Хуссар Ирыстон цæттæ кæны нæ царды иууыл сæйрагдæр бæрæгбонмæ – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фашизмыл Фæуæлахизы 77 азы бæрæгбонмæ. Ацы бон цæмæй ма рох кæнæм, цæмæй йæ хъуыды кæнæм, уый тыххæй азæй азмæ мидисджындæр кæнынц Уæлахизы боны цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ.

РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æмæ Хъахъхъæнынады министрады Генералон штабы къухдариуæггæнæг Виктор Федоров брифинджы рæстæджы радзырдтой, цахæм бæрæгбонон æмæ мысæн мадзæлттæ цæттæ цæуы, уыдоны тыххæй.

Виктор Федоровы ныхæстæм гæсгæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 77 азы сæххæсты цытæн æфсæддон парады хайад райсдзысты хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг 800 æфсæддон службæгæнæджы. Йæ ныхæстæм гæсгæ парадмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ райдыдтой Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон городокы апрелы æмбисæй фæстæмæ. Æрвылбон дæр парады хайадисæг тыхон æмæ барадхъахъхъæнæг министрадты службæгæнджыты дæлхæйттæн уагъд цæуы цæттæгæнæн мадзæлттæ. Сæрмагонд скондæн уыцы мадзæлттæм ис бæрнон æмæ цæсгомджын ахаст.

«Цæттæ кæнæм, цæмæй намысджын æмæ сæрыстырæй фенын кæнæм хъайтар горæт Цхинвалы сæйраг фæзуаты æфсæддон парад. Парады хайадисджытæ уыдзысты Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты, Уæлвæткон уавæрты министрадты, Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы, Юстицийы министрады, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм гвардион æфсæддон базæйы службæгæнджытæ.

Генералон штабы къухдариуæггæнæг банысан кодта, зæгъгæ, ма æфсæддон парады хайадисæг уыдзысты 40 æфсæддон техникæйы иуæджы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Уæлахизы бон нымад у иууыл нысаниуæгджындæр бæрæгбоныл æппæт советон адæмæн – у адæмты æнгомкæныны символ. Практикон æгъдауæй алы бинонтæ дæр мысынц, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты чи фæмард, сæ уыцы дадаты æмæ хиуæтты.

Зассеты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ Уæлахизы бонмæ цы егъау бæрæгбонон программæ цæттæгонд æрцыд, уый райдиан уыд, ацы бонты цы «Полевая почта» байгом нæ горæты посты бæстыхайы, уый. Ныридæгæн уым нæ республикæйы цæрджытæн фадат ис фронты хайадисджытæм фыстæджытæ фыссынæн фæсчъылдымы фæллойгæнджытæм, сывæллæттæ æмæ сывæллæтты сывæллæттæм. Акци уагъд цæудзæн суанг 10 маймæ.

Стыр уæлахизы цытæн лæвæрд цæудзысты георгиаг лентæтæ

Ацы акци та Хуссар Ирыстоны традицимæ гæсгæ уагъд цæудзæн 1 – 3 маймæ. Уыимæ иумæ ма парахат цæудзысты ацы лентæйы равзæрды истори, йæ нысаниуæг, куыд бæттын æмæ йæ куыд хæссын хъæуы, уый фæдыл информацихæссæг гæххæттытæ.

2 майы мадзæлттыл дзырд куы цæуа, уæд рæзгæ фæлтæримæ зæрдæйæ зæрдæмæ ныхас цæудзæн, махæн Фыдыбæстæйон хæстæн цы нысаниуæг ис, советон салдаты хъæбатырдзинад æмæ нæ дадаты стыр хайбавæрд уæлахизмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы мадзалы цы æвзонг фæлтæр райсой хайад, уыдон ноджыдæр сæрыстыр уыдзысты, уæлахизхæсджыты фæдонтæ кæй сты, уымæй.

Уымæй дарддæр ма хæдзарон хæслæвæрды хуызы «Уæлахизы бон зынаргъ кæмæн у», ахæм номимæ  æртæ темæйыл – «Листая старый семейный альбом», «Мы помним деда»,  «Будем помнить пока будем жить, как стояли за родину деды, и не сможет никто никогда отменить, главный праздник страны – День победы!» – фадат уыдзæн сочиненитæ фыссынæн.

Махæн сæйраг уыдзæн базонын адæй-маджы удыхъæд, чи цахæм сочинени ныффысдзæн, уымæ гæсгæ.

Стыр куыст цæуы æбæрæгæй сæфт фронты хайадисджыты ссарыныл

Сæйраг хъусдард здæхт æрцыд, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны ингæнтæ ссарыны фæдыл цы куыст цæуы, уымæ. Зассеты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстонæй æбæрæг сæфтыл нымад чи уыд, уыдонæй ныридæгæн ссардæуыд 1519 ингæны.

Хуссар Ирыстоны «Æнæмæлгæ полчы» волонтертæ дарддæр агурынц æбæрæгæй сæфт фронты хайадисджыты.

«Мах кусæм æхсæвыгæтты дæр. Æнцон-вадат нын сты 46 уæрæсейаг архивы, уыцы нымæцы фæсарæйнаг архивтæ дæр. Бæрæг документтæ цæттæгæнгæйæ, мах агурæм æппæт бæрæггæнæнтæ – йæ цардæмбал куыд хуынд, йæ мады мыггаг кæмæй уыд, йæ æмгæртты мысинæгтæ æмæ афтæ дарддæр», – дзырдта министр. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, бирæ куыст цæуы фæсарæйнаг бæстæты архивты. Фæлæ уыцы бæрæггæнæнтæ фылдæр сты концлагертæй.

«Хъырымы къухдариуæгады æмархай-дæй мах ссардтам дыууæ иумиаг ингæны, цыран ныгæд æрцыдысты не ‘мзæххонтæй бирæтæ.

Ивгъуыд аз Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ хъуамæ ацыдаиккой уыцы бынатмæ, фæлæ нын уыцы фадат нæ уыд коронавирусы пандемийы аххосæй. Ныр нын кæд фадат фæуаид æмæ уæд уæлдæрзагъдгонд мыггæгтæ, æвæццæгæн, фæфылдæр уыдзысты».

«Мысынады арт» æрхæсдзысты нæ горæтмæ дæр

Горæт Мæскуыйæ Цхинвалмæ адæмон фронт «За Россию»-йы минæвæрттæ æмæ Морозовы номыл рынчындоны сæйраг педиатр æрхæсдзысты «Мысынады арт». Уыцы капсулæ ссыгътой Æбæрæг салдаты ингæны Æнусон арты æвзæгтæй. Уыдоныл цытджын уавæрты сæмбæлдзысты Дзауы райцентры. Уым гом æрцæудзысты «Æнæмæлгæ полчы» филиал æмæ советон æфсæддон къухдариуæггæнæг, хæстон Сырх Тырысайы ордены æхсæз хатты кавалер Сланты Лентойы номыл мемориалон фæйнæг.

Культурæйы министры ныхæстæм гæсгæ уыцы мемориалон фæйнæг йæ рæстæджы æрхаста фидауынгæнæг тыхтыл командæгæнджытæй сæ иу – Хæст, куыст, æфсæддон службæ æмæ барадхъахъхъæнæг органты ветеранты æппæтуæрæсейаг æхсæнадон организацийы цæгатирыстойнаг регионалон хайады сæрдар Фриты Хъазбег.

Уыцы бон артимæ капсулæ лæвæрд æрцæудзæн бæстæйы Националон музеймæ.

Æнæмæлгæ полкы рæнхъыты рахæсдзысты, Донбассы чи фæхъуыд, уыцы ирон хæстонты къамтæ

Уæлахизы боны хæдразмæ 8 майы нæ горæты Æнусон арты раз Кады аллейы уагъд æрцæудзæн æрвылазон митинг, Æнусон арты раз æвæрд æрцæудзæн Кады æмæ Мысынады гирляндæ. Республикæйы территорийыл Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты 53 цырты раз мысдзысты æмæ кад кæндзысты уæлахизхæсджытæн.

9 май махæй алкæмæн дæр у нысаниугджын бон. Бæстæйы æппæт аргъуанты уагъд æрцæудзæн мысæн мадзæлттæ æдзард хæстонты номыл.

Æфсæддон парады фæстæ нæ горæты сæйраг фæзуаты рахæсдзысты нæ цытджын ветеранты æмæ 1989-2008 азты чи фæмард, уыцы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты къамтæ. Уыдон хæдфæстæ та, Донбассы зæххыл нацизм скуынæг кæныны сæрмагонд операцийы рæстæджы цы 53 лæппуйы фæмард, уыдоны къамтæ. Уыдоны хиуæтты фæндонмæ гæсгæ къамтæ хæсдзысты нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты ныййарджытæ. Бæрæгбоны цытæн уагъд æрцæудзæн концертон программæ, цыран хайад райсдзысты курдиатджын скъоладзаутæ, уыдзæн Уæлахизы салют.

Кæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.