РАМБУЛДЗЫСТЫ ДЫВÆР ÆМБÆСТАГДЗИНАДÆЙ

Уæрæсейы Президент Владимир Путины ныхæстæм гæсгæ уæрæсейæгтæ æмæ украинæйæгтæ æрмæстдæр рамбулдзысты, дывæр æмбæстагдзинад сын куы уа, уæд. «Æз бирæ хæттыты дзырдтон, зæгъгæ, украинæйæгтæ æмæ уырыссæгтæ сты æф-сымæрон адæмтæ æмæ ноджы æввахсдæр. Æз нымайын, уыдон сты иу адæм… æмæ махæн иумиаг æмбæстагдзинад куы уа, уæд уымæй рамбулдзысты уырыссæгтæ дæр æмæ украинæйæгтæ дæр», – загъта Путин журналисттæн Кремлы «Фæллойы хъайтары» майдантæ радтыны фæстæ.

 МЕДВЕДЕВ ÆМÆ ПАШИНЯНЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы премьер-министр Дмитрий Медведев æрцыд Сомихстонмæ Евразиаг æхсæнхицауадон советы рабадты хайад райсыны тыххæй. Рабадты фæлгæтты Медведев фембæлд Сомихстоны премьер-министр Никол Пашинянимæ. Уыдон уынаффæ кодтой дыууæварсон æмгуыстады сæйраг аспекттыл. Ныртæккæ Сомихстон сæрдариуæгад кæны Евразиаг экономикон цæдисы.

ОДКБ-ЙЫ ШТАБЫЛ СÆХХÆСТ 16 АЗЫ

 28-æм апрелы 16 азы сæххæст коллективон æдасдзинады тыххæй бадзырды организацийы баиугонд штабыл. 2003 азы 28-æм апрелы горæт Душанбейы ОДКБ-йы коллективон æдасдзинады совет, æфсæддон-штабон орган саразыны æнæмæнгхъæуын-дзинадыл бындуриуæг кæнгæйæ райста уынаффæ ОДКБ-йы æдзух архайæг кусæгон орган æмæ ОДКБ-йы хъахъхæнынады министрты совет – ОДКБ-йы баиугонд штаб саразыны тыххæй. Ныртæккæ ОДКБ-йы паддзахадты-уæнгты гарзджын тыхты интересты тыххæй кадртæ æмæ специалисттæ ба-цæттæ кæныны фæлгæтты ахуыртæ цæуынц 2500 æфсæддон службæгæнæджы.

ГУМАНИТАРОН ÆХХУЫС

Уæрæсейы уæлвæткон уавæрты министрады хæдтæхæг Ил-76 гуманитарон æххуыс аласта Республикæ Малавийы горæт Лилонгвемæ аласта 30 тоннæйы гуманитарон æххуыс циклоны рæстæджы республикæйы хъыгдардбаййафæг цæрджытæн. Гуманитарон æххуысы сты цатыртæ, хъæццултæ æмæ хæлцадон продукттæ.

НЕМЫЦАГ ДЕПУТАТ ÆРСИДТ ПОРОШЕНКОЙЫЛ СТÆРХОН КÆНЫНМÆ

Парти «Альтернатива для Германии»-йæ Берлины горæтон парламенты  депутат Гуннар Линдеманн фехъусын кодта, зæгъгæ, Украинæйы президент Петр Порошенкойы, кæцыйы æххæстбартæ фæуд кæнынц майы, хъæуы дунеон трибуналы тæрхондонмæ радтын Донбассы хæстон фыдракæндты тыххæй. Линдеманн банысан кодта, зæгъгæ, йæхæдæг федта Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты юстициты органты фыстæджытæ, цыран бацамынд æрцыд, зæгъгæ, снарядты 90 проценты Донбассмæ æрбатахтысты Украинæйæ. «Хыгъдæй бæрæг у, Порошенкойы кæй нæ фæндыд сабырдзинад Донбассы», – загъта депутат. Уымæй дарддæр ма, немыцаг политик нымайы, зæгъгæ, Порошенко у æфсæддон лидер, кæцы давта ресурстæ хæстон конфликтæй.

БÆРЗОНДДÆР КÆНЫНЦ ХÆСТОН ЦÆТТÆДЗИНАД

УФ-йы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу радзырдта, зæгъгæ, министрад бæрзонддæр кæны Таджикистан æмæ Хъыргъызтаны æфсæддон базæты хæстон цæттдзинад. Министр радзыдта, цæмæй Афганистаны цæгат хайæ Централон Азийы бæстæтæм боевиктæ ма æрба-ивæрзой, уый фæдыл цахæм мадзæлттæ ист цæуынц, уый тыххæй. «Абон цытджын æгъдауæй Хъыргъызтаны гарзджын тыхтæн радтам вертолеттæ Ми-8МТ æмæ хæстон машинæтæ БРДМ-2М». Уый ма загъта, зæгъгæ, сентябры Оренбурджы областы Донгузы полигоны уагъд æрцæудзысты æф-сæддон ахуыртæ «Центр-2019», цыран бакусдзысты Централон Азийы регионы æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл  хæслæвæрдтыл. Маневртæм хуынд æр-цыдысты ШОС-ы бæстæты æфсæддонтæ.

НÆ БАУАГЪТОЙ МОТОЦИКЛИСТТЫ КОЛОННÆЙЫ

Уæрæсейы æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады æндæр бæстæты мото-циклистты колоннæ нæ бахаудзæн Афинты уагъдцæуæг байкерты дунеон слетмæ, гуырдзиаг арæнхъахъхъæнджытæ сæ «Уæллаг Ларсы» уадзæн пунктыл Гуырдзыстоны территорийыл транзитæй ацæуын кæй нæ бауагътой, уый аххосæй. «Арæныл нын загътой, зæгъгæ, нын Тбилисæй хæслæвæрд ис, цæмæй, зæгъ,  уæ ма ауадзæм», – загъта мотоциклисттæй иу, кæцы рацыд Казахстанæй Цæгат Ирыстоны онг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны сты туризмы æмæ адæм кæрæдзиимæ ныхас кæной, уый ных-мæ.

БАР СЫН НАЛ ИС СÆ ЦÆСГÆМТТÆ ÆМБÆХСЫНÆН

Шри-Ланкайы хицауад 29-æм апрелæй фæстæмæ нал уадзы ахæм кæлмæрзæнтæ кæнæ уæлæдарæс дарын, кæцы æхгæны адæймаджы цæсгом. Бæстæйы ис 21 милуан адæймаджы, уыдонæй 10 проценты сты пысылмæттæ. Шри-Ланкайы пысылмон аргъуаны службæгæнджыты организаци бахатыд сылгоймæгтæм, цæмæй ма дарой, сæ цæсгæмттæ сын чи æхгæна, ахæм дарæс.

ГАЗУАДЗÆН КÆРОНМÆ АРÆЗТ ÆРЦÆУДЗÆН

«Газпром» план кæны газуадзæн «Северный поток-2» кæронмæ саразын 2019 азы æмæ ахуыр кæны Даниимæ уавæры рæзты гæнæнуæвæг вариантты, – фехъусын кодта Æддагэкономикон архайды департаменты хистæры хæдивæг Дмитрий Хандога. Данийы хицауадмæ æркæсынмæ ис æртæ заявкæйы газуадзæны маршруты фæдыл. Абоны онг Балтийы денджызы æвæрд æрцыд 1 мин 125 километры. «Мах кусæм графикы проект бахъахъхъæныны фæдыл мадзæлттыл», – загъта уый.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Мæскуыйы цур урæд æрцыдысты ИГИЛ-ы авд хайадисæджы. Организацийы уæнгтæ сæхимæ æрбакодтой ног фарсхæцджыты æмæ сидтысты тыхон структурæтæм бабырсынмæ. Террористон къорды уæнгтæ уыдысты Уæрæсе, Астæуккаг Ази æмæ Фæскавказы æмбæстæгтæ, кæцытæн æнгом бастдзинад уыд фæсарæнты сæ куратортимæ.

ФÆМАРД СТЫ 13 АДÆЙМАДЖЫ

Индонезийы провинцийы тыхджын тæрккъæвдаты фæстиуæгæн фæмард сты 13 адæймаджы. Æрдзон æнамонддзинады зонæйæ эвакуаци æрцыдысты 12 мин бы-нæттон цæрæджы. Материалон зиан æрхастæуыд сæдæгай цæрæн хæдзæрттæн. Фехæлдысты хидтæ æмæ фæндæгтæ.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм  гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.