Рацыд иу афæдз нæ уарзон, нæ зæрдæхæлар æмкусæг Ларисæ нæ фарсмæ куынæуал ис, уыцы бонæй. Æмæ кæд иу афæдз рацыд, уæддæр нæ нæма уырны, кæй йæ никуыуал фендзыстæм, уый. Æнæхъæн афæдзы дæргъы ахæм бон нæ уыдаид, æмæ йын йæ рухс ном ма æрымысæм, йæ хорзы кой йын ма скæнæм. Йæ рæсугъд фæлгондз æдзухдæр ис нæ цæстыты раз. Хатт нæм уынджы фæцæйцæугæйæ дæр чидæр фæкæсы Ларисæйы хуызæн, фæлæ та нæ нæ сæнттæ фæсайынц. Æмæ йæ кæй никуыуал фендзыстæм, ууыл ахъуыды кæнгæйæ, зæрдæ ныккæрзы.

Ныртæккæйы уæззау царды Ларисæйы хуызæн зæрдæхæлар æмæ æнæхин адæймæгтæ тынг скадавар сты. Цард Ларисæйы хуызæн адæймæгтæй фидауы, нæ коллективы фидауц уыд, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа, йæ ныхмæ балæууæн нæй. Никуы никæй  фæхъыг кодтаид, алкæимæ дæр ардта иумиаг æвзаг. Ау, куыд æгъатыр дæ хъысмæт, бауагътаис æй æмæ иучысыл йæ ноггуырд хъæбулыл уæддæр ацин кодтаид. Уадз, æмæ чысыл Мария мады уарзтæй иучысыл уæдфдæр бафсæстаид,   мады къухты хъармдзинад уæддæр банкъардтаид.  Иучысыл уæддæр куы бафсæстаид, авгау æрхауынæй кæмæн тарстис, уыцы хъæбулты уындæй. Уадз, кусынæй бафсæстаид йæ уарзон коллективы ‘хсæн…

17-æм майы, Ларисæйы мæлæн боны фæцæйцыдтæн, Заводы уынджы цы корпусы цард, уый цурты, кæсын æмæ мæнæ йæ астæуккаг хъæбул Дианæ уынджы хъазы. Тынг æхсызгон мын уыд йæ уынд æмæ йæм фæхъæр кодтон. Уый мæ куы ауыдта, уæд мæм цингæн-гæйæ æрбалыгъдис æмæ мыл ныттыхстис, мæхæдæг дæр ын йæ русæн ныпъатæ кодтон. Нæ уæ бауырндзæнис, йæ рустæ мæм афтæ адджын фæкастысты, раст цыма мæхи хъæбулæн пъатæ кодтон, уыйау. Æвæццæгæн, мæхинымæры афтæ кæй ахъуыды кодтон, зæгъын, йæ мады бæсты дæр ын хъуамæ апъатæ кæнон, уымæн мæм афтæ адджын фæкастысты. Куы йæ фенис, куыд тынг рæз схаста иу азмæ Дианæ,  фæрæсугъддæр. Уæлдай тынгдæр та фæцин кæнис, дæ чысыл Марияйы къахæй цæугæ куы фенис, уæд. Ларисæ, де ‘нæрынцой мæгуыр зæрдæ уымы бæсты дæр æнцойад не ссардзæн де ‘нахъом зæрдиаг хъæбултæм дæ зæрдæ æхсайгæйæ.  Дæхицæй хуыздæр æй чи зоны, мадæй сидзæры хъысмæт цахæм вæййы, уый…

Зын у, йæ хистæр хъæбул Марианнæ Интернеты йæ мады тыххæй цытæ ныффыссы, уыдон  кæсын. «Мама, куы йæ зонис куыд тынг дæ мы-сын. О, тæхуды æмæ ма мæ иу хатт дæ хъарм хъæбысы уæддæр куы атухис, иу хатт ма дын дæ къухты хъармдзинад уæддæр куы банкъарин. А-дунейы мадæй адджындæр ницы ис…». Мариан-нæйыл ныр 15 азы цæуы æмæ йæм, чизоны, цы сусæггаг дзуринæгтæ æрæмбырд. Æмæ уыцы сусæггаг ныхæстæ та ныййарæг мадæй хуыз-дæр кæмæн хъуамæ зæгъай. Мады хуызæн чи бамбардзæн хъæбулы, уæлдайдæр та Ларисæйы хуызæн æнахуыр уарзæгой мад. Ларисæйы ходыгъд Тедеты Фатимæ йæ удæй арт цæгъды дыууæ хæдзары ‘хсæн. Сидзæр хъæбулты рæвдыдцух нæ уадзы, чысыл Мария та йæ хъомыл у, хи хъæбулы хуызæн ын у. Фатимæйæн æмбæлы бузныджы ныхæстæ зæгъын, уыйбæрц хъару йæм кæй разынд, уый тыххæй.

Куы йæ зонис, нæхи Ларисæ, куыд тынг нын нæ фаг кæныс. Дæуыл зæрдæйæ алчи дæр куыд фæрыстис, афтæ стæм хатт вæййы. Ды дæ цыбыр, фæлæ ирд царды дæхицæн ахæм ном, ахæм кад скодтай дæ хиуæтты, чындзы кæдæм фæцыдтæ, Тедеты уыцы бинонты, дæ коллегæ-ты ‘хсæн æмæ дæ ном рох никуы уыдзæн, уыдонæй.

Нæ цæст дын нырма дæр рухс зæгъын нæ уарзы, фæлæ дзы æндæр гæнæн нал ис. Ирыстоны зæхх дын хъазы пакъуыйау фæлмæн уæд! Рухсаг у, нæхи Ларисæ!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.