ЦХИНВАЛЫ АДМИНИСТРАЦИ ХЫГЪД РАДТА  АИВГЪУЫЙГÆ АЗЫ БАКÆНГÆ КУЫСТÆН

Аивгъуыйгæ азы нæ горæты адæмы царды æмвæзад фæхуыздæр кæныныл, цæрынæн сын æмбæлон уавæртæ аразыныл цы куыст цыдис, уый тыххæй аивгъуыйгæ азы бакæнгæ куысты тыххæй хыгъдон æмбырды дзырдта горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан.

Хыгъдон æмбырды хайад райстой нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Коцты Алан куыд банысан кодта, афтæ-мæй 2018 азы горæтæн рахицæнгонд бюджетон фæрæзтæ кæй уыдысты 769 милуан 810 мин сомы. Уыдонæй горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæн рахицæн æрцыд 184 милуан 397 мин сомы. Уыцы æхцайы фæрæзтæ хардз æрцыдысты уынгты, фæзуæтты, скверты, коммуналон-цæрæн фонды капиталон цалцæг, уынгты капиталон цалцæг, уынгты рухсыты æмбæлонæй дарыныл æмæ афтæ дарддæр. Уыцы хæрдзтæ 2017 азмæ абаргæйæ уыдысты 18 милуан 29 мин сомы фылдæр.

Уымæй дарддæр ма РХИ-йы Президенты фондæй горæты администрацийæн уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ рахицæн æрцыдис 5 милуан 412 мин сомы, афтæ ма йын 543 мин сомы та рахицæн æрцыдис Хицауады резервон фондæй. Уыцы фæрæзтæй цалцæг  æрцыдис 5-æм скъолайы кæрты мемориал, раивдæуыд Мамсырайы фырты уынджы 1-æм кооперативон хæдзары æмбæрзт, материалон æххуыс бачындæуыд, йæ хæдзар кæмæн басыгъд, уыцы æмбæстæгтæн, афтæ ма фæрæзтæ рахицæн æрцыд ногазон конкурс «Хуыздæр назбæлас» сфæлындзыны тыххæй уæлахизуæвджытæн. 2017 азимæ абаргæйæ æппæт хæрдзтæ фæфылдæр сты 867,1 мин сомы, уыимæ 22 милуан 295 мин сомы фæфылдæр сты куыстмыздты тыххæй хæрдзтæ дæр.

Горæты хæрзарæзтады тыххæй дзургæйæ Коцты Алан банысан кодта, хыгъдон азы хæрзарæзтады управленийæн рахицæн кæй æрцыд 123 милуан 635 мин сомы.

Хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ æдзухдæр сæ хъус дардтой уынгты, фæзуæтты, скверты, газонты, парчы сыгъдæгдзинадмæ. Горæты территорийæ рæстæгыл ласт цыдысты брæттæ. Уæлдай хъусдард здæхт цыдис горæты скверты, газонты кæрдæг кæрдынмæ. Зымæгон бонты дæр митæй сыгъдæг цыдысты уынгтæ, тротуартæ. Цъæхдарæнты хайад газонты сагътой дидинджытæ, декоративон бæлæстæ æмæ къутæртæ. Санитарон æгъдауæй лыг цыдысты горæты уынгты сагъд бæлæстæ. Фарон горæты цады территорийыл сывæллæттæн арæзт æрцыд хъазæн фæзуат. Хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ ма бакодтой горæт бæрæгбонтæм цæттæгæнæн куыстытæ.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты комбинатæн æлхæд æрцыдис сæрмагонд техникæ 7 иуæджы, æндæр æмæ æндæр техникæ, 150 евро-контейнеры, 30 бункеры æмæ æвæрд æрцыдысты горæты æндæр æмæ æндæр уынгты.

Цалцæггæнæн-арæзтадон управлени аивгъуыйгæ азы цы куыстытæ бакодта, уыдон уыдысты 48 691700 сомы. Уыдонæй рог цалцæг цыдысты горæты хицæн уынгтæ æмæ тротуартæ. Æвæрд æрцыдысты 90 фылдæр фæндагон нысæнттæ. Хæдзæртты алыварс 7 территори хæрзарæзт æрцыд. Зæгъæн ис, æмæ горæты алы сывæллæтты хæдзар дæр рог цалцæг кæй æрцыдис. Сывæллæтты 15-æм, 16-æм цæхæрадæтты та сæвæрдтой хъармгæнæн системæтæ.

Паддзахадон унитарон куыстуат  куыста, горæты уынгты рухсытæ æмæ светофортæй чи хæлд, уыдон цалцæг кæныныл.

Дыууæ ног светофоры та  æрцыдысты æвæрд, афтæ ма ацы куыстуат горæты фæлгондз кодта паддзахадон бæрæг-бонтæм, сæвæрдта горæты сæйраг назбæлас. Уыцы æмæ æндæр куыстытæн горæты бюджетæй «Ир-дизайн»-æн рахицæн æрцыдис 5 508 мин сомы.

Паддзахадон унитарон куыстуат – «Водоканал»-ы тыххæй дзургæйæ раныхасгæнæг загъта, зæгъгæ йæ бюджет кæй уыди 48 014 300 сомы. Донифтонгады фæдыл цæрджытæн лæггæдтæ бакæнынæй, æфтиæгты план сæххæст 1251 процентæй 2017 азимæ абаргæйæ, аивгъуыйгæ азы доны тыххæй фиддонтæ æрæмбырд 1927,2 мин сомы фылдæр. Ацы куыстуат фыццаг хатт йæхи фæрæзтæй сцалцæг кодта горæты 9 уынджы донифтонгады æддагон хызæгтæ. Инвестпрограммæйы фæлгæтты капиталон цалцæггæнæн куыстытæ æххæст æрцыдысты горæты 8 уынджы. Уымæй дарддæр ма æххæст кодтой аварион-цалцæггæнæн куыстытæ дæр.

Исадон-зæххы фæдыл ахастыты управленийы балансы, Коцты фырт куыд банысан кодта, афтæмæй ис 80 объекты. Арендон фиддонтæй æфтиæгтæ ивгъуыд аз уыдысты 369629 сомы. Горæты æддаг бакаст фæрæсугъддæр кæныны нысанæн, горæтæй аласт æрцыдысты 22 æфсæн гаражы.

Хыгъдон рæстæджы цæрæнуатон-эксплуатацион управленийы кусджытæ сцалцæг кодтой Плиты Харитоны уынджы донуадзæн æмæ канализацион хæххыты. Рог цалцæг æрцыдысты цæрæн корпусты  6 бахизæны. Афтæ ма рог цалцæг скодтой 10 скъолайы. Аиуварс кодтой 50 аварийы цæрджыты куырдиатмæ гæсгæ. Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытимæ ссыгъдæг чындæуыд 566 фатеры вентиляцион каналтæ. Дыууæ лифты æвæрд æрцыдысты Нæузæххонты уынджы, афтæ ма цалцæг цыдысты зæронд лифтытæ дæр. Капиталон цалцæг цыдысты, августы хæсты чи ныппырх сты, ахæм фатертæ.

Ахуырады къабазы горæты скъолатæ æмæ сывæллæтты цæхæрадæттæ комплектгонд уыдысты ахуыргæнджыты кадртæй. Скъолатæ ифтонг сты лæвар ахуыр-гæнæн чингуытæй. Ахуырадон уагдæттæ сгæрст цыдысты хæлцæй  ифтонгады æмæ санитарон уавæрты фæдыл. Хыгъдон рæстæджы 92 ахуыргæнæджы сæ квалификаци бæрзонддæр кодтой Цæгат Ирыстоны, скъолаты уагътой олимпиадæтæ, мастер-кълæстæ, гом уроктæ. Ивгъуыд фæззæджы ногдзауты лагерь «Артек»-ы баулæфыдысты 9 ахуыргæнинаджы. Сывæллæтты  хъахъхъæныны  боны   та   5 ахуыргæнинаджы хайад райстой Мæскуыйы бæрæгбонты.

Ивгъуыд азы марты «Малусæг»-ы программæмæ гæсгæ сывæллæтты æппæт цæхæрадæтты дæр уагъд æрцыдысты мадзæлттæ “Хæрзбон сывæллæтты цæхæрадон, æгас цу скъола!”

Цæрджыты социалон хъахъхъæнынады фæдыл дзургæйæ, горæты администрацийы сæргълæууæг банысан кодта, сывæллæттæн æххуыстæ фидыны ахсджиагдзинад. Адресон æххуыс истой хæдзармæ, сæ бон кусын кæмæн нæу, ахæм иунæг адæймæгтæ. Уыдон сты 72 адæймаджы бæрц. 21 адæймаджы хæрзаудæн  акцийы фæлгæт-ты исынц æнæаргъæй дзул, 70 иунæг адæймаджы та райстой хæлцадон продукттæ.

Æнахъомты хъомылады  хъуыддæгты тыххæй загъта, зæгъгæ, куыст цыдис æнахъомты хъуыддæгты æмæ сæ бартæ хъахъхъæныны фæдыл дæр. Æнахъомты æхсæн цыд профилактикон куыст, скъолаты уагътой лекцитæ алкоголизм æмæ наркоманийы проблемæйы фæдыл. Сгæрст цыдысты ахæм бинонтæ, кæцыты ис зынхъомылгæнæн сывæллæттæ. Ахæм бинонтимæ уагъд цыдысты профилактикон мадзæлттæ.

Горæты администрацийы культурæйы управлени зынгæ куыст бакодта хыгъдон рæстæджы – уагъта концерттæ æмæ æндæр мадзæлттæ æппæт бæрæгбонтæ æмæ зæрдылдарæн бонты.

Киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд цыдысты сфæлдыстадон коллективты концерттæ. Афтæ ма концерттæ лæвæрдтой Дзæуджыхъæу, Хъæрæсе-Черкесийы. Сывæллæтты хореографион ансамбль «Ирон» хайад иста «Кафты дунейы» фестиваль»-ы æмæ  бацахста фыццаг бынат. Музыкалон скъолайы ахуыргæнинæгтæ уæлахиз кодтой фестивалты æппæт-уæрæсейон конкурсты. Сывæллæтты аивæдты скъола ссис дунеон æмæ æппæт  уæрæсейон конкурсты лауреат. Сæрды мæйты Ногдзауты парчы уагъд цыдысты хиирхæфсæн мадзæлттæ, уыцы нымæцы “ирон хъазт” дæр.

Коцты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй скъуыддзаг æрцыд ахсджиаг проблемæ – Культурæйы управленийæн лæвæрд æрцыд комфортабелон автобус гастролты цæуынæн. Афтæ ма культурæйы хæдзарæн фæзынд йæхи сæрмагонд бæстыхай дæр.

Хыгъдон æмбырды раныхас кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ æвæрццаг аргъ скодта горæты администрацийы куыстæн. Уыимæ банысан кодта къорд фарстайы, кæцыйыл хъæуы серьезон æгъдауæй кусын. Фыццаджыдæр, хъусдард аздæхта горæты архитектурон хуыз фæхуыздæр кæнынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ нæй æруадзæн хæццæ арæзтадæн, уый сафы горæты иумиаг хуыз æмæ цæрджытæм дæр æвзæрын кæны æнæра-зыдзинад. Хъæуы бакусын горæты архитектурон планыл, дизайнертæ æрбахонын. Мах, зæгъгæ, хъæуы нæ горæты рæсугъд аразын, цæмæй дзы комфортон уавæртæ уа йæ цæрджытæн æмæ уазджытæн. Æвзæрыл банымадта муниципалон хæдзæртты алыварс территориты уавæр. Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй уыцы нысанæн уæлæмхас хицæн цæуы 20 милуан сомы.

Ахсджиагыл банымадта хæсты рæстæ-джы кæмæн разиан чындæуыд, уыцы цæрæнуаты æндидзынад кæронмæ фæуын. «Ацы аз хъуамæ иууылдæр цалцæг æрцæуой æмæ фарст скъуыддзаг æрцæуа. Уый тыххæй паддзахадон бюджетмæ бахастæуыд ивындзинæдтæ, рахицæн æрцыдысты 30 милуан сомы. Уыцы иурæстæджы куыст цæудзæнис хисæрмагонд хæдзæртты æндидзын кæныныл дæр», – загъта, уый.

Президент æрдомдта, цæмæй афæдзы кæронмæ скъуыддзаг æрцæуа лифтыты проблемæ. Хъæуы смонтаж кæнын 14 бирæуæладзыгон хæдзæртты лифтытæ. Уыцы куыстытыл бахардз уыдзæн 35 милуан сомы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы хæдзæртты цæрынц зæрæдтæ, сылгоймæгтæ, инвалидтæ æмæ зындзинæдтæ ма хъуамæ æвзарой.

Паддзахады сæргълæууæг æрсидт горæты администрацийы разамынадмæ, цæмæй контроль кæна социалон нысæнттæн рахицæгонд фæрæзтæй куыд пайда цæуы, ууыл. Куыд банысан кодта, афтæмæй финанстæ хъуамæ хæццæ кæной сæ хицæуттæм æмæ æмæ макуы сæфой. Никæмæн, зæгъгæ, ныббардзыстæм сывæллæттæн æмæ йæ фезмæлæнтæ йæ бар кæмæн не сты, уыдонæн рахицæнгонд фæрæзтæ æнæзакъонæй хардз кæнын. Афтæ ма æрдомдта, цæмæй контроль цæуа скъолайы агъоммæ уагдæтты æмæ скъолаты хæлцадон продукттæй ифтонг кæныныл, контроль цæуа чи сæ ифтонг кæны, уыдоныл дæр, цæмæй кæддæрид-дæр ифтонг цæуой хæрзгъæд продукцийæ.

Хыгъдон æмбырды ма дзырд цыдис æндæр актуалон фарстытыл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.