Хуссар Ирыстоны спортивон æхсæнадыл æрцыд уæззау зиан. Йæ цардæй ахицæн уæгъдибар хъæбысхæстæй республикæйы иууыл æнтыстджындæр тренертæй сæ иу, Советон Цæдисы спорты дæсны, РХИ-ы сгуыхт тренер Кумситы Владимир Уасилы фырт. Йæ тренерон карьерæйы рæстæджы уый схъомыл кодта спортсменты бирæ фæлтæртæ æмæ стыр фæд ныууагъта Хуссар Ирыстоны спорты историйы. Йæ къухдариуæгадæй йæ хъомылгæнинæгтæ иу æмæ дыууæ хатты не систы Советон Цæдисы чемпионатты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Кæд уый бацæттæ кодта 30 фылдæр Советон Цæдисы спорты дæсныйы, уæддæр уый фыццаджы-дæр тырныдта йæ хъомылгæнинæгты ‘хсæн хуыздæр адæймагон миниуджытæ тауынмæ, цæмæй уыдаиккой Райгуырæн бæстæйæн аккаг æмбæстæгтæ. Æмæ йын уыдон дæр кад кодтой æмæ йæ  уарзтой. Йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ тренеры куыст куы ныууагъта, уæддæр æй йæ раздæры хъомылгæнинæгтæ нæ рох кодтой æмæ-иу æй арæх абæрæг кодтой хæдзары.

Владимир тренеры куыст кодта республикæйæн уæззау рæстæджыты дæр. Зæгъæн ис, æмæ ахæм энтузиастты фæрцы Хуссар Ирыстоны хъæбысхæсты скъола хъахъ-хъæд кæй æрцыд. Уæззау уавæрмæ   нæ кæсгæйæ, алы хатт дæр йæ хæсыл нымадта залмæ æрбацæуын æмæ рæзгæ фæлтæрæн уæгъдибар хъæбысхæсты сусæгдзинæдтæ амонын. Æппæт дæр арæзта, цæмæй сын бауарзын кодтаид спорт æмæ йын ацы хъуыддаджы æнтыс-тытæ дæр уыд. Æвæццæгæн, уыцы хорз миниуджытæ райста йæ тренер Къораты Харитонæй, кæцы уыд Хуссар Ирыстоны фыццаг тренер      уæгъдибар хъæбысхæстæй.

Кумситы Владимиры ном никуы ферох уыдзæн йе ‘мгæрттæй, йæ хъомылгæнинæгтæй, æмткæй республикæйы спортивон æхсæнадæй.

Рухсаг у!

РХИ-йы Фæсивæдон политикæ,

спорт æмæ туризмы фæдыл комитет

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.