Царды бирæ цымыдисон æмæ курдиатджын адæмыл сæмбæлдтæн, фæлæ дзы æцæг рухсзæрдæ, æнæхин æмæ арф миддуне кæмæн уыд, уыдонæй сæ иу уыд  курдиатджын нывгæнæг Коцты Павел Григолы фырт.

Йæ райгуырæн Чеселтгом куыд рæсугъд у, афтæ курдиатджын уыдис йæ нываивад æмæ йæ акварель. Нывкæнынады акварелæй хивæнддæр æрмæг нæй. Уый хынцгæйæ, уæлдай дæсны Павел уыд акварелы зындæр техникæмæ – бынтон хуылыдз гæххæттыл ныв кæнынмæ, алла прима зæгъгæ. Денджызы фæлгонц Иван Айвазовскийы хуызæн ничима ныффыста. Ирыстоны хæхтæ та изæрмилты æмæ ‘хсæвыгон мæйы рухсмæ  Коцты Павелæй аивдæр æмæ хæрзконддæрæй ничи равдыста – æниу йæ нывты æрмдзæф никæимæ схæццæгæнæн ис.

Йæ фыды фыд Коцты Михелы фыццаг дунейон хæстæй куы æрыздæхт, уæд æй баурæдтой Гуры районы тæрхонгæнæгæй. Йæ мыккаг ын ивын кæнын кодтой Кочишвилийыл. Бирæ нæ бафæрæзта Михел гуырдзиæгты фыдуаг ахаст ирон адæммæ аемае фæстæмæ æрыздæхт йæ райгуырæн  Чеселтгоммæ.

Чеселтгом Хуссар Иры уæлдай хъуыстгонд уыди. Фыццаджыдæр йæ цæрджыты Гуырдзыимæ æнæбасæтгæ тохæй – нæ бакуымдтой гуырдзиаг æлдæрттæн цагъайраг суæвын, не ‘рххастой уый сæ сæрмæ. Æмæ Коцты Бега æмæ йæ мады æфсымæр Къæбысты Акайы удуæлдай тохы фæстæ Уæрæсейæн æппынфæстаг бантыстис ирон адæм тъыснæггæнæг гуырдзиæг æлдæртты  ных бакъуырын æмæ Хуссар Иры адæм дывæр хъалонæй фервæзын кæнын.  Уæдæй фæстæмæ нæ адæм се ‘мбæстæйаг хъалон фидын байдыдтой комкоммæ Уæрæсейы Империйæн. Сæ царды уавæртæ уый фæстæ, кæй зæгъын æй хъæуы, зынгæ фæрогдæр сты.

Æппæтварсон æгьдауджын адæймагæй баззад Павел йæ бирæнымæц æмбæлтты мысинæгты æмæ сфæлдыстады. Мысынц æй йæ хæлар  фысджытæ, зарæггæнджытæ, кафджытæ. Фынгыл æгъдау дæттæг, рæсугъд кувæг æмæ зарæггæнæгæй йæ бахъуыды кодтой уыдон.

Иу афон, дам, ын фынгыл йæ зарæг фехъуыста зындгонд зарæгамонæг, композитор æмæ педагог Дзаттиаты Анисим æмæ йæ нал ныууагъта, фæхуыдта йæ  нæлгоймæгты хормæ. Уым, нывкæнынадыл йæ зæрдæ нæ сивгæйæ Павел  фæзарыд бирæ азты дæргъы.

Афтæ, мæм кæсы, цыма Джусойты Нафи йæ роман «Фыдæлты туг»-ы Коцты Бегайы фæлгонц Коцты Па-велæй рафыста. Æнæуидæр Нафийы хæрзæфсымæр поэт Хаджеты Таймураз, фыссæг Гуыцмæзты Алеш æмæ Павел æвзонг ма куы уыдысты, уæд кæрæдзийæ æфсымæртæ загътой. Хаджеты Таймураз йæ зынаргъ æрдхордыл фыста:

Дæ бонтæ хорз, Пъауле, мæ сагæлвæст къуыдайраг!

Кæс-ма, нæ урс хæхтыл гæзæмæ лидзы бон.

Ды та ныкъуылддзæстæй дæ тыгъд кæттаджы буармæ

Хæссыс нывæфтыдæй дæ зæрдæйы фæндон.

 

Дæ ахорæнтæ – ‘взæрст, лæгъз фæйнæгыл – мæкъуылтау,

Хæссы сыл арæхсгай йæ дæрзæг æрмттæ сис:

Чысыл саби кæны тæвд пецы сæр цæкуытæ, –

Къаннæг тымбыл хуртæ æфтауынц ууыл дис.

Сæ хæлардзинад тæхудиаг уыдис. Се’ннæ æмбæлттимæ иу зæрдæбынæй цин кодтой Уæрæсейы горæтты Павелы персоналон равдыстытыл, афтæ ма Советон нывгæнджыты æппæтцæдисон равдыстыты йае хайадистыл дæр. 1984 азы Павел Хуссар Ирыстоны минæвар уыдис Æппæтцæдисон советон акварелистты архайдтыты æмæ архайдта горæт Иркутскы стыр равдысты. Йæ дæсныйад, йæ курдиатæн ын бæрзонд аргъ скодта Советон нывгæнджыты Цæдис æмæ уыцы аз Павел сси Нывгæнджыты Цæдисы уæнг.

Коцты Павел: «Куыд хъуамæ ныууадзон мæ хæхтæ?»

Бирæ профессионалон æгъдауæй нывæст куыстытæ уыд Павелмæ. Фæлæ 1989-æм азы гуырдзиаг æгъатыр ‘рбабырст ирон адæмы царды æнæсхосгæнгæ хъæдгæмттæ ныууагъта, адæмы та бахъуыдис сæ сæрибардзинадыл тохы бацæуын. Павел дæр йæ уарзон Ирыстоны фарсмæ æрбалæууыд. Æрæджы хъуыстон нæ Фыдыбæстæйы сæрылхæцджытæй сæ иу, Бестауты Баламæ.  Уый æрымысыд 1989-æм азы ноябры цаутæ, горæтмæ хурыскæсæн æрбахизæнæй гуырдзыйы æрбабырст куыд баурæдтой, цæстыфæныкъуылдмæ хиды хъусмæ лæппутæ куыд æрбатымбыл сты, ранымадта, кæй дзы федта, уыдоны номгай, мыккаггай æмæ загъта, се ‘хсæн уыд «Хорз чеселттаг лæппу Коцтæй, нывгæнæг». Уым, хидмæ ‘ввахс, Советон рæстæджы уыдысты нывгæнджыты æрмадзтæ. 1990-æм азы сыл гуырдзиæгты æхс-тытæй зынг бафтыд æмæ басыгъдысты. Уыцы хабар нæ нывкæнынады дзыллæйæн стыр зиан æрхаста. Павелæн дæр дзы йæ куыстыты фылдæр хай – 200-йы бæрц – басыгъдис…

Уыцы дудгæ азтæ никæй ныууагътой æнæхъыгдардæй. Не’рагъ нын састой æнæрынцойæ. Фæлæ уæддæр æмæ алы хатт дæр Павелæн йæ ныхас, йæ Хуыцаумæ куывд уыд «фыдæлты уæзæг куыд никуы федзæрæг уа». Иу бон дæр никуыдæм ацыд йæ бинонтимæ, «Куыд хъуамæ ныууадзон мæ хæхтæ?», зæгъгæ. Райгуырæн зæхх æцæг уарзтæй уарзын æмæ йын сыгъдæг зæрдæйæ лæггад кæнын, мадæлон æвзагæн аргъ кæнын, æрдзы рæсугъддзинæдтæн æмæ арвы диссаджы ахорæнтæ уы-нын ахуыр кодта йе’ртæ хъæбулы. «Царды цыфæнды куы ‘рцæуа, цасфæнды зын уын куы уа, уæддæр уæ цæсгомыл уæ къух куыд никуы сисат, уæ адæймагдзинад куыд никуы фесафат, афтæ цæрут», – зæгъгæ cын амыдта.

2005-æм азы хурхæтæны мæйы, йæхи ныхасау, йæ зынг ахуыссыд. 55 аздзыдæй!. Йе’гæрон уарзт йæ райгуырæн хæхтæм, йæ иубæстон адæмы удысконд, зондахаст, се ‘рвылбоны фыдæбон, сæ цинтæ, сæ ристæ, æмæ сæ бæллицтæ нын ныууагъта йæ куыстыты.

ДАМБЕГТИ Иринæ

Къамы: Хуыгаты Никъала(нывгæнæг), Хаджеты Таймураз, Коцты Павел се ‘мбæлттимæ.

———————————————————

 

ХАРЕБАТЫ Леонид

Арын дзы хорз нывгæнæг æмæ хорз æмбæстаг Коцты Павликы рухс ном

 

Æз нæ бафсæстæн дæ уындæй,

Уæ, Мæ райгуырæн, мæ бæстæ!..

Æз нæ бафсæстæн цæрынæй,

Æз нæ бафыстон дæ хæстæ!

 

Иры урс хæхтæ, – мæсгуытæ,

Æмæ, хуссæртты цъæх фæзтæ,

Чи уæ уарздзæнис зæрдæйæ,

Чи уыл тайдзæнис мæ фæстæ?!

 

Ехх, мæгуыр мæ бон, кæронмæ

Фыст куы нæ фæцис мæ аргъау,

О, куыд мæ фæндыд: мæ Ирæн

Æз куы сыгъдаин цырагъау!

 

Хастон кæттагмæ зæрдæйæ

Уæ, мæ Иры зæхх, дæ сурæт!

Æз цы ‘нхъæл уыдтæн – мæлæт мæ

Ирыл заргæйæ æрсура!..

 

Ир, дæ сæрвæлтау лæгæрстон

Де стырдæр зынæн йæ карзмæ…

Ныр мæрдтыбæсты, сæркъулæй,

Рацæудзæн гыцци мæ размæ…

 

Ам мæ хъæбулты мæ фæстæ

Æз, цæссыгкалгæ, ныууагътон,

О, куыд зын мын у: æмкъайæн

«Хорзæй баззай» дæр нæ загътон.

 

О, мæ хæлæрттæ, сымахæн

Æз нæ бафыстон уæ хæрзтæ,

Ацы сау фæндагмæ, курын:

Макуы стагъд кæнут мæ фæстæ!

Декабрь, 2005.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.