Футболæй РХИ-йы æмбырдгонд командæ ахызт CONIFA-йы эгидæйы бын Арцахы уагъдцæуæг Европæйы чемпионаты финалмæ. Æрдæгфиналы нæ бæстæйы æмбырдгонд хъазыд Чамерияйы командæимæ. Фембæлд рауад æндыгъд. Дыууæ командæ дæр фыццаг рады хъуыды кодтой сæ кулдуæрæттæ бахъахъхъæныныл, фæлæ уæддæр атакæйы хуыздæр архайдтой хуссарирыстойнаг футболисттæ. Хъазты фыццаг æмбис сын бантыст ныхмæлæууæг командæйы кулдуары пурти бакъуырын, цалдæр тæссаг уавæры саразын. Чамерияйы командæ та иварон фæзуаты æддейæ сæххæст кодта дыууæ иварон цæфы, фæлæ нæ кулдуаргæс Бураты Мухарбег ахъазыд хорз.

Фембæлды дыккаг хай дæр уавæр нæ фæивта. Хъазты кæрон Хуссар Ирыстоны футболисттæ активондæрæй абырстой размæ, æрæлхъывтой сæ ныхмæлæууæджы сæ кулдуармæ. Æввахс уыдысты пурти бакъуырынмæ, фæлæ та хыгъд нæ фæивта. Чемпионаты уагæвæрдмæ гæсгæ хъазты сæйраг рæстæг фæуыны фæстæ футболисттæ æрæвнæлдтой пенæлтты сери æххæст кæнынмæ. Æмæ нæ кулдуаргæс дæр спортуарзджыты фыдæнхъæл нæ фæкодта. Систа ныхмæлæууæг командæйы дыууæ хъазæджы цæфтæ, уый хыгъд нæ командæйы хъазджытæ та авд цæфæй бакодтой æхсæз. Æмæ афтæмæй 6:5 хыгъдæй фæуæлахиз Хуссар Ирыстоны ко-мандæ æмæ ахызт финалмæ.

Финалон хъазты йæ ныхмæлæууæг уыдзæн Хурныгуылæйнаг Сомихстоны командæ, кæцы æрдæгфиналы пенæлттæм гæсгæ фæуæлахиз Абхазы командæйыл.

Хурныгуылæйнаг Сомихстонимæ нæ командæ хъазыд къордон этапы. Уæд ыл фæуæлахиз 2:1 хыгъдæй. Уый хынцгæйæ ацы хъазты фаворитыл нымад у нæ командæ, фæлæ уыцы хъуыддаг хъуамæ ма бандава нæ футболисттыл, кæцытæ та хъуамæ равдисой сæ фидар удыхъæд. Финалон хъазт уыдзæн 9 июны 15 сахатыл.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.