Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария знон Спутник-Хуссар Ирыстоны пресс-центры йæ æрвылкъуырион брифингы рæстæджы банысан кодта иууыл ахсджиагдæр цаутæ.

Ныртæккæ дунейы алы бæстæты цы тæссаг коронавирус тезгъо кæны, уый тæссагдзинад æвзæрын кæны нæ бæстæ-йæн дæр, уымæн æмæ сыхаг Гуырдзыстоны фæзынд ацы вирусæй рынчынтæ.  Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, конд æрцыд оперативон штаб нæ республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæйы сæргълæудæй. Штабы кусджытæ кæнынц оперативон куыст, сæ хъус дарынц сыхаг Гуырдзыстоны бæрæг аххосагмæ гæсгæ цы æмбæстæгтæ уыд æмæ фæстæмæ чи æрбаздæхт, уыдон уавæрмæ. Уымæ гæсгæ штабы уынаффæмæ гæсгæ, Гуырдзыстонæй цы фондз æмбæстаджы æрбацыд, уыдон сты карантины. Карантин уый нæ нысан кæны, æмæ уыцы æмбæстæгтæ рынчын сты, уыдон сты æдасдзинады тыххæй райсгæ мадзæлттæ. Штаб ма бакуыста чысыл брошюрæтыл, цыран фыст сты вирусæй хи бахизыны сæйраг мадзæлттæ. Штаб кусдзæн, цалынмæ ацы низæй тæссагдзинад фæкъаддæр уа, уæдмæ.

Ирыстоны иумиаг трагеди

18 марты Хуссар Ирыстоны нысан цæудзæн Ереды трагедийы амæттæгты мысæн бон. Ацы бон 1991 азы бабын сты 12 сабырцæрæг бæлццоны. Уыдон урæд æрцыдысты уæды Ереды хъæуы æмæ сæ бирæ хъизæмæртты фæстæ баныгæдтой удæга-сæй. Уый махæн у нæ иумиаг рис æмæ æнæферохкæнинаг трагеди. Уыцы хъæбатыр лæппутæ ныгæд цы бынаты æрцыдысты, уый республикæйы барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ ссардтой уымæй дыууæ азы фæстæ 1993 азы сентябры мæйы. Бирæ азтæ рацыд, фæлæ уыцы бынат махæн – Хуссар Ирыстоны адæмæн, баззадис мысæн æмæ фыдохы бынатæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы трагедийы амæттæгтæй бирæтæ цардысты Уæрæсейы Федерацийы территорийыл, фæлæ Ирыстонæн уæззау рæстæджы æп-пæт дæр аиуварс кодтой, æмæ слæууыдысты сæ райгуырæн бæстæ знагæй бахъахъхъæныныл.

Ацы аз уыцы трагедийы амæттæгты мысæн бон дæр уагъд цæудзæн уыцы бынаты.

Æвзæрстытæ æфсымæрон Абхазы

Куыд зонæм, афтæмæй æрæджы Республикæ Абхазы президентон æвзæрстыты фæстиуджытæ нымад не ‘рцыдысты. Уымæ гæсгæ радон æвзæрстытæ уагъд цæудзысты 22 марты. Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ æвзæрстыты хайад райсдзысты хъусдарджыты хуызы. Делегацийы сæргъ лæудзæн Президенты Администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Джусойты Алан.

Марты мæйы ма президентон æвзæрстытæ уагъд цæудзысты Хæххон – Хъарабахы, уым дæр хъусдарджыты хуызы хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ.

Цæрæнуатон къамисы куыстыл дзургæйæ

Ацы къамис кусы дыууæ азы бæрц æмæ бæрæг кæнынц, администрацийы паддзахадон цæрæнуат райсынмæ номхыгъды чи лæууы, уыдон. Къамисы уæнгтæ стыр куыст кæнынц, ацы номхыгъдты цæрæнуат райсынмæ чи лæууы, уыдонæй æцæгæй тыхст чи у, уыдон рабæрæг кæныныл. Уыцы куыст домы бирæ рæстæг, фæлæ сæ куыстæн ис фæстиуджытæ, уымæн æвдисæн стæм мах дæр.

Къамисы фæстиуæгæн уæрст æрцыд, нæ горæты Хъайтарты æмæ Гуыбаты æфсымæрты уынгтыл цы ног микрорайонтæ арæзт æрцыдысты, уыдон. Гуыбаты æфсымæрты уынджы ногарæзт хæдзæртты ацы бонты фатертæ лæвæрд æрцыд фондз бинонтæн, кæцытæн сæ хæдзæрттæ басыгъдысты 2008 азы хæстон архайдтыты рæстæджы.

Къамис ма ныртæккæ стыр куыст кæны, 2008 азы фæстæ цы ног микрорайонтæ арæзт æрцыд, уыдон сæ хицæуттыл сфидар кæныныл.

Таможнæйыл къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæныны нысанæн фембæлд

   Ацы аз 26 марты Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны таможнæйон управленийы сæргълæуджытæн уыдзæн фембæлд фæстаг рæстæджы сæвзæргæ уавæры фæдыл.

 Ныртæккæ нæ республикæмæ бæрæг бадзырдты бындурыл ласт цæуынц хæлцадон продукттæ, фæлæ ацы проблемæ æххæстбæрцæй цæмæй скъуыддзаг æрцæуа, уый нысанæн бæстæйы сæргълæууæг кусæгон балцы ис горæт Мæскуыйы. Уым уый æмбæлы ацы фарсты фæдыл уæрæсейаг коллегæтимæ. Сæ фæстиуджытæ рабæрæг уыдзысты фæстæдæр.

100 азы – ирон адæмы геноцидыл

Ацы аз ирон адæмы геноциды азыл нымад кæй у, уымæ гæсгæ комитет кæны стыр куыст. Нæ республикæйы сæйраг архивы ссардæуыд ахæм бæлвырдгæнæнтæ, кæцытæ комкоммæ баст сты ирон адæмы геноцидыл. Уæды рæстæджы кæд ацы цаутыл уадиссаг фыссыны бар нæ уыд, уæддæр бынæттон мыхуыры фæрæзтæ латинаг æвзагыл фыстой ацы уæззау бонтыл. Уыцы ран æвдыст сты, уæды Гуырдзыстоны хицауад ирон адæмы ныхмæ цы геноцид сарæзта, уый бæлвырдгæнæн цаутæ. Уымæй дарддæр ма уыцы газетты фæрстыл цымыдисон æрмæджытæ бакæсæн ис Ирыстоны мæгуыр цардыл, сæхи æвзагыл сын фыссыны бар кæй нæ уыд, ууыл.

Комитеты сæргълæууæг ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ стыр æнтыст у, нæ республикæйы зонад-иртасæн институты хъахъхъæд кæй æрцыд гуырдзиаг меньшевикты сæргълæууæг Валикъо Джугъелийы боныг, цыран лæмбынæг дзырд цæуы ирон хъæутæ куыд сыгъд цыдысты æмæ геноциды æвдисæн бирæ цаутыл. Уый ныфс бавæрдта, геноциды фæдыл къамис ацы боныг ногæй рауадзыны идейæйы фарс кæй рахæцдзæн, уымæн æмæ уый хорз æвдисæн у гуырдзиаг меньшевиктæ ирон адæмы куыд куынæг кодтой, уымæн.

Æппæт ацы документты руаджы æмбæлон æгъдауæй пайда куы æрцæуа дунеон фæзуатты, уæд гæнæн ис дунеон æмæхсæнадмæ фæхæццæ уа, Гуырдзыстон ирæтты ныхмæ цы геноцид сарæзта, уый.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.