Хуссар Ирыстоны 14 июлы кадджын уавæрты нысан æрцыд сабырад бахъахъхъæныны фæдыл гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ конд куы рцыдысты, уыцы бон.

Нæ республикæйы территорийыл фидауынгæнæг тыхты службæ, дунейы æндæр бæстæты практикæмæ абаргæйæ, нымад æрцыд уникалоныл. Хуссар Ирыстоны зæххыл дæргъвæтин азты уыдон уыдысты сабырад æмæ стабилондзинады гарант.

Уыцы бон мысæн бынæтты номарынæн дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрыны фæстæ Анахарсисы номыл библиотекæйы бæстахайы Кулътурæйы министрад уыдонæн бацæттæ кодта фембæлд Президент Бибылты Анатолиимæ. Фембæлды хайад райстой фидауынгæнæг тыхты ирон батальоны ветерантæ æмæ сæ къухдариуæгад æмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтыл раздæры командæгæнæг, ныр Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Паддзахады сæргълæууæг æрæмбырдуæвджытæн арфæ ракодта фидауынгæнæг тыхты паддзахадон бæрæгбоны цытæн.

Дзырдта ацы тыхты контингент цы уавæрты æмæ бындурыл конд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны территоримæ.

«Ацы бæрæгбон у Хуссар Ирыстоны бæрæгбон. Уымæн æмæ, æрмæстдæр, нæ бæстæмæ фидауынгæнæг тыхты æрбацыдæй банкъардтам, сæртæг, фæлæ сабырад. Æмæ, æрмæстдæр, фидауынгæнджытæ ифтонг кодтой нæ зæххыл нæ æмбæстæгты æдасдзинад», – дзырдта Президент.

Уый банысан кодта фидауынгæнæг тыхты заставæты æмæ æртæфарсæрдыгæй хъусдарджыты активон æмæ эффективон куыст. Уымæн æмæ ацы мисси йæ архайд, йæ мидис æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл сабырад бахъахъхъæныны хъуыддаджы нымад æрцыд уникалоныл. Суанг 2008 азы онг фидауынгæнæг тыхтæ намысджын æмæ аккагæй æххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ. Хъыгагæн, уæды рæстæджы Гуырдзыстоны политикон къухдариуæгад фæивынæй райдыдтой ардауæн митæ, куыд нæ сабыр цæрджыты афтæ, фидауынгæнæг тыхты службæгæнджыты ныхмæ. Сæ сæйраг нысан уыд, цæмæй фидауынгæнæг тыхтæ ацыдаиккой Хуссар Ирыстоны зæххæй.

Сæ агрессивон архайд мах хъуыды кæнæм 2004 æмæ 2006 азты. Уыцы рæстæджыты цы уæрæсейаг, цы хуссарирыстойнаг тыхтæ, æппынæдзух службæ хастой фæтыхджындæргонд æфсæддон цæттæдзинады уавæрты. Уыцы архæйдтыты кульминаци ссис 2008 аз æмæ йæ фыццаг цæф сæхимæ райстой фидауынгæнæг тыхты уæрæсейаг батальон. Гуырдзыстоны егъау æфсад сæ ныгуылæйнаг куратортæ, уыдон политикон æмæ моралон фарсхæцынадæй æфсæддон техникæ æмæ ифтонгады руаджы, æмæхсæвæджы æрбабырстой сабыр æмæ фынæй горæтмæ.

Мах, зæгъгæ, абон уыдыстæм уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ кæм службæ кодтой уыцы городокы. Уыцы бæстыхай ныртæккæ æвдисæн у, Гуырдзыстоны рдыгæй фида-уынгæнæг тыхты миссийы мæнгарддзинадæн, Хуссар Ирыстоны территорийыл сабырадмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кастысты, уымæн. Уыцы-иу рæстæджы уый у уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты бæрзонд æфсæддон удыхъæдыл дзурæг цырт, сæ кадджын мисси кæм æххæст кодтой, уы-цы бынат хъæбатырæй кæй хъахъхъæдтой, уый.

Бибылты Анатоли æхсызгонæй банысан кодта мадзалы хайад кæй исынц Марат Кулахметов æмæ Фриты Хъазбег, кæцытæ уыдысты æнæбасæтгæ хъаруйы хицæуттæ, ирд хъуыдыкæнынадимæ, æмæ алы бардзырд дæр лæвæрдтой æнæ фæдис-хъæрæй æмæ сабырæй. Уыдон сæ разылæууæг хæстæ сæххæст кодтой æппæт æфсæддон домындзинæдтæм гæсгæ.

«Бузныг зæгъын мæ фæнды уыдон номæй æппæт командæгæнджытæн – афицертæн, салдаттæн, старшинæтæн, кæцытæ службæ кодтой фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн ифтонг кодтой сабырад. Фидауынгæнæг тыхтæ уæзгæ хайбавæрд бахастой цæрджыты æдасдзинад ифтонг кæнынмæ, цæмæй адæм цæрой сабыр арвы бын, æмæ уыцы стабилондзинад ифтонг цыд суанг 2008 азы онг», – дзырдта уый.

Æмæ 2008 азы фыццаг фидауынгæнæг тыхтæ  слæууыдысты нæ республикæ знаджы тыхтæй бахъахъхъæнынмæ. Фидауынгæнæг тыхты мисси сын раивын кодтой сæ фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ. Хъыгаг у уый бамбарын, æмæ гуырдзиаг фидауынгæнæг тыхтæ æхсæнгарз кæй райстой сæ коллегæты ныхмæ, уымæй фехæлдтой, цы мисси æххæст кодтой, уый нысаниуæг.

Бæстæйы сæргълæууæг бахатыд, фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты службæгæн-джытæй чи фæхъуыд, уыдон рухс нæмттæ иу минут æмырæй алæугæйæ ссарынмæ.

Банысан кодта, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæстæ раздæры фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ сæ æвæджиаг хæс-тæ кæй æххæст кæнынц алы бынæтты, республикæйы алы фадгуыты дæр, зæгъгæ, архайынц раздæры службæгæнджытæ.

Уый ноджыдæр арфæ ракодта бæрæгбоны цытæн йе ‘мслужбæгæнджытæн, алкæмæндæр сæ йæ цæст бауарзта хæрзиуджы-тæ æмæ бинонты фæрныгад.

«Хуыцауæн фæндон уæд, мах æмæ нæ хæлар æфсымæрон адæмтæ макуыуал фенæд хæст. Уадз, макуыуал бахъæуæд фидауынгæнæг тыхты мисси æмæ нæ сæрмæ уæд сабыр арв», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтыл раздæры командæгæнæг Марат Кулахметов дæр арфæ ракодта бæрæгбоны цытæн фидауынгæнæг тыхты ветерантæн. Мæнæн, зæгъгæ, æхсызгон у абон уыдонæн æнæниз æмæ бирæ азты цæрæнбоны арфæтæ ракæнын.

«Æз бузныг дæн, фидауынгæнæг тыхтæ хæствæллад Хуссар Ирыстоны зæххыл цы арæзтой, уымæй, уымæн æмæ арæзт æрцыд бирæ. 16 азы дæргъы ацы контингент Хуссар Ирыстоны зæххыл ифтонг кодта сабырад. Нæ цардархайды фæндæгтæ хъæздыг сты алыгъуызон цаутæй.

Æмæ абон нæ сæйраг бындур у уый, æмæ Хуссар Ирыстон кæй у хæдбар паддзахад, цыран æлдариуæг кæны сабырад. Уый сымах егъау хайбавæрд у, зынаргъ ветерантæ-фидауынгæнджытæ.

Мæ зæрдæ уын ноджыдæр зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ бæстæйы сæрибардзинады сæрыл йæ цард чи рауæлдай кодта, уыдон рухс нæмттæ кæддæриддæр куыд хъуыды кæнæм», – банысан кодта  Уæрæсейы минæвар.

Цæгат Ирыстонæй Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтыл командæгæнæг Фриты Хъазбег дæр æхсызгонæй банысан кодта, æрвылаз дæр кæй æмбырд кæнынц фидауынгæнæг тыхты ветерантæ. Ацы батальоны службæгæнгæйæ, зæгъгæ, райстой бирæ зонындзинæдтæ æмæ цасдæрбæрцæй та професситæ. Уырдыгæй æндæр паддзахадон æмæ æхсæнадон службæмæ ахастой фидауынгæнæджы хорз удыхъæд.

Мах, зæгъгæ, уыдыстæм æфсымæртæ æмæ цы хæстæ æххæст кодтам, уыдон – цæсгомджын æмæ æнæзæрдæхудтæй.  Йæ цæст сын бауарзта бирæ æнæниздзинад æмæ цæрæнбон ацы бæрæгбоны.

«Æз сæрыстыр дæн уымæй, æмæ уыцы рæстæг сымахимæ кæй арвыстон, уымæн æмæ йæ æнæхъуаджы нæ арвыстам», – банысан кодта уый.

Бæстæйы къухдариуæггæнæджы бардзырдмæ гæсгæ гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæйы фидауынгæнæг операцийы активон хайад райсыны фæдыл майдан «За ратный труд во имя мира»-йæ Бибылты Ана-толи схорзæхджын кодта раздæры фидауынгæнæг тыхты службæгæнджыты иу къорды.

Ирон адæммæ кадджын лæвæртты æхсæн бынат ис кард æмæ хъамайæн. Марат Кулахметов æмæ Фриты Хъазбегæн та бæстæйы сæргълæууæг балæвар кодта хъаматæ.

Мадзалы кæрон бæрæгбоны цытæн æвдыст æрцыд чысыл концерт, фидауын-гæнæг тыхты хъæбатырдзинад æмæ сæрыстырдзинады номыл кастысты æмдзæвгæтæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.