Фæстаг эпизод

Сценарийы синопсис

Президент Васили Голобородько йæ официалон кабинеты стилы конд бункеры бады. Стыр стъол.  Къулыл  йæ æртæ ахуыргæнæджы – Адольф, Бенито, Степаны (астæуæй) портреттæ. Сериалы ивгъуыд сезоны фæстæ, Голобородько тынг аивта йæ хуыз: дыууын азы бæрц  зæронддæрхуыз сси, йæ уадултыл къутæргай рæзæг хил, сæрыхъуынтæ сойджын, рустæ мидæмæ бахаудысты, цæстыты гагуытæ ралидз-балидз кæнынц. Йæ уæлæ рагæй дæр æнæхсад кæрдæггъуыз хæдон æртæдæндагоны (трезуб – ред.) нывимæ.

Голобородько къабинеты рацу-бацу кæны, рæстæгæй-рæстæгмæ стъолы фарсмæ абады, гæххæттытæ азмæнты, телефонмæ фæлæбуры æмæ трубкæйы цыдæртæ хъæр кæны суржикыл (уырыссаг-украинаг хæццæ æвзагыл – ред.), уырыссагау æнæфсарм ныхæстæ дæр райхъуысынц. Уый фæстæ æдыхæй йæхи ауадзы фæлмæн къæлæтджыны, морæ папкæ сисы, байгом æй кæны æмæ цæмæдæр смуды. Йæ цæсгом алæгъз вæййы, цæстытæ æрыхгæны  æмæ цасдæрбæрц æрсабыр  вæййы.

Хойынц дуар. Æрбацыдис æххуысгæнæг, доклад кæны:

– Васили Петры фырт, æз дæм нырыккон уавæры информациимæ æрбацыдтæн. Дыууæ ног хабары. Сæ иу у хорз: контрразбырст æнтыстджынæй цæуы. Раст зæгъгæйæ та – лидзæм. Æвзæр хабар: москалтæ æмæ пиндостæ нæ аркъауы  æлхъивынц.

Уырыссæгты æфсад размæ бырсы, æмæ ма уыимæ æдзухдæр дзурынц, зæгъгæ, цæттæ стæм сабырады фæдыл бадзырдтæм раздæхынмæ. Америкæгтæ та хæцæнгарзæй ифтонг кæныны хъуыддаг фехæлдтой æмæ нæ уырыссæгтимæ сабырад бафыссыны æрдæм ссонынц. Гъе, уый хонын æз  аркъау.

– Бадзырдтæ махæн нæ сæфты нысан сты. Уæд уыдзæн ног Майдан. Хицауад байсдзысты Подлужный, Говнюшенко æмæ Дристович. Æндæр вариант хъæуы.

Хантеры компанитæн цы фиддонтæ ‘рвитæм, уыдон зæронд маразматикмæ æппын нæ хæццæ кæнынц? – дзуры президент тæнæггомау хæрхæраг хъæлæсæй.

– Уыдон уым сæхи ницы уынæг скодтой. Хантерæн, куыд кæсын, афтæмæй йæ цуантæ фесты. Раргом ис.

– Ӕвзæр, бынтон æвзæр. Ацу, мæн ахъуыды кæнын хъæуы.

Голобородько стъолы фарсмæ бадгæйæ, дзæвгар рæстæг хъуы-дыты аныгъуылд, стæй та ногæй байгом кодта йæ морæ папкæ, йæ сæр æм ныллæг æркъул кодта  æмæ зæрдиагæй фындзы хъæлты æрдæм смудын райдыдта. Йæ сæрыл схæцыд  –  цæсгом фæирддæр, фындзыл цыдæр пудрæйы фæд разынд, цæсгом хъизæмæрттæ  æмæ хъайтарон  сгуыхтдзинæдтæм цæттæдзинады хуыз райста.  Сыстад, фæлæ æваст йæ зонгуытыл æрхауд, Адольф, Степан æмæ Бенитойы портретты бын йæ сæр пъолыл цæвгæйæ сын кувын фæцагайдта. Уый фæстæ ногæй абадт стъолы фарсмæ, компьютер баиу кодта æмæ социалон хызæгты райдыдта фыссын видеобаздæхт. Йæ цæсгом райста нысаниуæгджын хуыз, афтæмæй вазыгджын хъæлæсæй дзуры:

– Украинæйы æмбæстæгтæ! Мах абоны хуызæн никуы баввахс стæм нæ уæлахизы бæллиццаг бонмæ, контрразмæбырст йæ пълангонд нысанмæ бахæццæ ис. Фæнды мæ фехъусын кæнын не знæгтæн: никуы мæ æркъул кæндзыстут худинаггæнæг сабырады бадзырд бафыссынмæ! Мæ куыст кадимæ сæххæст кодтон. Æз ацæудзынæн, мæ ахуыргæнджытæ мын куыд бафæдзæхстой, афтæ.  Мæ царды миссийы кæрон  Бенито æмæ Степаны хуызæн цæмæй ма уа, уый тыххæй сфæнд кодтон Адольфы бафæзмын. Кад Украинæйæн!

Уый фæстæ морæ папкæ фидар къухæй фегом кодта æмæ дзæвгар рæстæг «царддæттæг» ссадæг  фындзæй арф смудын райдыдта. Йæ сæрмæ ссады урс æврæгътæ фæзынд.

Сæр æдыхæй стъолмæ æрхаудта. Роберт де Ниройы персонажæн цы мидбылхудт уыдис, киноныв «Однажды в Америке»-йы китайаг опиум дымæн уаты, ахæм мидбылхудт нындзыг йæ цæсгомыл.

Финал. Зæлы эпикон музыкæ.

ДМИТРИ Медведев,

Телеграм-канал

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.