Бон цал хатты… Цал хатты сыстын мæ кусæн столы цурæй æмæ цал хатты акæсын рудзынгæй уæртæ уыцы фæтæн уынгмæ, университетæй зонадон институты онг дæрддзæгмæ… Æмæ мын цал хатты æрбалхъивынц мæ зæрдæ къæмдзæстыг æмæ фæсмоны æрхæндæг… Уæртæ уыцы фæтæн уынгыл уæззау къахдзæфтæй цæугæ кæдæй нырмæ нал федтон мæ ныфсы æфсымæр, нæ фарн, нæ фидауцы лæг Мелитоны… Уартæ суанг уалдзæгæй фæстæмæ… Фæлæ, низраттæг гуырдзыйы къæхты бын фæуæд — мæн фидарæй уырны, тагъд кæй фендзынæн Мелитоны уæртæ уыцы фæтæн уынгыл (æнæ лæдзгуытæй!) Уастырджийы хуызæнæй рацæйцæугæ…

…Фæрсынц мæ дардæй дæр æмæ æввахсæй дæр: цы кодтат, цы уæм рауад, уæ ацыд уе ‘рбацыд иумæ куы уыд… Ахæмæй ницы. Мæ хистæр, мæ ныфсы æфсымæр уыд, у æмæ уыдзæн, цалынмæ цæрон, уæдмæ! Фæлæ йæ уæддæр, алкæмæн алцы лыстæггай дзурыны бæсты, иу хатт зæгъдзынæн, куыд у, афтæ, æмæ мæ кæд исчи бамбара, уæд йæ цæрæнбон бирæ, кæннод дæр цы кæнон… «Хурзæрин»-ы цы рæстæг кусын, уыцы рæстæджы дæргъы Нафи æмæ Мелитоны фыст уацтыл къух æрфыссынæй æхсызгондæр никуы ницы уыди мæ удæн. Фæлæ ацы-иу хатт афтæ рауад æмæ… Цæвиттон, Мелитон мæм æрбарвыста уац, кæцыйы ныммыхуыр кæнын мын, бæрæг аххосагмæ гæсгæ, тынг зын уыд æмæ йын æй бамбарын кодтон. Фæлæ мæ нæ бамбæрста, уæддæр мын загъта, цæмæй йæ радтон мы-хуырмæ… Æмæ йæ радтон, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ мæ тынг фæриссын кодта уыцы ахаст æмæ цавæрдæр æнæхайыры тæргай ныххызт мæ удмæ… Рагацау æй зонын, ахæм фарст мæм кæй ратдзыстут: «Æмæ газеты цы æрмæджытæ рацæуы, уыдонæй алкæцыйыл дæр разы вæййыс?» Дзуапп уын дæттын: уал хорзы уын Хуыцау ракæнæд, цал хатты (алы номыр цæттæ кæныны рæстæджы дæр) фырæфсæрмæй цъæх арт суадзын, кæйдæрты примитивон æмæ ницæйаг уацгæндтыл мæ къух куы бафыссын, уæд… О, фæлæ уыцы æрмæ-джыты автортæ мелитонтæ не сты, уыдонæн сæ бон æндæр нæу, цы хъом сты, уымæй фылдæр домæн сæ нæй! Мелитон та стыр лæг у — куырыхон, курдиатджын! Мелитон алкæмæй хуыздæр зоны, чиныг куыд аразын хъæуы, уый дæр æмæ чиныгæй цæсты чи ныхса, уыцы аиппытæй кæцы кæй аххос вæййы, уый дæр… Æнæхъуаджы нæ фæ-дзурынц, стыр фурдæн, дам — стыр уылæн, кæнæ: урс хохæй сау дуртæ нæ тулынц…

Уыцы тæргайæ нырма мæхи ссæрибар кæныныл куыд архайдтон, афтæ Мелитон рынчындонмæ бахауд. Куы йæ фехъуыстон, уæд, уырны мæ, йæ хæлæрттæй мæнæй зындæр никæмæн уыдаид, фæлæ уæд мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, уыцы рынчындонмæ бахауд ын уый бæрц хъизæмæрттæ расайдзæн, уый — æнхъæлдтон, иу къуырийы бæрц йæхи «бафидæрттæ» кæндзæн æмæ та уæртæ уыцы фæтæн уынгыл уæзбын къахдзæфтæй, уæздан æмæ сæрыстырæй рацæйцæудзæн мæ Уастырджийы хуызæн æфсымæр… Фæлæ æгæр ныддаргъ уыцы къуыри… Æмæ, сæрæй мæ уыцы æнæхайыры тæргай бакъуылымпы кодта, цæмæй йæ фарсмæ балæууыдаин, стæй йæ уавæр куы фæкарздæр, уæд та мын мæхи цæсгом нал радта уый бар, æгæр мын кæй байрæджы, уый тыххæй… Æмæ мæ, Хъодзаты Æхсары загъдау, æвзоны, мары мæ къæмдзæстыг…

Уæддæр æмæ уæддæр цæмæн, цæй охыл фыссын ацы уац?..

Абон Мелитонæн йæ гуырæнбон кæй у, уый тыххæй. Фæлæ, хъыгагæн, гуырæнбонон зæрдæбын арфæтæ æмæ рæсугъд фæндийæгтæй мæ риссаг зæгъинæгтæ фылдæр æмæ уæззаудæр уыдзысты…

Куыд æмæ цæмæн рауад афтæ?.. Нæ фарны лæг, ирон аив дзырды дæсны, йæхи базонынæй фæстæмæ Ирыстон æмæ ирон адæмы иудзинады сæрвæлтау йæ удæй арт чи цæгъды, цæгатæй хуссармæ Ирыстоны хъысмæтмæ хауæг цыфæнды фарсты фæдыл дæр фыццаг дзырды бар кæмæн дæттæм, уыцы фидауцы лæг Хъазиты Мелитон уый бæрц маст æмæ æфхæрд цæмæн бавзæрста, йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы Ирыстоны зæххыл?!. Рынчындæтты сфæлмæцын æмæ йын уал операцийæн бафæразын фаг нæ уыдысты — уый бæрц рæстæг æй цæмæн хъуыд уыцы æнæхайыры карантины дарын?!. Ацы фарст кæмæ хауд, уыдонæй-иу кæйдæрты куы бафарстон, лæгæн цæмæн афтæ кæнынц, уый тыххæй, уæд-иу сæ дзуапп уыд: цы дæ фæнды, карантин карантин у, иуы куы ссæрибар кæнай, уæд иннæтæ цы зæгъдзысты… Омæ, зæгъын, уымæ ахæмæй исты куы уыдаид, уæд æй Беслæны рынчындонæй рауагътаиккой?.. Йед, дам… Рынчындонæй, дам, æй куы рафыстой, уый фæстæ, дам, уыцы рынчындоны рынчынтæй кæуылдæр разынд вирус æмæ, дам, уый тыххæй…

Уый та дын бынтон мардæрцыд æмæ мæгуыры дæдæдæй!

Уааартæ кæмдæр кæуылдæр цыдæр разынд, уый тыххæй Мелитонæн йæ хæдзармæ бацæуыны бар нæ радтой, фæлæ ацы æнæхайыры хъуырнавирусы тыххæй сæ устытæ рынчындонмæ кæмæн бахаудысты, уыдонæн бар ис куыстмæ, адæмы æхсæнмæ сæрибарæй цæуынæн!..

Ау, Мелитон Ирыстонæн уый бынаты нæ уыди, цæмæй йæм иу чысыл хъулондæр, рæвдыддæр ахаст равдыстаиккам?.. Хорз, фæуæд афтæ, кæд нæ хуыздæртæм хъулондæр цæстæй кæсын нал æмбæлы, уæд та — æндæр фарст: уыцы «иннæтæй» йæ кæмæйдæрты фылдæр рæстæг цæмæн фæдардтат карантины?!.

Ацы дунемæ алчи дæр цæрынæн райгуыры. Нæй адæмæн уæлдæртæ æмæ дæлдæртыл, зынаргъдæртæ æмæ асламдæртыл дих кæнæн. Фæлæ алы нацийæн дæр вæййы ахæм лæгтæ, æндæртæй нацийы фарн бæрзонддæр чи кæны. Ахæмтæ цы нацийы нæ уа, уыцы наци наци нæ уыдзæн, уæд дзы нал уыдзæн дæлдæртæ дæр æмæ уæлдæртæ дæр — ахуысдзæн, амæлдзæн, къуыпп нал дардзæн ацы уæлион дунейы. Абон ирон наци æндæр нациты ‘хсæн къуыпп кæй фæрцы дары, уыцы фарны лæгтæй иу Мелитон у, кæд фарны лæг, æцæг фыссæг, дзырдаивады дæсны цы нысан кæнынц, уый алчи нал æнкъары, уæддæр. Ныр гæххæттыл цыфæнды ныхъулон кæн, цыфæнды дзымандытæ дзы нытъæпæн кæн, уæддæр дæ фыссæгыл нымайдзысты, æппæлдзысты дæ, суанг ма дын преми дæр ратдзысты! Уымæй фыддæр — æцæг фысджытæй дæ хуыздæр фыссæгыл нымайдзысты… Цæмæн? Уымæн æмæ æцæг фыссæджы æмбарын хъæуы, цы ныффысса, ууыл хъуыды кæнын хъæуы. Æмæ уыдæттæхъом чи у, ахæмтæ скадавар сты. Баззадис ма нæм, аслам дзымандытæ æнцондæр æмбарæн кæмæн сты æмæ уыцы дзымандытæ чи фыссы, уыдоны фысджытыл чи нымайы, ахæмтæ. Æмæ тугуарæн кæны æцæг литературæйыл, Мелитоны хуызæттæ кæй сфæлдыстой æмæ фæлдисынц, уыцы литературæйыл… Цас лæмæгъдæр æмæ æнæкурдиатдæр, уый бæрц — нымаддæр æмæ зындгонддæр! Иу æвзонг, саджы фисынтыл амад ирон лæппу мæм иу бæзджын папкæ флешкæимæ æрбахаста. Мæнæ, дам, цыдæр уацмыс ныффыстон æмæ, дам, мын æм куы ‘ркæсис, чысыл, дам, мын мæ рæдыдтытæ куы барæстытæ кæнис… Ацу æмæ дыл æмбисæхсæв хуртæ æмæ мæйтæ ма ракæсæд — æгайтмæ ирон кæстæр иронау фыссыныл фæлвары! Куыднæ йыл хъуамæ бацин кæнай, куыднæ йæм хъуамæ фæдарай æххуысы къух? Фæлæ…Райстон ын йæ папкæ, фыццаг сыфæй йыл фæстаг сыфы онг мæ цæстырухс ныллæмæрстон, фæлæ дзы ницы бамбæрстон, æгæрыстæмæй цы æвзагыл фыст уыд, уый дæр кæронмæ нæ рахатыдтæн. Бахаста ма йæ кæмæдæрты дæр, мæнау ма æндæр кæйдæрты цæстырухсы тæригъæды дæр бацыд, фæлæ уыдонæй дæр — ахæм дзуапп… Стæй фæкæс æмæ дзы… преми райста, конкурсы фыццаг бынат бацахста…

…Бон цал хатты… Цал хатты сыстын мæ кусæн столы цурæй æмæ цал хатты акæсын рудзынгæй уæртæ уыцы фæтæн уынгмæ… Æмæ цал хатты фæриссы мæ зæрдæ, Хъазиты Мелитоны университетæй Фысджыты цæдисмæ рацæйцæугæ куынæ фенын, уæд… Цæмæн? Уымæн æмæ Ирыстон æмæ ирон адæм Мелитоны хуызæн лæгтæ рацæйцæугæ куы нал уыной, фæсивæдимæ ахæм лæгтæ куы нал æмбæлой, уæд Ирыстон Ирыстон нал уыдзæн, ирон дзырды фарн ахуысдзæн, ирон литературæ аслам æмæ примитивы хæмпæлгæрдæджы бын фæуыдзæн, графомантæ йын схицæуттæ уыдзысты!.. Раздæр-иу цыфæнды дзыллон мадзæлтты рæстæджы дæр куыд сæрыстырæй дзырдтой адæм: «Уæртæ нæ фысджытæ æрбацыдысты», «Уæртæ нæ фысджытæ рацæуынц…». Уæд нæм бирæ уыдис ахæм фысджытæ, адæмы раз рæсугъд ныхас чи ракодтаид, ирон дзырдмæ уарзондзинад сæм чи райгуырын кодтаид — Исидор, Хадзы-Мурат, Хадзы-Умар, Нафи…

Уымæ гæсгæ ма нын цалынмæ сты Мелитоны хуызæттæ, уæдмæ сæм хъуамæ хъулон цæстæй дæр кæсæм æмæ буцдæры цæстæй дæр — карантины сæ ма хъуамæ дарæм, нæ къухтыл сæ хъуамæ хæссæм!

Мелитон цы бирæнымæц нуарджын уацмыстæ сфæлдыста, уыдонæй æрмæст йæ «Алмас» æмæ «Фæлдзæуæн рæстæг» куы бацыдаиккой ирон литературæйы хæзнадонмæ, уæддæр дзы сæрыстырæй зæгъæн ис: нæ Иры хуыздæртæй у. Алы æцæг фыссæг дæр, æз премиджын графоманты кой нæ кæнын, æндæртæй фæхицæн кæны цæмæйдæрты. Мелитон ирон фысджытæй хицæн кæны уымæй, йæ уацау «Алмас»-ы хъæддаг сырды цард æмæ удыхъæд адæймаджы цард æмæ удыхъæдау ирдæй кæй равдыста. Ирон фысджытæй ирон студентон фæсивæды цард (роман «Фæлдзæуæн рæстæг») Мелитонæй хуыздæр кæй ничи ма равдыста, уый дæр дызæрдыггаг никæмæн у. Хъазиты Мелитон аив литературæйы фадыджы кæй сфæлдыста, уыцы уацмыстæм ма йын йæ монографитæ, стæй йæ бирæнымæц зонадон, иртасæн куыстытæ æмæ нуарджын публицистикæ дæр куы бафтауæм, уæд хъуамæ нæ цæстытыл ныххæцæм æмæ афтæмæй дис кæнæм, Хуыцау иу адæймагæн курдиаты уæлдай уый бæрц хъару æмæ куыстхъомдзинад куыд бахай кодта, ууыл…

Уый у Мелитон. Æндæргъуызон аргъ кæнын кæмæн хъæуы æмæ æндæргъуызон кады аккаг чи у, уыцы Мелитон.

Фæлæ цыдæр æрцыд ацы зæххон дунейыл — хорзыл æвзæры дур хæрдмæ тулын райдыдта, аслам æмæ зынаргъ сæ бынæттæ баивтой… Фæнды мæ фарст ахæм хуызы сæвæрын: Мелитоныл зæрдæнизæй-æндæрæй уыцы-иу цæфæй цæмæн стых сты?.. Адæймагмæ низтæ кæд сæмхиц вæййынц? Йæ удмæ йын исты уæззау кæнæ сусæг маст куы бауадзынц æмæ йын йæ зæрдæ куы феууилынц, уæд. Раст мæ ацы ран фæнды мæ сæйраг риссаг зæгъинаджы кой скæнын. Фæстаг хатт нæм Къостайы преми куы лæвæрдтой, уæд Мелитоны цы хуызæн рыстæй фæриссын кодтой, уыцы рыстæн æфсæйнаг дæр нæ бафæрæзтаид!..

… Фæлтау нæм иу преми дæр куынæ уыдаид! Тъымытъыматы дæр куы нæ базыдтаиккам, преми цы у, уый. Раздæр нæм нæ уыд æмæ уый тыххæй цы — премийы фыдæй нын Къоста, Секъа æмæ Елбыздыхъо нæ уыдысты?..

Уæлдайдæр Къостайы преми — бынтон æй саслам æмæ сæнад кодтой, азæй-азмæ йын йæ кад æмæ йæ нысаниуæг дæлæмæ кæнынц, базар дзы сарæзтой… Цы нæ вæййы — чизоны устав фæивтой, чизоны — Къостайы преми, литературæйы фадыджы чи курдиатджындæр æмæ аккагдæр у, уымæ гæсгæ дæтгæ нал у, фæлæ зæрдæлхæнæн, æнхъæлцауы принципмæ гæсгæ… Уæд æй цæмæн бауагътат уый онг, цæмæн ын фæриссын кодтат йæ зæрдæ, цæмæн ын амардтат йе уонг?!. Уæд ын, гормон макуы фæуат, хъæлæс кæныны размæ бон уæддæр бамбарын кодтаиккат аивæй: афтæ æмæ уфтæ, дæуæн æй нæ ратдзыстæм æмæ дæхи сис конкурсæй…

Афтæ хуыздæр нæ уыдаид Мелитонæн дæр æмæ ахæм æнæраст, зæрдæхудт хъуыддæгтæй чи фæзæрдæцъæх, уыдонæн дæр?!. Уæд та нæ Хуыцау нæ фесæфта, уæд та нæм искуы рахъомыл, ирон фарн æмæ лæгдзинадæн, æцæг литературæйæн аргъ кæнынхъом чи уа, ахæм фæлтæр æмæ æркастысты Къостайы премийы лауреатты номхыгъдмæ, чи сæ цы сарæзта, чи сæ цы ныффыста кæнæ ныхъулæттæ кодта, уыдæттæм, уæд нæ нæ ингæнты дæлгоммæ нæ ныффæлдахдзысты!..

Цæй, цы бакæнæм, Мелитон — уæлион дуне æгæр бирæ тæригъæдтæй байдзаг æмæ йæ мах нал фервæзын кæндзыстæм уыцы тæригъæдтæй… Дæ гуырæнбон арфæйаг уæд — дæхимæ цы нæ ныхъусай æмæ ныккæсай, ахæм амонд нæ алкæй дæр уæд! Мæн фидарæй уырны, ныры онг куыд уыд, афтæ Цæгатæй Хуссармæ Ирыстоны ахсджиаг хъуыддæгты хайад кæй исдзынæ, дæ уды арфы нырма цы бирæ зæгъинæгтæ ис, уыдонæн рухс кæй фенын кæндзынæ, бирæ гуырæнбонтæ кæй батондзынæ æмæ-иу дæ алы гуырæнбоны фынгыл дæр дæ уарзон зарæг «Салыгæрдæнмæ, дам, фæрæтмæ фæцыдтæн» кæй сисдзынæ!

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.