисттимæ æмæ сын радзырдта штабы архайды тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, штабы кусынц студенттæ-волонтертæ æмæ æгуыст пенсионертæ.

Уый куыд загъта, афтæмæй «Æнæмæлгæ полчы» змæлд райгуырд Уæрæсейы æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, ацы змæлд чи æрхъуыды кодта æмæ йæ чи сорганизаци кодта, уыдоны адресыл.

«Æз тынг райгонд дæн, «Æнæмæлгæ полчы» змæлды æрхъуыдыгæнджытæ æмæ организатортæй. Уымæн æмæ ацы змæлд æппæт Уæрæсейы æмæ постсоветон бæстæты дæр ссис иумиагпаддзахадон», – загъта Зессеты чызг.

Министр стыр æхсызгонæй банысан кодта уый дæр, æмæ уыцы змæлды фыццаг фарсхæцджытæ æмæ архайджытæй иу Хуссар Ирыстон кæй уыд.

 «Стыр Уæлахизы бæрæгбоны размæ штабмæ бирæ адæм æрбацæуынц. Уыдон фæдæттынц иунæг фарст: «мæ дадайы мын не ссардтат? Махæн тынг æхсызгон вæййы, ахæм стыр ныфс нæ кæй æвæрынц», –  банысан кодта штабы къухдариуæггæнæг.

Зассеты Жаннæ дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй «Æнæмæлгæ полчы» штаб кусы æдзухæй дæр, фæлæ Стыр Уæлахизы боны хæдразмæ штабы кусджытæ фылдæр бæрндзинадимæ фæкусынц. Уыдонмæ бирæ фæсивæд цæуынц, цæмæй волонтертæ суой, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ куыстæуы «Волонтеры намысы кодексыл». «Уый хъæуы ног фæлтæры хъомыл кæныны тыххæй. Ног фæлтæр цæуы раст фæндагыл.  Уæрæсейаг фембæлдтыты æмæ форумты рæстæджы Хуссар Ирыстоны кадетты корпус дæр æмæ волонтерты змæлды архайджытæ дæр равдыстой фыдæлты фарн нæ фæсивæдмæ кæй ис.

«Фыццаг 3-4  азы не ‘мбæстæгтæ тынг активон уыдысты. Уыдон агурын райдыдтой, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты сæ хæстæджытæй чи фесæфт, уыдоны. Махæн уыцы хъуыддаджы бирæ бантыст. Мах кусæм аст уæрæсейаг организациимæ, кæцытæм ис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты архивтæ», – банысан кодта Зассеты Жаннæ.

Уый куыд загъта, афтæмæй ссардæуыд, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты æбæрæгæй цы 7500 хуссарирыстойнаг хæстоны фесæфт, уыдонæй 952-йы ингæнтæ, 119 куырдиаты фæдыл та æнхъæлмæ кæсынц дзуаппмæ.

«Мах «Память Крыма»-йы организацийæ райстам информаци, Хъырымы зæххыл ирон мыггæгтимæ тынг бирæ советон салдаттæ ныгæд кæй ис, уый тыххæй.  Мах нырма нæ зонæм, сæ ингæнтæ цыран сты, уый, фæлæ «Æнæмæлгæ полчы» штаб уый фæдыл кусы», – фехъусын кодта штабы сæргълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма штаб исты информаци базоныны нысанæн кусы мыггæгты минæвæрттимæ дæр, уымæн æмæ-иу хæстмæ чи цыд, уыдоны фæндараст кодтой мыггаг, хиуæттæ, хæстæджытæ.

«Æбæрæгæй сæфт хæстонты тыххæй цыфæнды информаци дæр махæн ахсджиаг у. Уый фылдæр фадат дæтты се ссарынæн», – загъта Зассеты Жаннæ.

Дарддæр министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 75 азы сæххæсты бонмæ «Æнæмæлгæ полчы» штаб цæттæ кæны мысынады чиныг электронон хуызы.

«Мах цæттæ кæнæм мысынады стыр чиныг электронон хуызы, кæцыйы руаджы алы адæймагæн дæр йæ бон уыдзæн  æнæ волонтерты æххуысæй йе сæфт хæстæджы тыххæй исты информаци базонын. Уый тыххæй алы адæймагæн дæр йæ бон у æрбацæуа «Æнæмæлгæ полчы» штабмæ, кæцы ис Дзауы уынджы 13-æм бæстыхайы», – банысан кодта Зассеты Жаннæ.  

Уый æрсидт скъоладзаутæм, цæмæй æрбацæуой штабмæ волонтертæй.

«Æрбацæут æмæ нæ фарсмæ æрбалæуут, цæмæй иумæ иу рæнхъыл рацæуæм æмæ дунейæн зæгъæм: «1941-1945 азы фашизм куыд нæ фæуæлахиз, афтæ нæ фæуæлахиз 2008 азы дæр». Иумæ бацархайæм, цæмæй ма фашизмæй цы нæмгуытæ аззад, уыдон тау ма ауадзой æмæ сæ бындзарыл скуынæг кæнæм. Иумæ нæ бон бауыдзæн, иумæ стыр тых стæм», – бахахх кодта культурæйы министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма Хуссар Ирыстоны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæй удæгас ис 14. Хъыгагæн, уыдонæй алчи хайад нæ райсдзæн бæрæгбонон мадзæлтты.

«Апрелы райдианы ветерантæ уыдысты 17, фæлæ ма дзы абоны онг ис æрмæстдæр 14. Хъыгагæн, уыдонæй алчи не ‘рбацæудзæн парадмæ. Æз зонын, парадмæ чи æрцæуа, уыдонæй фыццаг уыдзæн Тедеты Никъала. Зонын æй, Нарыкъаты Любайы дæр тынг фæнды парады рацæуын, фæлæ нæ фæндон баст у нæ ветеранты æнæниздзинадимæ. Хъыгагæн, кæй фæзиан, уый тыххæй ацы аз Уæлахизы тырыса нал рахæсдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран, Ленингоры районаг Джиоты Малаки, кæцы «Æнæмæлгæ полчы» штабы сырæзтæй фæстæмæ цыд парады. Хуыцау зæгъæд, æмæ удæгас цы 14 ветераны сты, уыдон иууылдæр сæмбæлæнт Стыр Уæлахизы 75 азы боныл», – банысан кодта штабы сæргълæууæг.

Уый куыд загъта, афтæмæй сын хъуамæ бантыса, нæ ветеранты мысинæгтæ æмæ се ‘мтохгæнджыты тыххæй мысинæгтæ ныффыссын.

«Мæн уырны, уый нын кæй бантысдзæн нæ волонтерты руаджы, кæцыты ‘хсæн ис фæсивæд дæр æмæ кардзыд адæймæгтæ дæр. Хорз уаид, уыдон фылдæр куы уаиккой», – загъта Зессеты Жаннæ.

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй акци масштабон у, 9 майы Театралон фæзуаты рацæудзæн «Æнæмæлгæ полк». Бæрæгбонон акцийы хайад райсдзысты иу мин адæймагæй фылдæр, уыцы нымæцы республикæйы къухдариуæгады минæвæрттæ дæр. Акцийы хайад райсдзысты, 1989-2008 азты нæ республикæйы хæдбардзинады тыххæй хæсты йæ хиуæтты чи фесæфта, уыдон дæр.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.