Хуссар Ирыстоны æрдз алæмæттаджы рæсугъд у, куыд сæрдыгон, афтæ зымæгон рæстæджы дæр. Сатæг уæлдæф, ландшафтон миниуджытæ æппæтæй дæр дзуапп дæттынц нæ руспубликæйы алыгъуызон курорттæ æрбакæнынæн. Фæлæ, хъыхагæн, ныртæккæ ам цы улæфæндæттæ ис, уыдон сты хæрз цъус. Зымæгон улæфæндæттæй сæ иу цалдæр азы размæ арæзт æрцыд Дзауы районы Цъоны хъæуы. Ивгъуыд улæфтбонты та ам æрбайгом ис улæфæн сезон æмæ та йæхимæ райста фыццаг улæфджыты.

Улæфæндон саразджытæ æмæ йыл райдайæнæй нырмæ чи кусы, уыдонæй сæ иу, Плиты Вадим куыд радзырдта, афтæмæй æрвылаз дæр бакусынц улæфæндон рауæрæхдæр кæныныл. «Курорт æрбайгом кæнынмæ фыццаг къахдзæфтæй иу уыд 1км æмæ 300 метры дæрддзæгæн дзоныгътыл бырæн трассæ саразын. Ныххафтам æй трактортæй æмæ йæ æмбæлон уавæрмæ æркæныны фæстæ, 2019 азы январы мæйы райстам фыццаг улæфджыты. Уæд мах фæнд кодтам ам æрмæстдæр дзоныгътыл бырæн чысыл трассæ саразын, фæлæ куы федтам, тынг бирæ адæм нæм кæй цыд æмæ алыгъуызон зымæгон хъæзтытæ  кæй домдтой, уæд фæивтам нæ фæнд æмæ улæфджытæн сарæзтам фылдæр уавæртæ. Ныртæккæ ам ис лыжæтæ  æмæ дзоныгътыл бырæн хицæн трассæтæ. Ацы аз ма сыл бакуыстам, фæуæрæхдæр сæ кодтам, æмæ ныртæккæ сты бирæ æдасдæр раздæримæ абаргæйæ. Уыдонæн сæ райдайæн ис бæрзонд хохрæбын æмæ уырдæм ссæуын алкæй бон нæу къахæй. Уый хынцгæйæ мах самал кодтам сæрмагонд машинæ – ратрак æмæ ууыл сласæм улæфджыты», – радзырдта Вадим.

Вадим ма куыд загъта, афтæмæй курорт кæд нырма иу бон йедтæмæ нæ бакуыста, уæддæр сæм ныридæгæн уыд бирæ адæм. Банысан кæнын хъæуы, ахæм улæфæн бынат нæ республикæйы кæй ис æрмæстдæр иу. Раздæрау мит бирæ нал æруарыд ацы зымæджы дæр, æмæ куыд хистæр кары фæсивæд, афтæ ныййарджытæ дæр тырнынц сæ сабитимæ зымæгон улæфæндоны сæхи аирхæфсын, æхцондзинад райсын митæй æмæ митыл хъæзтытæй.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæйы территорийыл ис æндæр бынæттæ дæр, фæлæ йæ ландшафт, æрдзон уавæртæ æмæ йæ бынаты равæрд æрмæстдæр Цъоны дæдтынц дзуапп зымæгон хиирхæфсæн курорт саразынæн», – загъта Вадим.

Ивгъуыд азы волонтерты хъæппæрисæй ам арæзт æрцыд, йæ фæзуат 54 квадратон метры кæмæн у, ахæм вагон. Ис дзы тæрхджытæ, скъаппытæ стъолтæ, электроны цайниктæ, хæрæндоны мигæнæнæтæ, пецтæ, алы æрбацæуæгæн дæр цай, кофе æмæ æндæр адджинæгтæ сты лæварæй. Ныронг ма лæварæй уыдысты æппæт лæггæдтæ дæр, фæлæ ныр æнæхъæн боны дæргъы прокаты райсын: лыжæты аргъ у 500 сомы, сноуборд – 500, дзоныгъ та – 300, ратракыл иу цыды аргъ -50 сомы. Курорты бæрнон адæймаг куыд зæгъы, афтæмæй æргътæ куы сæвæрдтой, уæд бирæ фенцондæр кусын, æмæ сæйраджыдæр та хъахъхъæд цæуы фæтк.

Улæфæндоны ма хъахъхъæд сты адæймаджы æдасдзинады нормæтæ дæр.

«Фыццаджыдæр уал æрбацæуджыты бафæдзæхсæм, бацамонæм сын, цæмæй фыдбылыз ма æрцæуа, уый тыххæй нормæтæ. Фæлæ уæддæр тæссаг у митыл ахаугæйæ исты ныццæвынæй. Стæм хатт ма вæййы афтæ дæр æмæ сæ мит фæсайы, кæнæ та раст нæ фæпайда кæнынц инвентарæй æмæ ацъæл вæййы къах, кæнæ къух. Уымæ гæсгæ махмæ кæддæриддæр ис аптечкæтæ æппæт æмбæлон медикаменттимæ.  Æрвыл бон дæр ам вæййынц медхотæ æмæ бахъуыды рæстæджы баххуыс кæнынц адæмæн», – загъта Вадим.

Хъыгагæн нырма нæй уавæртæ, цæмæй улæфджытæ æхсæвы дæр баззайой ам, фæлæ организатортæ ныртæккæ кусынц ацы фарстыл дæр æмæ сæ ныфс ис, æввахс рæстæджы кæй аскъуыддзаг уыдзæн.

Æвзонг спортуарзджытæ Зассеты Сергей, Плиты Вадим, Тыбылты Георги, Бибылты Владимир, Джиоты Владик, Уанеты Эдуард æмæ иннæтæ зæрдиагæй кусынц, цæмæй Цъоны райтынг уа бæрзонд æмвæзадыл зымæгон улæфæндон. Уыдонæн ма сæ фарс балæууынц во онтертæ, хуымæтæджы адæм, кæдон æрбацæуынц сæхи ирхæфсынмæ.  Ис сæм тынг бирæ перспективон фæндтæ. Уыдонæй иу у ам канатон трассæ айтынг кæнын. Ахæм трассæйæн йæ дæргъ хъуамæ уа æппынкъаддæр 2 киллометры бæрц. Ацы бынат дзуапп дæтты домгæ нормæтæн. Ис ма сæм спортивон ерыстæ кæм цæуой, ахæм трассæ саразыны фæнд дæр. Хорз уаид, ацы хъуыддагыл æмбæлонæй куыст куы ‘рцæуид. Уый бирæ ахъаз фæуаид туризм райтынг кæныны хъуыддаджы дæр.

Хуыгаты Миленæ