Национ орнаментты дæсны Багаты Барисы 100-азон юбилеймæ
Ирон адæм рагзамантæй фæстæмæ, иууыл тынгдæр пайда кодтой, орнаменталон аивадæй. Алыхуызон орнаменттæй рæсугъд кодтой материалон культурæйы предметтæ æмæ декоративон нысаниуæг кæмæн уыдис, ахæм дзаумæттæ. Орнаменттæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ арæзт цыдысты æрмдæсныйы курдиат æмæ фантазимæ гæсгæ.
Ирон национ орнамент фæзынд, мингай азты размæ. Орнаменталон нывтæ уыдис нæ рагон фыдæлтæм – скифтæ æмæ сарматтæм. Уыдон дзурæг сты ирон адæмы монон æмæ удварны хъæздыгдзинадыл. Фæлæ ирон адæмы культурон бынты куыд бæрзонд бынат ахсы, ахæм хъусдард æм нæ уыд. Ацы аивадмæ уæлдай хъусдард здæхт æрцыд æрмæстдæр советон дуджы.
Орнаментон аивадмæ уæзгæ бавæрд ис хæдахуыр нывгæнæг, ирон нывæфтыды зæрингуырд, ГССР-ы сгуыхт журналист, РХИ-йы аивады суыхт архайæг, РХИ-йы адæмон нывгæнæг, Фыдыбæстæйон Стыр хæсты æмæ куысты ветеран Багаты Барисæн.
Бирæвæрсыг кæй у ирон адæмы сфæлдыстад, уый ма нын ноджыдæр иу хатт сбæлвырд кодта Багайы фырт. Йæ нывæфтыдтыты композицимæ хоны адæймаджы…

Автор йе сфæлдыстад бæтты скифаг æмæ хъобайнаг аивады традицитимæ. Нæ зæрдыл нын лæууын кæны нæ рагон декоративон аивады хъæздыгдзинад. Барисы орнаменталон куыстыты тыххæй бирæ дзурæн ис. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма дзы ногæй ницыуал ссардзынæ, фæлæ йын йæ нывæфтыдтытæм ногæй куы æркæсай, уæд дзы иу иннæйы хуызæн нæу, иу дзы иннæйы нæ фæлхатт кæны. Барисы конд орнаменттæ æрмæст рæсугъд-дзинады тыххæй арæзт не сты. Уыдон ирдæй æвдисынц фыдæлты царды фæтк. Йæ уацмыстæм кæсгæйæ адæймаджы зæрдæйыл цавæрдæр æнахуыр æхсызгондзинад сæмбæлы. Орнаменталон аивады сæрттывта Барисæн йæ æрдзон курдиат. Йе сфæлдыстад схызт бæрзонд æмвæзадмæ. Йæ ном хорз зындгонд у дыууæ Ирыстоны дæр орнаменталон аивадæн чи табу кæны, уыцы адæмты æхсæн. Йæ куыстытимæ йын зонгæ кодтой Дзæуджыхъæуы Ирон литературæйы музейы йæ персоналон равдысты. Ахæм равдыст ма йын уыд Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты залы дæр. Алы равдыстæн дæр аивады дæснытæ æмæ аивад уарзджытæ стыр аргъ скодтой. Дисы сæ æфтыдтой орнаментты аивдзинад, сæ дæсны арæзт, сæ æвæлхатдзинад.
Барис хорз зонгæ уыд историон цыртдзæвæнты æмæ нæм археологион къахæггæгты руаджы нæ фыдæлтæ – скифтæ, сарматтæ, аланты дугæй цы орнаменталон аивад æрхæццæ, уыдонимæ. Уыдон та нæм æрхæццæ сты цырты дуртыл, дарæсыл, хæдзарон мигæнæнтыл æмæ æндæр ахæмтыл нывгондæй. Æмæ кæд фыццаг орнаменты фæзындæй бирæ æнустæ рацыд, уæддæр абон дæр йæ кæлæнгæнæг аивадæй йæхимæ здахы æмæ уацары æп-пары бирæ сфæлдыстадон кусджыты.

Уыдонæй уыд Багаты Барис дæр. Уымæн бантыст орнаментон аивады йæхи уникалон дуне саразын. Дисы нæ æппарынц йæ тых æмæ арæхстдзинад, йæ быхсындзинад. Ирон орнаменты нырыккон историйы Барисы хуын бавæрд стыр лæвар у фидæны фæлтæр-тæн дæр.
Багаты Барис йæ арæхстдзинад æмæ дæсны февнæлды руаджы ивта графикон æмæ хуызфыссынады элементтæ, арæзта сæ адæймаджы дисы чи æппæрста, ахæм нывæзтытæ. Ныв-кæныны аивадмæ Багайы фырт æрдзæй рахаста курдиат. Уыцы курдиаты зынг та йын йæ зæрдæйы ссыгъта Тугъанты Махарбег. Уый уыдис ивгъуыд æнусы 40-æм азты. Махарбег уæд Барисæн бахæс кодта, мыхуырмæ кæй цæттæ кодтой, ахæм чиныджы цъар сныв кæнын. Номдзыд нывгæнæг Барисы куыстæй баззад стыр райгондæй. Барис уæд йæхиуыл, йæ курдиатыл баууæндыдис æмæ йæ нымæг кæнын нæ бауагъта, кодта йын цырынæй-цырындæр.
Абон фидарæй зæгъæн ис, Барисæн йæ бон кæй бацис, æнусты дæргъы куыст кæуыл цыдис æмæ фæлтæрæй фæлтæрмæ абоны онг чи æрхæццæ, уыцы диссаджы аивад ногæй сырæзын кæнын. Багайы фырт сарæзта ног ори-гиналон варианттæ, ног хуызтæ æмæ фæлгæнцтæ. Ирон орнаменталон сфæлдыстады Барис уыдис æмбал кæмæн нæй, ахæм нывгæнæг. Йæ курдиат уыд алывæрсыг: уый иттæг хорз куыста хъæдæй, адæймаг кæсынтыл фæвæййы йæ мозаикон куыстытæм дæр.
Стыр фенддаг у, Къостайы райгуырдыл 143 азы бонмæ “Ирон фæндыр”-ы куыд сфæлыста, уый дæр. Хъæдæй сарæзта нывæфтыд агъуд Къостайы æнæмæлгæ “Ирон фæндырæн”. Срæсугъд æй кодта алыгъуызон фæрдгуытæй йæхи æрхъуыдыгонд орнаменттæй. Агъуды мидæг – “Ирон фæндыр”. Барис æй афтæ рæсугъд сарæзта æмæ зын бауырнæн у, дæсны полиграфисттæ йыл нæ бакуыстой, уый. Куы йæ рафæлдахай, уæд дзы алы сыф, алы фарс дæр арæзт у орнаменталон фæлгæты. Æвæццæгæн, ахæм стыр лæвар никуы ма ничи бакодта Къостайæн.
Абон дæр ма мæ цæстытыл ауайы сæтæлджыты хъузджытæй цы куыст сарæзта, уый. Иуырдæм уыд 1,5 метры, иннæрдæм та – 60 сантиметры. Хъуыддаг та æцæгæй уыд афтæ: иу бон къутæрты сыфтæртыл федта сæтæлджытæ æмæ йæм кæсынтыл фæцис, ирон орнаменты хуызæн æм фæкаст. Йæ фырт уæд нырма гыццыл лæппу уыд æмæ йæм фыд бахатыд, зæгъгæ, де`мбæлттимæ æруидз сæтæлджытæ. Сразы сты лæппутæ æмæ йæм дзы иу бедрайы бæрц æрбахастой. Барис сыл тынг бацин кодта, раппæлыд сæ æмæ сын сæ куысты ныхмæ балхæдта къафеттæ.
Багаты Барисæн йе `нтыст уыдис дыууæ хуызы: фыццаджыдæр ирон адæмы нывæфтыды аивад кæй æрæмбырд кодта, дыккаджы та – нывæфтыды аивады рæзтмæ уæзгæ хуын кæй бахаста.
Багаты Барисæн йæ оригиналон курдиатæй къаддæр нæ уыд йæ диссаджы удысконд дæр. Аивады йæ курдиат цæстæвæрæн кæмæн свæййы, уыдон сæхиуыл феввæрсынц, фæлæ Барис уыдис бынтон хуымæтæджы, зæрдæхæлар адæймаг.
Барис, æрмæст орнаменталон аивады нæ фæкуыста, фæлæ ма уæхскуæзæй фæкуыста газет “Советон Ирыстон”-ы дæр. Уыд редакторы хæдивæг. Мæ зæрдыл хорз лæууы, куыстмæ куы цыдтæн, уæд мын фæлварынæн диктант куыд ныффыссын кодта, уый.
Уæздан, сабыр, хиуылхæцгæ уыд Барис. Йæ бирæнымæц куыстыты æхсæн-иу ногтæ куы фæзынд, уæд-иу нын сæ равдыста зæрдæхæларæй, цингæнгæйæ. Йæ лæвар – бисерæй конд Къостайы портрет – æрвылбон дæр мын хæссы æхцондзинад.
Барисы сфæлдыстадæн табугæнджытæй, æвæццæгæн, алчи нæ зоны, йæ хъару æмæ йæ зынаргъ рæстæджы фылдæр хай уый кæй хардз кодта йæ адæмы тыххæй. Йæ уд йæ дзæцц уы-дис искæмæн исты хорз ракæнын. Арæзта юбилейон буклеттæ, уæдæ газеттæ æмæ журналтæн цы рубрикæтæ фæцарæзта, уыдонæн банымайæн дæр нæй. Фæлæ йæ фыдæбоныл никуы фæфæсмон кодта, лæггад кодта райзæрдæйæ. Йæ сыгъзæрин къухтæй фæлыст диссаджы куыстытæ та ныр дæр ирон адæмæн сты иумæйаг хæзнатæ.
29-æм сентябры 100 азы сæххæст уыдаид Багаты Барисыл. Æмæ абон кæд æнцойад кæны йе `цæг дунейы, уæддæр ын йæ рухс ном нæ ферох кæндзысты, чи йæ зыдта, уыдон.
БЕСТАУТЫ Валя