Цыппар азы дæргъы Дзауы районы Цъоны хъæуы уæвынад кæны зымæгон улæфæндон, цыран, куыд нæ республикæйы цæрджытæ, афтæ æндæр рæттæй æрцæуджытæ дæр арвитынц сæ рæстæг зымæгон уавæрты. Ныр дæр та 5-æм январы улæфæндон йæхимæ райста фыццаг улæфджыты. Йæ организатортæ куыд загътой, афтæмæй фæнд кодтой улæфæндон раздæр байгом кæнын. «Мах фæнд кодтам январы 4-æм бон байгом кæнын улæфæндон, фæлæ уыцы бонты ам тынг мит уарыдис æмæ фæндæгтæ уыдысты сыгъдæгкæнинаг. Техникæйæ нæм ныртæккæ ис æрмæстдæр иу трактор æмæ уый та нæ тых кодта фæндæгтæ сыгъдæг кæныныл. Уымæ гæсгæ уал мах бакуыстам ацы фарстыл, асыгъдæг кодтам фæндæгтæ æмæ ныр улæфæндон райдыдта йæ куыст», – загъта Фæсивæды политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей.
Улæфæндон кæд йæ куыст фыццаг бон кодта, уæддæр 5-æм январы ардæм æрбацыд тынг бирæ фæсивæд, хистæр кары адæм дæр æрбакодтой сæ сабиты æмæ æрвыстой сæ рæстæг. Бæлвырд у, азæй азмæ митуард къаддæр кæй кæны, фæлæ хæхбæсты мит нырма дæр æруары бирæ æмæ уымæ гæсгæ алкæй дæр фæфæнды йæ зымæгон рæстæджы бæрзонд бынæттæм йæхи аирхæфсын. Уый пайда у адæймагæн йе ‘нæниздзинадæн дæр æмæ ма уымæй уæлдай та уды æхцондзинад райсынæн. Афтæ вæййы Цъоны улæфæндоны йæ рæстæг чи фервиты, уыдонæн дæр. «Ацы улæфæндон куы байгом ис, уæдæй нырмæ æрвылаз дæр мах æд сабитæ æрбацæуæм ардæм нæ рæстæг æрвитынмæ. Ам ис тынг хорз атмосферæ, æрдз у æнахуыр рæсугъд. Уымæ гæсгæ ардæм æрбацæуын махæн у æцæгæй бæрæгбон. Ис нын дыууæ сывæллоны æмæ уыдонæн дæр сæ зæрдæмæ ам тынг цæуы»,- загъта улæфæг Лиджиева Алиса.
«Фæзæгъынц зæгъгæ улæфынмæ дард ранмæ хъуамæ ацæуай. Æмæ кæд нæхимæ ис, æндæр бынæтты цы агурæг фæцæуæм, уый, уæд ма цæмæн фæхъæуы искуыдæм цæуын. Хуыздæр нæу, бынаты нæм цы æрдзон хæрзиуджытæ ис, уыдонæй нысанмæздæхтæй пайда кæнын, фылдæр хъусдард сæм аздахын æмæ сæ æмбæлон æмвæзадыл сæндидзын кæнын? Уыдтæн æндæр горæтты дæр зымæгон улæфæндæтты, фæлæ кæд уым комфортон уавæртæ фылдæр уыд, уæддæр Цъоны хуызæн уæлдæф, æрдз æмæ æхцондзинад райсыны уавæртæ никуы федтон. Хъæуы ма йыл æрмæстдæр фылдæр бакусын»,- загъта йæ хъуыды Арæнхъахъæнæг управленийы службæгæнæг, хъыргъыстайнаг сылгоймаг Алена.
Ныртæккæ улæфæндон ифтонг у сæдæйæ фылдæры бæрц лыжæтæ æмæ сноубордтæй, ис сæм дзоныгътæ дæр, фæлæ организатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзоныгътæ рагæй нал балхæдтой æмæ хуыздæр у, алчи дæр иу йæ дзоныгъ йемæ куы æрбаласид, уæд. «Финансон фæрæзты хъуагдзинады фæстиуæгæн дзоныгътæ ногæй нал балхæдтам, фыццаг аз кæй балхæдтам, уыдон та ныцъæл сты æмæ сцъус сты. Фарон æрластам лыжæтæ æмæ сноубордтæ. Уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи прокаты аргъ, зæгъæм боны дæргъы лыжæтыл бырыны аргъ у 500 сомы, сноубордыл дæр 500 сомы. Улæфджыты 2 киллометры бæрзæндмæ ласыны аргъ та у 50 сомы», – зæгъынц организатортæ.
Улæфæндоны хъахъхъæд цæуынц медицинон æдасдзинады уавæртæ дæр, ис дзы чысыл медафтиаг, цыран ис фыццаг æххуыс бакæнынæн æппæт медикаменттæ дæр. Ис сæм медхо æмæ бахъуыды рæстæджы уый бакæны фыццаг æххуыс.
Ивгъуыд аз ам волонтертæ сæхи хъæппæрисæй æмæ финансон фæрæзтæй сарæзтой иухатæнон хъармгæнæн. Хатæн ифтонг у пец, столтæ æмæ бадæнтæй. Ардæм улæфджытæ æрбахизынц сæхи бахъарм кæнынмæ, аулæфынмæ æмæ сæ дарæс басур кæнынмæ. Ис ма сæм цай æмæ кофе баназыны уавæртæ.
«Ивгъуыд азты мах улæфджыты нæхи фæрæзтæй ифтонг кодтам хæрдæй дæр, фæлæ нын ныр, хъыгагæн, уыцы уавæртæ нæй. Иуæй уый тыххæй æмæ нын нæй фаг æхцайы фæрæзтæ, аннæмæй та ардæм цыдысты скъолаты ахуыргæнджытæ æнæхъæн кълæсты ахуыргæнинæгтимæ æмæ-иу æгæрыстæмæй нысан кодтой гуырæнбонтæ дæр. Бирæтæ-иу, хъыгагæн, сæ фæстæ сæ брон дæр нæ бафснайдтой. Мæнмæ гæсгæ уый раст нæу, махмæ нæй уыйбæрц уавæртæ, нæй нæм хæринагаразджытæ, æфснайджытæ. Уымæ гæсгæ сидæм, цæмæй алы адæймаг дæр хъахъхъæна улæфæндоны фæткойтæ», – зæгъы комитеты хистæр.

Ацы бынаты æрдзы алæмæтон рæсугъддзинад, сæртæг миты хъыррызтмæ сатæг уæлдæфы иу хатт чи баулæфа, уый мæнмæ гæсгæ райсдзæн дæргъвæтин рæстæджы фаг æхцондзинад, æнæферохгæнинаг æнкъарæнтæ.

Комитеты сæргълæууæг ма бузныджы ныхæстæ загъта, сæ фарсмæ чи æрбалæууы æмæ сын сæ къух чи фæрог кæны, уыдонæн. «Сæйраджыдæр мæ фæнды бузныг зæгъын трактористтæ Джиоты Авто æмæ Æлборты Валикæн. Уыдон æрвылбон дæр лæууынц нæ фарсмæ æмæ бæстон сæ хъус дарынц фæндаджы уавæрмæ. Æнæзындгонд никæмæн у, хæххон бынæтты зымæгон уавæртæ куыд зынвадат вæййынц, уымæ гæсгæ ма сæ куыст ахъаз у, æрмæст улæфæндонмæ цæуджытæн нæ, фæлæ бынæттон цæрджыты фæндагон бастдзинады уавæрæн дæр», – загъта Зассеты Сергей.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.