Дæргъвæтин рынчыны фæстæ 92-аздзыдæй цардæй ахицæн Хуссар Ирыстоны интеллигенцийы зынгæ минæвар, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг, Кады ордены кавалер Тыбылты Зарифæ Георгийы чызг.

Уый райгуырд 1930 азы Таджикистаны горæт Душанбейы. Йæ фыд Георги (Абац) Ольгинскы хъæуæй рацæугæ, каст фæцис Ленинграды Æфсæнвæндаджы транспортон институт æмæ æвзонг курдиатджын инженеры Сергей Киров сæрмагондæй, йæхæдæг арвыста Таджикистанмæ адæмон арæзтадæн баххуыс кæныны тыххæй. Фæлæ уæдмæ райдыдтой политикон репресситæ, Георгийы чидæр банымыгъта æмæ йæ æрцахстой.  Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста æвзонг чызг, йæ фыды йын куы  æрцахстой, уый фæстæ. Бинонты бахъуыд иу кæнæ иннæ бынаты æмбæхсыны сæр, тæссаг уыд йæ мады дæр ын куы æрцахстаиккой, уымæй.

Тыбылты Зарæ астæуккаг ахуыр райсыны фæстæ каст фæцис Тбилисы Пушкины номыл педагогон институты филологон факультет. Æвзонг чызг-иу арæх æрцыд Цхинвалмæ, йе ‘ввахс хиуæттæ Галаты Барисы бинонтæм. 1954 азы ссардта йæ амонд дæр, йæ цард баиу кодта æвзонг ахуыргонд Гæбæраты Никъала Ясоны фыртимæ æмæ æрцард Цхинвалы. Тыбылты чызг кусын райдыдта нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Уый фæстæ та куыста Цхинвалы музыкалон æмæ нывгæнæн ахуыргæнæндæтты эстетикæйы ахуыргæнæгæй, куыста æхсæнад «Знание»-йы дæр. Пенсийы ацæуыны фæстæ бирæ азты дæргъы кодта æхсæнадон архайд, уыд Хуссар Ирыстоны хæрзаудæн фонды сæрдары хæдивæг. Абоны онг дæр дзы йæ бирæ ахуыргæнинæгтæ сты райгонд æмæ йæ æхсызгонæй мысынц. Куыд, зæгъæм, 2-æм астæуккаг скъолайы рауагъдонтæ, РХИ-йы адæмон ахуыргæнæг Пухаты Аллæ, стоматолог Гæбæраты Сæлимæт, Алла Спивак, Гришановаты хотæ æмæ бирæ æндæртæ. Йæ ахуыргæнинæгтæ Харебаты Валан æмæ Æрсойты Владимир куыд банысан кодтой, афтæмæй Зарифæйы уарзтой æмæ йын кад кодтой йæ хъомылгæнинæгтæ иууылдæр, абоны онг дæр ын хъуыды кæнынц йæ аудгæ ахаст æмæ зондамонæн ныхæсты тыххæй.

Ахуырады системæйы бирæ азты дæргъы цæсгомджын куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном, хорзæхджын æрцыд Кады орденæй æмæ æндæр паддзахадон хорзæхтæй.

Уый кæмфæнды ма куыстаид,  алы ран дæр ныууагъта йæ хорзы ном. Æнахуыр уæздан сылгоймаджы уарзтой æмæ йын кад кодтой йæ коллегæтæ, нæ республикæйы цæрджытæ. Гæбæраты Никъала æмæ Тыбылты Зарифæ сæ фæстæ ныууагътой хорз бинонтæ, сæ  хъæбултæ  сын дарддæр кæнынц сæ бирæ хорз хъуыддæгтæ.

Тыбылты Зарифæ Георгийы чызджы рухс ном никуы ферох уыдзæн йæ радтæг адæмæй. Рухсаг у!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.