Дунейы алы аз дæр нуазынц цыппарсæдæ миллиард къусы бæрц кофе. Уымæй кофе у æндæр нозтыты ‘хсæн популярондæртæй иу. Кофейы нæмгуытæй фыццаг пайда кодтой  Эфиопийы. Уырдыгæй, эфиопаг тыхæйисджытимæ, кофе араббаг дунемæ бафтыдис, стæй – XVII æнусы – Венецимæ æмæ Европæйы æндæр хæйттæм.

Горæты уынгтæм ракæс æмæ дæ дзы, цы хъæуы, уый ссардзынæ. Æхсæв кæд æрæгмæ бафынæй дæ æмæ райсомæй æдых дæ, уæд адæм фылдæр хатт сæхи кофейыл ныццæвынц. Кæм æй уæй кæнынц, ахæм машинæтæ нæ горæты фæстаг рæстæг сбирæ сты. Цы ран дæ æрфæнддзæн кофе баназын, уыцы бынатмæ хæстæг æй ссардзынæ. Ахæм машинæты раз адæм рады дæр слæууынц. Иу уысммӕ дын кофе ацӕттӕ кӕндзысты ныр канд Ногдзауты парчы цур нӕ, фӕлӕ ма дзулфыцӕн комбинаты цур ӕмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры фарсмӕ. Цыппӕрӕм мобилон кофейня ӕрурӕдта Цхинвалы центры чырыстон аргъуаны раз. Бирæтæ разы вæййынц сæ кофемæ 10 æмæ 20 минут банхъæлмæ кæсын. “Мобилон” кофейы аргъ у асламдæр цхинвайлаг кафетæм абаргæйæ.

Фердæхтджын амалиуæггæнджытæ сæрмагондæй рацарæзтой машинæ, цы ран ис æппæт æнæмæнгхъæуæг мигæнæнтæ кофе ацæттæ кæнынæн (уазалгæнæн æхсыры тыххæй, кофемашинæ, кофессæн).

Зæгъæм, ногдзауты парк у æппæты зындгонддæр. Арæхдæр кофеуарзджытæ æрæмбырд вæййынц ам. Кофефыцæг куыд зæгъы, афтæмæй æхца фылдæр бакусыныл нæ архайынц. Фæнды сæ, цæмæй кофейы алы агуывзæ дæр уа хæрзад. Кофеаразæн машинæйы æмбæлгæ гæххæттытæ æмæ санитарон æууæлтæ арæх бæрæг кæнынц. Лæппу куыд бафиппайдта, афтæмæй алы кусæн боны кæрон сæ кусæнгæрзтæ ныхсынц сæрмагонд фæрæзтæй.

Цæмæй кофеæлхæнджыты нымæц бонæй-бонмæ фылдæр кæна, уый тыххæй баристатæ  сæ машинæты раз æрцауындзынц рæсугъд нывæфтыдтæ. Вæййынц ирд ахорæнтæй аиварæзт. Саразынц алыхуызон акцитæ дæр. Фæлæ уæддæр куыд зæгъынц, афтæмæй сын фыццаджыдæр ахсджиаг у кофейы хæрзхъæддзинад.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.