Æмбæхст хъуыдытæ – æргомæй

Цæлхдуртæ бирæ ис нæ адæмы раз йæ фидæнмæ фæндагыл. Кæцыдæртæ дзы царды уавæртæй гуырынц, кæцыдæртæ та сты нæ æгуыдзæгдзинады аххос. Абоны царды зилдухæнты ирон адæм рæстмæ нал зонынц, нал хицæн кæнынц хорз æмæ æвзæр кæрæдзийæ.

Худинаг у давын, мæгуыр адæмы сайын, стъигъын, гæртамтæ исын. Адæмы фыдæх стыр æмæ ахадгæ у. Ахæм хъæздыгдзинады та амонд нæй. Дæ цæсгом æхцайыл æмæ бæрзонд бынæттыл макуы ауæй кæн. Уый у стыр худинаджы нысан. Хъуамæ зонæм æмæ æмбарæм нæ алыварс цы мæгуыр адæм ис, уыдоны. Мæгуырæн баххуыс кæнын та фарны хъуыддаг у.

Алы адæймагæн дæр аргъ кæнын хъæуы йæ дзыпп æмæ йæ бынатмæ гæсгæ нæ, фæлæ йæ удыхъæдмæ гæсгæ. Чи цы у, уый йæ хъуыддæгтæй бæрæг вæййы. Лæгдзинад æхцайæ баргæ нæу. Йæ сыхы, йæ хъæубæсты мидæг, адæмы домæнтæ хи хъуыддæгтæй бæрзонддæр чи æвæры, уый уыдис кæддæриддæр арфæйаг, адæмæн уарзон.

Бæрзонд бынæттæ, бирæ мулк, цæстмæ митæ, æдзæстуарзондзинад лæггæнæг систы, кæмæндæр та – æгъдаубарæн.

Иуныхасæй, нæ фидæны паддзахадон, æхсæнадон æмæ культурон арæз-тадæн сæйраг æнцойтæн сæвæрын хъæуы национ иудзинад, национ идейæ, национ æвæрдад, национ цардарæзт æмæ национ цардахаст. Æрмæстдæр уæд бахъахъхъæндзыстæм нæхи, æрмæст нын уæд аргъ кæндзысты иннæ адæмтæ дæр. Фæлæ уый афтæ дзурæг нæу, æмæ не ‘хсæн цы адæмтæ цæры, уыдоны цæмæйдæр иу мисхал дæр бахъыгдарæм. Хуыцау нæ уымæй бахизæд! Йæхи пайдайæн иннæты цы адæм хъыгдара, уый йæхæдæг сæрибар æмæ амонджын никуы уыдзæн.

Нæхицæн цы аразæм, не ‘хсæн цæрæг адæмтæн дæр уый аразын хъæуы, æндæр адæмыхаттæй Ирыстоны иу лæг куы цæра, уæддæр. Алы адæмыхаттæн дæр хъуамæ бар уа йæ цард йæхи фæндонмæ гæсгæ сæвæрын, йæхи цардахастæй цæрын. Фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ не ‘хсæн цæрæг адæмты зæрдæ æлхæнгæйæ, нæ паддзахадон, социалон æмæ культурон арæзтадты сæ ирон бындурæй фæхицæн кæнæм. Зæххы цъарыл иу наци дæр нæй, йемæ æмхæццæ цæрæг адæмты тыххæй йæхи æхсæнадон уагæвæрд æмæ удварн чи аивта. Не ‘хсæнадон уавæртæ æмæ нæ æрдзон фадæттæй иннæ адæмтæ дæр мах æмбар пайда кæнæнт. Æцæг нæхæдæг æхсæнад æмæ æрдзы размæ нæхиуыл цы хæстæ æвæрæм, уыдонæй дæр сæхи иуварс ма исæнт.

Сыджыт, дам, рохгæнаг у – мард адæймаджы ферох кæнын кæны. Фæлæ æхца  та удæгæсты дæр æрбайрох кæны, уымæн æмæ æхцайы къæр-къæр æфсарм къуырма кæны.

Хъуыстгонд уырыссаг дзырды зæрингуырд Валентин Распутин уымæн фыста: «Миназонтæ ивынц кæрæдзийы, цивилизаци бацыд къуырцдзæвæнмæ. Фидæнæн ахъаз цы уыдаид хорзæрдæм рæзтæн, уыдон фесæфтам, ныззыгъуыммæтæ код-там. Ралæууыд змæст рæстæг. Æмæ нын æнусты рындзыл ацы бон лæвæрд цæуы куыд фæдзæхст, куыд фæстаг гæнæн раст цард равзарынæн».

Абоны цардæн йе стырдæр хæзнайыл нымад у мулк. Хъæздыгдзинад, æнæфсисдзинад, æнæуынондзинад уæлахиз кæнынц адæймагдзинадыл. Адæймаджы ахсджиагдæр миниуджытæ: уæздандзинад, æфсарм, æгъдау, цæстуарзондзинад ивд æрцыдысты зыд, кæрæф æмæ æдзæстуарзондзинадæй. Лæгдзинад, намыс рохуаты аззадысты. Æхца сси кад дæр, æфсарм дæр.

Царды ахсджиагдæр у, фыдæлтæй ныууадзгæ удвæрны хæзнатæ: æгъдау, æфсарм, цæстуарзондзинад, лæгдзинад, куыстуарзондзинад, уды конды рæсугъддзинад бахъахъхъæнын æмæ сæ сыгъдæгæй адæттын рæзгæ фæлтæрмæ. Сæйраг хæсыл нымайын хъæуы нæ фидæны æхсæнадæн бæллиццаг фæлтæр сахуыр æмæ схъомыл кæнын. Хъуамæ уа хъæздыг сæ миддуне фыдæлты фарн æмæ намысæй, уарзой сыгъдæгудæй фæллой кæнын, цæстыгагуыйау хъахъхъæной фыдæлты уæзæг, мадæлон æвзаг.

Адæймаг иппæрд куы уа фыдæлты фарнæй, куы нæ хъуса мадæлон æвзаджы аив мыртæ, уæд йæ цард, йæ сомбон мæйдар æхсæвау тар æмæ талынг уыдзæн. Сæрыстыр куы нæ уа, ирон кæй у уымæй, хорз куы нæ зона йæ адæмы истори, æнусты нæ, фæлæ мингай азты дæргъы хорзæй цы ракодтой, иннæ адæмтимæ сæ ахастдзинад, сæ царды уавæртæ. Уæд ын нæй фыдæлты зæххыл фидар, барджын къахдзæфтæ кæнæн, нæй йын бахизæн фидæны уæрæх фæндагмæ. Фидæн, ивгъуыды уидæгтыл æнцой кæны. Йæ ивгъуыды фарны уидæгтæ фидар кæмæн сты, уымæн йæ фидæнæн фæцудæн нæй.

Кæронбæттæны мæ фæнды зæгъын уый, æмæ мæ фæндтæ мæ къухы кæй бафтдзысты. Ууыл дызæрдыг нæ кæнын. Уымæн æмæ æз цардмæ кæсын, куыд æмбæлы, ахæм цæстæй – æууæндын рухс фидæныл. Мæнæн мæ царды ахсджиагдæр сты, фыдæлтæй ныууадзгæ удвæрны хæзнатæ. Мæ бæллиц сæххæст кæнынæн мын стыр ахъаз сты мæ царды фæткты цыппар цæджы: зонын, бæллын, уарзын æмæ архайын.

ДРИАТЫ Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.