Ацы бонты африкæйаг емынæйæ Цхинвалы районы хъæутæ Къохат, Сарабукъ, Уанаты амард цалдæр хуыйы.

Ацы низ нæ республикæйы фæзыны рæстæгæй-рæстæгмæ. 2006-2010 азты та уыцы низ апарахат Дзау æмæ Знауыры районты хъæуты. Хъæууон хæдзарады фосдарды æмæ ветеринарон хайады специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй низ куы сытынг вæййы, уæд арæзт æрцæуы æппæт дæр йе скуынæг кæныны тыххæй. Фæлæ йын æмбæхст формæ кæй ис, уый тыххæй кæд уайтагъд нæ уæддæр та фæстæдæр раргом кæны йæхи. Уымæ гæсгæ сидынц хуытæ чи дары, уыдон хицæуттæм, цæмæй куыддæр бафиппайой сæ фос кæй рынчын кæнынц, уæд уайтагъд фехъусын кæ-ной ветеринарон дохтыртæн. Уыцы территори æнæмæнг вæййы дезинфекцискæнинаг. Ома, хуыты мæрдты хъæуы уæрмы арф баныгæнын. Кæд æмæ фос иуран конд уыдысты, уæд иннæтæ дæр æнæмæнг амæлдзысты. Цæмæй æндæр цæрджыты хуытæм дæр ма ахиза ацы тæссаг низ, уый тыххæй сæ нæ хъæуы æддæмæ уадзын. Ныридæгæн ветеринарон  кусджытæ низ кæм фæзынд, уым ауагътой инструктажтæ. Раздæр азты дæр ахæм фæдзæхстытæ æмæ амындтытæ африкæйаг емынæйы тыххæй бæргæ райстой хъæууон цæрджытæ, фæлæ бирæтæ фос кондæй нæ дарынц. Африкæйаг емынæйæ фос цы бынæтты амæла, уым фондз азы бæрц нæй фос дарæн, æрвылаз та хъуамæ уыцы бынат цæуа дезинфекци. Адæм сæхæдæг дæр цæуынц иу бынатæй иннæмæ æмæ уыдон дæр хæссынц сæ къахдарæсыл уыцы инфекци.

Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан бафидар кодта хуыты африкæйаг емынæйы низы фæзынд æмæ æрсидт хъæуты цæрджытæм. «Цхинвалы районы цы хуытæ амард, уыдонæн лабораторон иртасæнтæ саразгæйæ, бæрæг у нæ республикæйы территорийыл та кæй фæзынд ацы низ. Ныртæккæ нæ министрад исы æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй дарддæр ма парахат кæна, низ цы бынæтты ис, уыдон кæнæм дезинфекци. Фæдзæхст æрцыдысты индивидуалон хисæрмагонд хæдзарадтæ, цæмæй хуыты хизынмæ ма уадзой, зилой сæм æхгæд бынаты. Хъæууон администрациты сæргълæуджытæ æмæ районты ветеринарон службæты кусджытæн фехъусын кодтам, цæмæй æмбæлон æмбарынгæнæн куыстытæ кæной алы хъæуы дæр. Уымæй дарддæр ма хъæууон администрациты хъуамæ банымайой цæрæн бынæтты цы хуытæ ис, уыдон. Цæмæй цæрджыты ‘хсæн паникæ ма уа, уый тыххæй хъуамæ æххуыс кæной фадыгон милиционертæ дæр. Куы рабæрæг уа низæй хуыты амæлыны цау æмæ сын сæ æнæраны ран æппарыны цау, уæд хъæуы ссарын аххосджыны æмæ сæ административон бæрндзинадмæ æркæнын. Цы хуытæ амардысты, уыдон хъæуы басудзын сæрмагонд уæрмы æмæ сыл сыджын хъæуы æмбæлон фæткмæ гæсгæ бакалын».

Министр ма куыд зæгъы, афтæмæй ацы вирусæн нæма ис вакцинаци, адæймагæн æмæ цæрæгойты æндæр хуызтæн та тæссаг нæу бахæцынæй. Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй бар нæй Цхинвалы районæй хуыйы дзидза уæй кæнынæн, афтæ ма æхсæнадон хæлцадон бынæтты хуыйы дзидзайæ хæлцадон продукттæ реализаци кæнынæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.