1 Майы бæрæгбон алы бæстæты нысан кæнынц сæхирдыгонау, уымæн йæ политикон мидисы ныр уыйас тых нал ис. Лозунгтæ «Сабырад! Фæллой! Май!» баззадысты ивгъуыды, кæд абон дæр хъæуынц, уæддæр. Фæлæ адæмæн цыфæндыйæдæр у бæрæгбон, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны адæмæн дæр. Уыцы бон адæймаг тынгдæр фенкъары, цард, зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, рæсугъд кæй у æмæ йæ ныфс вæййы, фæллой æмæ быхсынад кæй фæтых уыдзысты æппæт зындзинæдтыл дæр.

Абон бирæтæ æрæмысынц раздæры рæстæг, советон дуджы   бæрæгбонтæ. Уымæн æмæ сæ нысан кодтой уæрæх æмæ рæ-сугъдæй.

Бирæ рæстæджы дæргъы ССР Цæдисы 1 Майы бæрæгбон нымад цыд иууыл сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр бæрæгбоныл. Фыццаджы фыццаг бæрæгбоны нысан уыд, Советон Цæдисы æнтыстытæ æвдисын æмæ коммунистон æхсæнад аразынæн йæ цард чи снывонд кодта, уыдонæн цыт кæнын.

Уæды рæстæджы иунæг бæрæгбон дæр æнæ цæстуынгæ агитацийæ нæ цыд. Развæлгъау фыстой лозунгтæ, ныв кодтой плакаттæ, транспаранттæ, арæзтой гæххæттын бæлуæттæ, кæцытæ уыдысты  сабырады символ.

Ацы бæрæгбон Советон дуджы хуынд Фæллойгæнджыты æмзæрдæдзинады дунеон бон. О, фæлæ ацы бæрæгбоны  историйыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд уый у дунейы бæрæгбонтæн сæ рагондæртæй. Уый нымад уыд муртаттаг бæрæгбоныл.

Чырыстийы райгуырдæй иу мин аз раздæр Рагон Римы цæрджытæ куывтой зæххы æмæ тыллæджы бардуаг Майамæ. Уыцы бардуаджы цытæн уалдзæджы фæстаг мæй дæр «май» уымæн схуыдтой. Майы фыццаг бон нысан кодтой тауыны бæрæгбон, ома, цы байтыдтой, уый сын цæмæй радта хъæздыг тыллæг – уый тыххæй арæзтой бæрæгбон дæр. Муртаттаг традициты ныхмæ чырыстон аргъуан кæй уыд, уый тыххæй ца-дæггай рох кæнын райдыдта ацы бæрæгбон. Фæлæ та йæ 19 æнусы кæрон ногæй райдыдтой нысан кæнын.

1889 азы 1 майы Америкæйы Иугонд Штатты æмæ Канадайы фæллойгæнджытæ куыстурæдтæ аразын райдыдтой кусгæ бон фæкъаддæр кæныны тыххæй. Уыцы бæстæты социалистон æмæ ком-мунистон организацитæ домдтой, цæмæй сын арæзт æрцæуа аст-сахатон кусгæ бон, ацы домæнимæ аразын райдыдтой митингтæ  æмæ демонстрацитæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы процесстæ нæ цыдысты хицауиуæгады зæрдæмæ æмæ сын сæ ныхмæ рарвыстой полицийы. Чикагойы демонстрантты сургæйæ, полицæйæгтæ амардтой æхсæз демонстранты. Уый фенгæйæ, демонстранттæ дæр рæмудзæн æрмæг спырх кæнгæйæ, амардтой аст полициаджы. Уый тыххæй æрцахстой æмæ фæаххосджын кодтой цыппар кусæджы æмæ сын рахастой мæлæты тæрхон. Ацы цау айхъуыст æндæр бæстæтыл дæр æмæ 1889 азы Парижы II интернационалы конгрессы чикагойаг фæллойгæнджытæй мæлæты тæрхон кæмæн рахастой, уыдоны рухс номы цытæн 1 Май расидтысты Фæллойгæнджыты æмзæрдæдзинады дунеон бонæй æмæ æрсидтысты æппæт адæмтæм, цæмæй уыцы бон æрвылаз дæр нысан цæуа социалон домæнтимæ демонстрацитæй.

Уæрæсейы империйы та 1 Майы бæрæгбон нысан кæнын райдыдтой паддзах Петр I рæстæгæй фæстæмæ. Бæрæгбонæн политикон нысаниуæг лæвæрд нæ цыд, нысан æй кодтой æрмæстдæр тауыны æмæ уалдзæджы бæрæгбонæй. Бæрæгбон Уæрæсемæ «æрбахастой» немыцæгтæ. Фæстæдæр æй Уæрæсейы хицауиуæгады фарсхæцынадæй нысан кодтой æнæхъæн империйы æмæ ссис уырыссаг бæрæгбон. Бæрæгбон уыд хъæлдзæг, уыцы бон-иу æвдыстой концерттæ, уагътой спортивон ерыстæ, арæзтой алы-гъуызон хъæлдзæг мадзæлттæ.

Октябры революцийæ фæстæмæ бæрæгбон нымайын райдыдтой  официалон мадзалыл Советон Цæдисы æппæт адæмтæ дæр. Æрвылаз дæр, 73 азы дæргъы 1 Майы бæрæгбон уæрæх нысан кодтой Советон Цæдисы горæтты, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны дæр. Цхинвалы Театралон фæзуаты уагъд цыдысты фæллойгæнджыты демонстрацитæ æмæ Цхинвалы гарнизоны æфсæдты парад. Парады фæстæ-иу горæты цæрджытæ атындзыдтой Ленины номыл культурæ æмæ улæфæн паркмæ (стыр паркмæ), цыран уагъд цыд алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ. Уыцы рæстæджы парчы куыстой аттракционтæ. Изæры та-иу парчы Культурæйы хæдзары уыд концерт, цыран хайад истой, куыд бынæттон, афтæ æрхонгæ артисттæ дæр.

Фæстаг хатт ма 1 Майы бæрæгбон Советон Цæдисы нысан кодтой 1990 азы.

1997 азы Уæрæсейы дæр æмæ Хуссар Ирыстоны дæр Фæллойгæнджыты æмзæрдæдзинады дунеон бон аивтой æмæ йæ схуыдтой  Уалдзæг æмæ фæллойы бæрæгбон.

Ацы бæрæгбоны куыдфæнды ма хоной,  уæддæр бирæтæн уый у æрдзы æндидзыны æмæ райхъалы символ. Уый тыххæй алы бæстæтæ ацы бæрæгбоны абарынц алы æмæ алыгъуызон уалдзыгон дидинджытимæ. Испанийы 1 Май нымайынц дидинджыты бæрæгбоныл. Уыцы бон усгур лæппутæ сæ уарзон чызджытæн балæвар кæнынц, уыцы рæстæджы цы дидинджытæ райхæлынц, уыдон. Сицилийы та фыццаг майы бæрæгбон  стырæй, чысылæй æртонынц быдырон ромашкæтæ – сæ уырнынадмæ гæсгæ сын уый, ома, æрхæссы амонд.

Фæлæ мах та абоны бон нæ разы, æппæт æхсæнады раз цы хæстæ ис, уыдон цæсгомджынæй куы æххæст кæнæм, уæд ифтонг уыдзыстæм экономикон стабилондзинадæй æмæ нæ республикæйы цæрджытæ дæр хъахъхъæд уыдзысты социалон  æгъдауæй. Нæ фидæн нæ къухты ис æмæ йæ нæ хъазуатон архайды фæрцы саразæм майы хуызæн рæсугъд æмæ æппæт адæмтæн зæрдæмæдзæугæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.