Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр хайад райстой хæдбар паддзахæдты æмхæларады æмæ Балтийы бæстæты XXIV-æм дунеон театралон фестиваль «Встречи в России»-йы, кæцы уагъд цыдис Санкт-Петербургы 4-æм апрелæй 10-æм апрелмæ. Фестивалы программæмæ гæсгæ нæ артисттæ 9-æм апрелы «Балтийский дом»-ы стыр сценæйыл уырыссаг сценæмæкæсжытæн равдыстой режиссер Роман Габриайы æвæрд литературон-музыкалон спектакль «Къоста»-йы. Спектакль у цымыдисон æмæ йын петербургаг адæм дæр скодтой аккаг аргъ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры пресс-службæ нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ нæ театры труппæ фестивалы сæхи равдыстой аккагæй æмæ сæ хъазт æмæ арæхстдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыдысты дипломæй, афтæ ма арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ райстой Санкт-Петербургы закъондæттынады æмбырды сæрдарæй. «Нæ артисттæ ацы спектакль афтæ хорз ахъазыдысты æмæ сыл сценæмæкæсджытæ сæмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдæй. Ацы хæрзиуæгон хъуыддаг стыр æхцондзинад æмæ æхсызгондзинад æрхаста нæ театры артисттæн. Сæ циныл сын цин кæнынц нæ республикæйы æмбæстæгтæ дæр.

Спектакль «Къоста» фыццаг хатт нæ театры сценæйыл æвæрд æрцыдис 2019 азы æмæ уæд нæ аивадуарзджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, ахæм спектакль æнæмæнгхъæуæг кæй у театры репертуары.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры гастролон балц сорганизаци кæныны хъуыддагæн баххуыс кодтай «Россотрудничество».

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.