Æртæ азы размæ нæ республикæйы рæсугъддæр къуымтæй сæ иу, Дзауы районы Цъоны хьæуы зымæгон хиирхæфсæн хъæзтыты улæфæндон райста фыццаг уазджыты. Уæдæй нырмæ, зымæг йæ тæмæны куы бацæуы, дзæвгар мит куы æруары, уæд ардæм фæуазæг вæййынц куыд нæ республикæйы цæрджытæ, афтæ уымæн æддейæ дæр зымæгон хъæзтытæн табугæнджытæ. Цъон йæ географион равæрдмæ гæсгæ ис денджызы æмвæзадæй 2000 метрæй фылдæры бæрзæнды, республикæйы столицæйæ та 45 км дæрддзæгæн æмæ йæм кæд цæуын бирæ хъæуы, уæддæр зымæгон хъæзтытæ уарзджытæ нæ фæзивæг кæнынц, бацæуынц æмæ уым арвитынц хъæлдзæг рæстæг.

Цæмæй адæм сæ рæстæг хорз арвитой, уый тыххæй фаг нæу æрмæст бирæ мит, хъæуы алыгьуызон инвентарь, хи хъармгæнæн бынат æмæ æндæр æнæмæнгхъæугæ цардуагон уавæртæ. Æппæт уыдæттыл æмæ курорт сæндидзын кæныныл йæ райдайынæй ныронг чи бацархайдта, уыдонæй сæ иу у нæ республикæйы Экономикæйы министрады туризмы хайады къухдариуæггæнæг Плиты Вадим. Уый куыд радзырдта, афтæмæй курорт ныртæккæ кусы æххæстбæрцæй æмæ æрвыл къуырийы фæуды улæфтбонты дæр йæхимæ райсы 300-400 адæймаджы бæрц. «Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæйы территорийыл ис æндæр бынæттæ дæр, фæлæ йæ ландшафт, æрдзон уавæртæ æмæ йæ бынаты равæрд æрмæстдæр Цъоны дæдтынц дзуапп зымæгон хиирхæфсæн курорт саразынæн», – загъта Вадим.

Истори бирæ цаутæ зоны, хæххон бынæтты стыр мит уараг кæй уыд, хатт-иу йæ фæстиуджытæ уыдысты трагикон дæр. Фæлæ уыцы рæстæджы махмæ спорт æмæ туризм райтынг кæныныл ничи куыста. Ныр фæивта рæстæг, фæзындысты ногдзинæдтæ æмæ мах дæр хъæуы цардимæ æмдзу кæнын. Цъоны,  раздæр, 1900 æм азтæй суанг Советон Цæдисы ныппырхы азтæм, уæвынад кодтой ставдкъах фосы фермæтæ, ацы хъæу уыд хъæууон сойцарды ратæдзæн, куыд урсагæй, афтæ фыдызгъæлæй дæр. Кодтой зæххыкуыст тыдтой алыгъуызон халсæрттæ. Цæдисы фехæлдимæ цадæггай къаддæр кодта хъæууон хæдзарадон продуктты æрконд, сцъус сты йæ цæрджытæ æрæнкъард ис хъæу. Фæлæ та ныр цадæггай райдыдта ногæй æндидзын, дардыл айхъуысы сабиты хъæлдзæг цъæхснаг худт, сæ цины æнкъарæнтæ не ‘мбæхсгæйæ сæхи фæирхæфсынц сæ ныййарджытæ дæр. Бынæттон цæрджыты зæрдæты дæр та фæзыны ныфсы æнкъарæнтæ, хъæу бынтон кæй нæ амæлдзæн, фæлæ уыйхыгъд ам фидæны кæй уыдзæн цæрынæн царды хуыздæр уавæртæ.

Улæфæндоны организатортæ куыд загъой, афтæмæй ам райдайæны фæнд кодтой æрмæст дзоныгъыл бырæн трассæ саразын. «Ацы бынаты зымæгон курорт саразыны фæнд махмæ фæзынд 2009 азы, фæлæ уæд мах нæ уыдыстæм æнхъæл, адæм йæ байгом кæныныл афтæ æхсызгонæй кæй сæмбæлдзысты. Фыццаджыдæр уал бацæттæ кодтам дзоныгътыл бырæн трассæ, æркодтам æй æмбæлон уавæрмæ æмæ 2019 азы январы мæйы райстам фыццаг улæфджыты. Уымæй размæ цы куыст бакодтам, уый тыххæй ис бирæ æрдзурæн, уыдис нын бирæ проблемæтæ, фæлæ сæ нæ бон аиуварс кæнын ссис, – загъта Плиты Вадим. Уæд фæнд кодтам æрмæстдæр дзоныгътыл бырæн хиирхæфсæн бынат саразын сабитæн, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. Адæм цыдысты сæхи лыжæтæ æмæ сноубордтимæ, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, уæд мах дæр балæууыдыстæм сæ фарс. Цы цъуснымæц дзоныгътæ æмæ нæм  лыжæтæ уыд, уыдон фаг нæ уыдысты. Фæлæ адæм афтæ тынг сæ зæрдæмæ айстой курорты фæзынд æмæ-иу сæхæдæг  балхæдтой, цы сæ хъуыдис, уый æмæ цыдысты бырынмæ. Цæмæй ардæм æрбацæуджытæ сæ рæстæг арвыстаиккой хъæлдзæгæй уый тыххæй уал балхæдтам 16 къайы лыжæтæ æмæ цалдæр сноуборды», загъта Вадим. 

Бонæй бонмæ улæфджыты нымæц фылдæрæй фылдæр кæй кодта, уымæ гæсгæ уыцы нымæц лыжæтæ уыдысты тынг цъус. Ивгъуыд аз курорты организатортæ бацархайдтой сæ инвентарь фæфылдæр кæныныл, Республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй сын цы финансон фæрæзтæ радтой, удонæй æрластой 50 къайы лыжæтæ æмæ 7 та сноубордтæ. «Ныртæккæ нæ къухы  ис 60 йæ фылдæр къайы лыжæтæ,  сноубордтæ  æмæ  дзоныгтæ дæр, фæлæ уæддæр не сты фаг. Иуæй- иутæ ма сæ семæ дæр æрбахæссынц», – загъта Плийы фырт.

Лыжæтыл бырæн трассæ ис бæрзонд хохрæбын, уырдæм ссæуынæн организатортæ самал кодтой ратракт, ууыл сласынц адæмы трассæйы райдайæнмæ æмæ уырдыгæй та сæхæдæг рабырынц. Ратрак ам у æнæмæнгхъæуæг, фæлæ у рагон æмæ фехæлы арæх, уый тыххæй æййафынц зындзинæдтæ. «Машинæ нæ уыд ног æмæ фехæлы арæх. Фæлæ ацы хъуыддаджы чи архайы, уыцы лæппутæ йæм тынг хорз дарынц сæ хъус æмæ  бирæ рæстæджы нæ баззайы хæлдæй», – загъта Вадим.

Ныронг-иу улæфджытæ сæхи хъарм кæнын æмæ хæринаг хæрæн бынæттæн пайда кодтой палаткæтæй. Ацы аз ам арæзт æрцыд, йæ фæзуат 54 квадратон метры кæмæн у, ахæм вагон. Уым нырма кæронмæ арæзт не сты æппæт хъæугæ уавæртæ, фæлæ æввахс рæстæджы сæвæрдзысты тæрхджытæ, скъаппытæ æмæ фæхуыздæр уыдзысты уавæртæ. Вагоны мидæг ис сугæй хъармгæнгæ пец,  стъолтæ, бандæттæ, алы æрбацæуæгæн дæр цай, кофе æмæ æндæр адджинæгтæ сты лæварæй. Ныронг ма лæварæй уыдысты æппæт лæггæдтæ дæр. Фæлæ хъыгагæн, иуæй-иутæ не ‘мбæрстой, хъазæн куы айсай уæд æй, рæстæджы æмгъуыды фæстæ, фæстæмæ радтын кæй хъæуы, цæмæй дзы алчи дæр спайда кæна. Афтæ уыд ратракыл дæр, уыд лæвар æмæ иу «цæрдæгдæртæ» бырыдысты цалдæргай хæттыты, иннæтæ та-иу иу бырд дæр нæ акодтой. Ацы уавæр æвзæрын кодта хæццæдзинад, уый тыххæй организатортæ алы хиирхæфсæн хуызæн дæр снысан кодтой æргътæ. Æнæхъæн боны дæргъы лыжæты прокаты аргъ у 500 сомы, сноуборд -500, дзоныгъ та – 300, ратракыл иу цыды аргъ -50 сомы. Курорты бæрнон адæймаг куыд зæгъы, афтæмæй æргътæ куы сæвæрдтой, уæд бирæ фенцондæр кусын, æмæ сæйра-джыдæр та хъахъхъæд цæуы фæтк.

Цыфæнды чысыл мадзалы дæр æнæмæнг хъуыддаг у адæймаджы æдасдзинады нормæтæ бахъахъхъæнын.  Нæ ахыстысты ацы фарсты иувæрсты дæр улæфæн бынаты организатортæ. «Фыццаджыдæр уал æрбацæуджыты бафæдзæхсæм, бацамонæм сын, цæмæй фыдбылыз ма æрцæуа, уый тыххæй цы аразын хъæуы. Фæлæ уæддæр тæссаг у быргæ бырын ахаугæйæ исты ныццæвынæй. Уымæ гæсгæ махмæ кæддæриддæр ис аптечкæтæ æппæт æмбæлон медикаменттимæ.  Уымæй дарддæр ам æрвыл бон дæр вæййынц дохтыртæ Гæджиты Къоста кæнæ та Кокойты Герсан æмæ бахъуыды рæстæджы баххуыс кæнынц адæмæн», – загъта Вадим.

Курортмæ æрбацæуджытæ се ‘ппæт дæр раздæхынц æвæндонæй, фæфæнды ма сæ уым аззайын, фæлæ, хъыгагæн, нырма уыцы уавæртæ нæй, цæмæй æхсæвы дæр баулæфой. Ацы фарсты фæдыл дæр ныртæккæ цæуы куыст. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ам ахæм æхцондзинадхæссæг бынат кæй фæзындис, уый сын у тынг æхсызгон. «Ахæм бынат кæй фæзынд нæ республикæйы уый у тынг æхсызгон хъуыддаг. Нæ республикæйы адæм улæфынмæ цæуынц республикæйæн æддæмæ, æмæ мæнмæ гæсгæ, уый раст нæу. Махæн нæхимæ ис æппæт гæнæнтæ дæр, фæлæ сыл хъæуы бакусын æмæ сæ скусын кæнын. Уый афтæ куы рауайа, уæд махæн нæхимæ цæудзысты улæфынмæ дæр æмæ хос кæнымæ дæр æмæ ахъаз уыдзæн нæ республикæйы размæцыдæн. Ныр ардæм уыйбæрц адæм кæй æрбацæуы, уый нын æвзæрын кæны хуыздæр цардмæ ныфсы æнкъарæнтæ», – радзырдта бынæттон цæрæг.

Курорты фæзынд бирæбæрцæй бандæвта хъæуы фæндагон бастдзинадыл дæр. Кæд-иу раздæр, бирæ митуарды фæстиуæгæн, ам дæргъвæтин рæстæджы нал уыд фæндæгтæ, уæд ныр та фæндагмæ æппынæдзух ис æмбæлон хъусдард. Плиты Вадим куыд загъта, афтæмæй фæндагон бастдзинады хъуыддаг йæхимæ райста Цхинвалы ГУП «Дорэкспострой» æмæ æрвылбон дæр ам фæкусынц сæрмагонд техникæ. Уый тыххæй нæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын ам чидæриддæр кусы, уыдонæн се’ппæтæн дæр Гуыззыдтаты Эдуард æмæ Бекъойты Семайы сæргълæудæй.

Хæрзиуджытæ кæм ис, уым ма æнæмæнг фæзыныц аиппытæ дæр. Ныртæккæ курорты организатортæ дæр æмæ бынæттон цæрджытæ дæр тыхсынц, улæфджытæй иуæй-иутæ сæ фæстæ кæй нæ бафснайынц, ныууадзынц брон æмæ халынц экологийы сыгъдæгдзинад. «Æппæты фыццаг куы скуыста курорт, уæд бакуыстам ацы фарстыл дæр, куыд гæнæн уыд, афтæ æрæвæрдтам урнæтæ, цæмæй адæм сæ брон кæмфæнды ма калой. Фæстæдæр бакодтам табличкæтæ, цыран фыст ис, цæмæй сæ брон æнæраны ран ма калой æмæ амонæм урнæтæм. Фæлæ стыр хъыгагæн ацы фарст нырма нæ бон не ссис кæронмæ аскъуыддзаг кæнын. Бирæтæ ма не’мбарынц, курортмæ кæй нæй дардыл фынгтимæ, нуæзт æмæ æндæр ахæмтимæ цæуæн. Бынаты цы хæрд вæййы, уый у лæварæй, фæлæ ууыл дæр нæ ауæрдынц, ома, кæд æнæаргъæй у, уæд æй райс æмæ дæ фæдыл дæ чашкæ дæр ма бафснай! Адæм куы ацæуынц, уæд мах, организаторты, бахъæуы сæ фæстæ бафснайын. Уæлдай хъыгдæр та вæййы, ахæм æнæуаг ахаст сабитæ нæ, фæлæ хистæртæ куы февдисынц, уæд». 

Æвзонг спортуарзджытæ Зассеты Сергей, Плиты Вадим, Тыбылты Георги, Бибылты Владимир, Джиоты Владик, Уанеты Эдуард æмæ иннæтæ стыр зæрдæрайæ кусынц, цæмæй Цъоны райтынг уа бæрзонд æмвæзадыл зымæгон улæфæндон. Уыдонæн ма сæ фарс балæууынц во-лонтертæ, хуымæтæджы адæм, кæцытæ æрбацæуынц сæхи ирхæфсынмæ. Ис сæм тынг бирæ перспективон фæндтæ. Уыдонæй иу у ам канатон трассæ айтынг кæнын. Æппæты къаддæрæй ахæм трассæйæн йæ дæргъ хъуамæ уа 2 километры бæрц. Ацы бынат дзуапп дæтты домгæ нормæтæн. Ис ма сæм, спортивон ерыстæ кæм цæуой, ахæм трассæ саразыны фæнд дæр. Хъыгагæн, цæмæй уыцы фæндтæ æххæст æрцæуой, уый тыххæй сын нырма нæ фаг кæнынц финансон фæрæзтæ.

Нæ республикæйы фæсивæд кæддæриддæр уыдысты æмæ сты спортуарзаг, цымыдис кæнынц спорты зымæгон хуызтæм дæр, фæлæ хъыгагæн алкæмæн нæй республикæйæн æддæмæ ацæуыны уавæртæ.  Цъонмæ ацæуын та у бирæ æнцондæр. Уымæ гæсгæ хорз уаид, ацы хъуыддагыл æмбæлонæй куыст куы ‘рцæуид. Уый бирæ ахъаз фæуид туризм райтынг кæныны хъуыддагæн дæр.

Плиты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта бынæттон цæрджытæй сæ фарсмæ чи ‘рбалæууыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.