Куырдадзмæ бахизæны ныл амбæлд зынгæ ирон нывгæнæг, республикæйы рæзтмæ 1989 азтæй фæстæмæ йе стыр хайбавæрд чи бахаста, йе сфæлдыстадæй йæ райгуырæн бæстæйæн йæ кад æмæ ном бæрзонд чи хæссы, уый, Нывгæнджыты цæдисы уæнг Цхуырбаты Тамерлан.

Йæ алы сныхас, йæ алы фездæхт дæр – арфхъуыдыгæнаг æмæ хиуылхæцгæ нæлгоймаджы бæрæггæнæнтæ æвдисæг йе ‘ддаг бакаст – хæларзæрдæ цæстæнгас æмæ мидбылхудгæ. Бахизгæйæ цæстæнгас сæхимæ æлвасынц, къултыл парахатæй ауыгъд, нывгæнæджы ахадгæ куыстытæ. Рудзынджы бын рæнхъæй æвæрд алыгъуызон кусæнгæрзтæ – «бахиз æмæ дæ цы хъæуы, уый цъындцæстæй райс», зæгъгæ, ахæм фæткыл. Ахæм чысыл, фæлæ бæркадджын бынатæй рацыдысты, нæ республикæйы стыр нысаниуæг æмæ бæрзонд аргъ кæмæн ис, нывгæнæджы уыцы куыстытæ. Хатæны астæу æвæрд нывгæнæджы æрдæгкуыст «Мæ Ирыстон» – ууыл кусгæйæ баййæфтам Тамерланы мах дæр.

Аивадон къæпхæнтыл хизгæйæ нывгæнæг рацыд бирæ сындзджын æмæ гакъон-макъон фæндæгтыл, фæлæ куыд зæгъы, афтæмæй ма йын куы уаид, цард ногæй кæй рацæрын æмæ дæсныйад равзарыны уавæр, уæддæр нæ фæивид йæ хъуыды: «Никуы ахъуыды кодтон, ацы фæндагыл кæй  рацыдтæн, уый мын рæдыд фæндаг у. Æппындæр никæцы чиновникы бынатæй баивин аивад. Алы адæймаг дæр а-зæхмæ райгуыры цавæрдæр сæрмагонд нысанæн, æмæ, æвæццæгæн, мæ нысан у нывгæнæг», – загъта йæ хъуыды Тамерлан.

Тамерлан фондзаздзыдæй райдыдта сабийы æрмдзæфæй хъулæттæ кæнын, фæлæ 56 азы сæрты акæсгæйæ дæр, йæ зæрдыл бæлвырдæй æрлæууы, фыццаг хатт тæрхъус куыд сныв кодта æмæ йын алкæйы зæрдæмæ дæр кæй фæцыд. «Скъолайы мæ уарзондæр ахуыргæнджытæй иу – Сиукъаты Марияйæ дæн бузныг, нывгæнæг кæй сдæн. Мария Семены чызг мын фенын кодта мæ фидæны цардвæндаг, бауагъта мæ ныфсы таг æмæ мын райхæлдта мæ миддунейы курдиат», – зæгъы Тамерлан. 9-æм астæуккаг скъолайы аст къласы куы фæцис, уæд бацыд Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы номыл ныгæнæн ахуыргæнæндонмæ. Йæ бæллиц уыд йæхицæн сæрмагонд куырдадз саразын. Ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ ацыд Астæуккаг Азимæ сезонон куыстытæм. Фæнд кодта, уым иу афæдзы дæргъы цы æхцайы фæрæзтæ бакуса, уыдонæй йæ бæллиц сæххæст кæнын, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад: йæ царды иу нæ, фæлæ æртæ азы Тамерлан схай кодта, Азийы æнæаргъæй кæмæн фæкуыста, уыдонæн. Æрымысы йæ худгæйæ: «Уыд  реформæты рæстæг. Астæуккаг Азийы куыстытæ  бирæ уыд, фæлæ сын мызд ничи фыста, а-сом, а-бон кæнгæйæ мæ куыстыты аргъ дæр мæ къухты нал бафтыд, афтæмæй æрцыдтæн мæ Райгуырæн бæстæмæ».

Йæ бæстæ æрæййæфта зын уавæры: райдыдтой Гуырдзыстонимæ политикон карз æхсæнахастытæ. 25 аздзыд лæппу райста хотых æмæ слæууыд йе ‘мгæртты, ирон интеллигенцийы æмрæнхъ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Уыд «Адæмон ныхас»-ы уæнг, хайад иста республикæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл тохты. 1990 азы уæды автономон областы къухдариуæгад райстой Хуссар Ирыстоны Демократон республикæ расидыны деклараци. Ахæм статусы бацæугæйæ, æнæмæнг хъуыддаг уыдыты паддзахадон символикæтæ. Цхуырбайы фырт ссис паддзахадон гербы автортæй сæ иу: «Конкурсы бындурыл æвзæрст цыд паддзахадон герб. Хайад дзы истой 12 авторы. Медойты Димитримæ бацæттæ кодтам æмæ бавдыстам кърандасæй конд гербы макет», – радзырдта Тамерлан.

Макет аразгæйæ автортæ спайда кодтой ирон адæмы рагфыдæлты атрибуттæ цæргæс (сæрибардзинады символ), уацамонгæ (хъæбатырдзинады символ) мæнæуы æфсиртæ (бæркады символ), тулдзы къалиу (тых æмæ бирæ цæрыны символ, уаз бæлас), фæрæт (хæстхъомдзинады символ – Алæгатæ, Æхсæртæгкатæ, Борæтæ), Балсæджы цалх (царды змæлгæ цалх), зæрватыкк (дзуары цъиу – дзуарæфтыды символ), йæ алыварс авд гуылы (авд – уаз нымæц ирон адæмы царды), удон алыварс – дыууадæс тымбылæджы (афæдзы мæйты нымæц).

«Адонæй алкæцыйæн дæр ис йæхи сæрмагонд истори æмæ арф нысаниуæг ирон адæмы идеологийы. Иумæ та нысан кæнынц ирон адæмы æнæбасæтгæ тых, æнусон цард æмæ сæрибардзинад. Макет фæцыд æхсæнады зæрдæмæ, равзæрстой йæ æмæ 1999 азмæ нымад уыд нæ паддзахады гербыл», – банысан кодта дзурæг.

Ацы ахсджиаг куысты тыххæй 1996 азы 18 æм сентябры Тамерланæн лæвæрд æрцыд РХИ-йы Сгуыхт нывгæнæджы ном.

Царды зын уавæртæ бандæвтой Тамерланы æнæниздзинадыл, постыты лæугæйæ суазал ис, фæхъыгдард ис йæ цонджы нуар æмæ хус кæнын райдыдта. Кæд бирæ фæцыд дохтыртæм, уæддæр ыл хос не ‘мбæлд æмæ цонг бонæй-бонмæ лыстæгдæр кодта, нал уыд æххæстбæрцæй кусынхъом. Фæндвидар лæппу нæ фæтарст ахæм зынтæй, йæ сæрмæ не схаста йæ ныййарджыты даринаг суæвын æмæ райдыдта хъæдæрмæгæй мигæнæнтæ аразын æнтыстджын. Ам дæр разынд æнтыстджын, арæзта куыд закъазæй, афтæ йæхи фæндæй дæр ирон нуазæнтæ, уацамонгæтæ, Нарты эпосы хъайтарты фæлгæнцтæ, уæй сæ кодта æмæ сæ аргъæй царды амæлттæ кодта. Ацы куыст ма йын ахъаз фæцис цонджы лыстæг стджытæ скусын кæнынæн дæр, куыдфæстагмæ, скуыстой йæ нуæрттæ æмæ цонг ногæй куыстхъом ссис. Тамерлан куыд нымайы, афтæмæй уый уыд, барельефон куыст райдайынмæ йæ фыццаг къахдзæф дæр.

Курдиатджын нывгæнæджы куыстытæ зынгæ бынат ахсынц сфæлдыстады тæрхджытыл. Сæ мидис æмæ нысаниуæгæй ирдæй бæрæг у, авторæн йæ райгуырæн бæстæ кæй у æппæтæй зынаргъдæр, бæлвырдæй зоны йæ рагфыдæлты истори æмæ йæ æвдисы йæ куыстыты.

Нæ республикæйы территорийыл бирæ цыртдзæвæнтæ, скульптурæтæ, бюсттæ æмæ æндæр ахæм ахсджиаг куыстытæ ис Тамерланы проекттæ æмæ йæ ха-йадистæй арæзт чи ‘рцыд: Зары трагедийы амæттæгты номарæн цырт, Афгай-наг хæсты фæмардуæвæг хайадисджыты мемориалон цырт, ирон адæмы рагфыдæлтæ æмæ нырыккон идеологитæ иугæнæг атрибутикæтæй фæлыст къул «Скифское золото», Икъаты Владимиры цырт æмæ ноджы бирæ проекттæ. Ацы куыстытæ Тамерлан кодта Зассеты Сæрмæт, Икъоты Къоли, Æлборты Æхсæртæг, Бигъуылаты Рудик, Бекъойты Алан, Хуыбиаты Роберт æмæ æндæртимæ æмгуыст кæнгæйæ.

Тамерланы сфæлдыстадимæ æрмæст Ирыстоны аивадуарзджытæ не сты зонгæ, фæлæ ма уымæй дарддæр дæр йæ куыстытæ хайад истой алыгъуызон равдыстыты.

– 2009 азы мæ равзæрстой Нывгæнджыты цæдисы сæргълæууæгæй. 10 азы дæргъы нæ цæдис хайад райста 150-ы бæрц равдыстыты, уыцы нымæцы Мæскуы, Дзæуджыхъæу, Сухум, Хъырым æмæ æндæр горæтты. Аивадуарзджыты зонгæ кодтам национ атрибутикæ, ирон адæмы истори, культурæ, æмæ нæ республикæйы цы ногдзинæдтæ фæзындис, æппæт уыдæттимæ. Равдыстыты хайад истой цæдисы уæнгтæн сæ фылдæры куыстытæ, афтæ – мæхи куыстытæ дæр.

Тамерланы мад, ныртæккæ дзæнæттаг, Танделаты Маня, уæлдай тынгдæр рæхстис гауызтæ уафынмæ. Йæ фыд Уасил ын самал кодта уафæн машинкæ æмæ Маня йæхи къухтæй уæфта гауызтæ, мысыдис сын узортæ æмæ сæ фæлыста рæсугъд хуызтæй. Адæм дæр сæ æлхæдтой зæрдиагæй. Нывгæнæг куыд зæгъы, афтæмæй аивадон курдиат рахаста йæ мадæй: «Стыр аргъ мын кодта мæ куыстытæн, бакодта-иу мын цæстуарзон амындтытæ, уымæн æмæ йæхæдæг дæр уыд, аивад чи æмбæрста, ахæм».

Йæ курдиаты цæхæр – йæ адæмы фарнæн

Цхуырбаты фыртæн йæ фидæны фæндтæй сæ иу у Хуыбылты Валерийы номыл парчы скифтæ, сæрмæттæ æмæ аланты героикон фæлгæндзтæй, афтæ ма ирон идеологи æвдисæг алыгъуызон атрибуттæй сфæлындзын.

Нывгæнджыты цæдисы уæнгæй дарддæр Тамерлан у паддзахадон драмон театры сценаритæ нывгæнæг, сфæлыста æмæ театрдзауты зæрдæтæн радта æхцондзинад 100-мæ æввахс спектаклты сценæты.

Республикæйы нывгæнджыты сфæлдыстадмæ йæ уæзгæ хайбавæрды тыххæй 2015 азы декабры мæйы Цхуырбайы фыртæн лæвæрд æрцыд Адæмон нывгæнæджы кадджын ном.

Не ‘рлæууыд Тамерланыл ацы бинонты ‘хсæн нывгæнæджы курдиат, ахызт æртыккаг фæлтæрмæ дæр. Йе ‘фсымæры лæппу Сергейы конд нывтæ кæддæриддæр хайад райсынц равдыстыты æмæ сты алыгъуызон жанрты, фылдæр – историкон темæтыл. Тамерланы дыууæ чызджы Заринæ æмæ Арианнæ та каст фесты Дзæуджыхъæуы нывгæнæн ахуыргæнæндæттæ.

– Алы адæймаг дæр хæсджын у бæрндзинады æнкъарынæй: йæ ныййарджыты раз, йæ бинонты раз, йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ адæмы раз æмæ, æгæрыстæмæй, йæ сыхбæсты раз дæр. Ахæм æнкъарæн куы хатай, уæд æнæмæнг тырндзынæ дæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ æмæ раст фæндагæй нæ фæиппæрд уыдзынæ. Цард æмтгæй сисгæйæ у змæлд – цы æмæ чи нал змæлы, уый амæлы. Уымæ гæсгæ хъæуы змæлын алыварсонæй дæр. Макæй хъыгдар; макæй æфхæр; ма ракæн æвзæрдзинад; хæлæф ма кæн – цу дæхи фæндагыл, æмæ дын уыдзæн æнтыст. Дæ куысты æнтыст куы уа, уæд та уыдзынæ амондджын!», – уый у Тамерланы фæдзæхст рæзгæ фæлтæрæн.

                                ХУЫГАТЫ Миленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.