Донецкы Адæмон Республикæйы Æхсæннацион æхсæнадон организаци «Землячество Алании» æрæджы хайад райста проект «7-Я»-йы. Сорганизаци йæ кодта Уæрæсейы Федерацийы адæмты ассамблеяйы регионалон хайад, – уый тыххæй нæм хъусын кæны организацийы сæрдар Бæззаты Еленæ.

Бæрæгбоны хайад райстой цыппар бинонтæ. Уыдон сты, ирон æхсæнады бындурæвæрæг Гибизты Таймуразы бинонтæ, Мæхъиты Валентинæйы æмæ Бæззаты бирæсывæллонджын бинонтæ. Уымæй дарддæр ма бæрæгбоны архайдтой теркаг хъазахъхъаг  Елена Викторовайы  бинонтæ, кæцы йæхæдæг у Донецкы Адæмон Республикæйы ирон æхсæнады минæвар.

«Донецкы Адæмон Республикæйы Уæрæсейы Федерацийы адæмты ассамблеяйы регионалон хайады сæрдар у Виктория Романюк. Бузныг ын ахæм ирд æмæ хъæздыг бæрæгбоны, лæвæртты тыххæй.Алы сывæллон дæр сæ райста æмæ сыл бацин кодта», – загъта Бæззаты Еленæ.

Бæрæгбонон концертон программæ бацæттæ кодта Донецкы паддзахадон академион филармони. Афтæ ма сценæмкæсджыты раз ралæууыдысты республикæйы æхсæнадон-культурон организациты сфæлдыстадон æмæ культурон коллективтæ (цигайнæгтæ, белорусæгтæ, уырыссæгтæ, ирæттæ, сомихæгтæ æмæ æндæртæ). Уымæй дарддæр ма бæрæгбоны ауагътой уæливыхтæ скæнынæй мастер-къластæ, шоу-программæтæ, национ хæринæгтимæ фуршеттæ.

Куыд проекты, афтæ организациты архайд дæр здæхт у регионы цæрæг алыгъуызон нациты æмæ диаспорæты æрбаиу кæнынмæ.

«Мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм уый, æмæ не стыр бæстæйы кæй ис 200 фылдæр нацийы. Уыдон куы æрбаиу кæнæм иу стыр ныхасмæ, уæд сæ схонæн ис бинонтæ, кæнæ та зо-надон æгъдауæй – уырыссаг цивилизаци. Уым сты алы æмæ алы адæмты хæттыты минæвæрттæ. Уæрæсейы президент Владимир Путин йæ интервьюйы Уæрæсейы хъайтарты тыххæй куы дзырдта, уæд загъта: «Æз дæн ле-къаг, æз дæн ирон, æз дæн дагъыстайнаг»… Ам махæн дæр ис ахæм ахаст», – банысан кодта Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон советы сæрдары хæдивæг Николай Сытов.

Уæрæсейы адæмты ассамблея у æхсæнадон-паддзахадон организаци. Арæзт æрцыд 1998 азы адæймаг æмæ нациты этникон бартæ бахъахъæныны тыххæй, афтæ ма нæ иумæйаг хæдзар – Стыр Уæрæсейы дидинæфтыды фæдыл нысанмæздæхт куыст бакæныны тыххæй. Ассамблеяйы девиз у – «Дружба народов – единство России». Сæйраг нысан у æхсæннацион дуне сфидар æмæ бахъахъхъæнын, афтæ ма Донецкы территорийыл цæрæг сывæллæтты адæмты æргъадтимæ базонгæ кæнын.

Æдæппæтæй цытджын мадзалы уыдысты аст диаспорæйы минæвæрттæ.

 

ПРОЕКТ – «МАХ – УÆРÆСЕЙЫ ÆМБÆСТÆГТÆ»

Мæскуыйы Уæлахизы музейы Федерацийы советы сенатортæ, Паддзахадон Думæйы депутаттæ цытджын æгъдауæй паспорттæ радтой Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ – Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæнадæмон æхсæнадон организаци «Землячество Алании»-йы уæнгтæй 14 азы кæуыл сæххæст, уыдонæй цыппар адæймагæн.

Мадзалы организатор уыд Уæрæсейы адæмты ассамблея æмæ баст уыд Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы бонимæ. Цытджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты УФ-йы сенатортæ, депутаттæ, Уæрæсейы æхсæнадон æмæ политикон лидертæ.

Донецкы «Землячество Алании» арфæ ракодта бæстæйы разамындæн, сенатортæн æмæ сæрмагондæй Донецкы Адæ-мон Республикæйы фæдыл Уæрæсейы адæмты ассамблеяйы регионалон хайады разамонæг Виктория Романюкæн, сывæллæттæн ахæм бæрæгбон кæй сарæзта, уый тыххæй. Уыдон æй никуы ферох кæндзысты. Раст у, фашизм адавта ацы сывæллæттæн сæ царды иууыл ахсджиагдæр рæстæг – сæ сабибонтæ. Фæлæ президент Владимир Путины сæргълæудæй Уæрæсейы бон ссис сывæллæттæн сæ цард бахъахъхъæнын – Донецкы Адæмон Республикæйы Уæрæсейы скондмæ куы райста, уæд сын уыцы актæй сæ хъысмæт æмæ цард балæвар кодта!

Паспорттæ дæттыны мадзал уагъд æрцыд Уæрæсейы адæмты ассамблеяйы проект «Мы – граждане России»-йы фæлгæтты. Ацы проект реализаци кæны æхсæнадон-паддзахадон организаци «Ассамблея народов России» Уæрæсейы Федерацийы ног субъектты (Луганскы æмæ Донецкы Адæмон республикæты, Херсоны æмæ Запорожьейы областты территориты) æмæ здæхт у фæсивæды ‘хсæн УФ-йы паддзахадон символтæ популяризаци кæнынмæ. Проекты фæлгæтты стыр горæтты æмæ чысыл цæрæн пункттæй æвзонг адæймæгтæн сæ бон суыдзæн фыццаг хатт столицæ фенын æмæ цытджын атмосферæйы сæ фыццаг документ – Уæрæсейы Федерацийы паспорт райсын.

 

ГУМАНИТАРОН ÆХХУЫСИМÆ – ИРОН ГАЗЕТТÆ

Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæнадон организаци «Землячество Алании» зымæджы фыццаг къуырийы бакодта стыр куыст фронты раззаг хахмæ хæстонтæн гуманитарон æххуыс баласыны хъуыддаджы, афтæ ма æмбæстагон цæрджытæ æмæ госпиталтæн дæр. Æххуысимæ уыдысты ирон газеттæ дæр куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирыстонæй дæр.

«Арфæ кæнæм немæ чи æмгуыстад кæны, уыдонæн. Иумæ ныл ничи фæуæлахиз уыдзæн» – дзырдæуы организацийы хъусынгæнинаджы.

Бæззаты Еленæйы ныхæстæм гæсгæ, хæстонтæн тынг æхсызгон вæййы ирон периодикон мыхуыры фæрæзтæ райсын, стыр цымыдисимæ сæ бакæсынц. «Донецкы здæхты сæрмагонд æфсæддон операцимæ машинæ гуманитарон уæзимæ цæудзæн 25-æм декабры. Хорз уаид æмæ гуманитарон æххуысимæ куы уаиккой ирон газеттæ дæр. Кæй фæнды финансон æгъдауæй баххуыс кæнын, уыдонæн сæ бон у Дзæуджыхъæуы Мамсыраты Хаджи-Умары уынджы 40 хæдзармæ бацæуын. Телефон: +79888785256», – загъта Бæззаты Еленæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.