Фыдыбæстæйæн, æнæхъæн нацийæн кад æмæ намысы фырттæ чи радта, ахæм мыггагæй иу æнæзæгъинаг куы равзæра, уæд ын йæ мыггаг, ома, кæмæй у, уый зæгъын Хуыцауы бын тæригъæд хъуыддаг у… Стæй йыл цы ном сæвæрдтой, уыцы ном хæсджыты ‘хсæн дæр бирæ кад æмæ намысы лæгтæ куы уа, уæд нæ фæтчы йæ ном зæгъын дæр…

Куыд хъуамæ схонай ахæмы ном æмæ мыггагæй, кæцы йæ фыдыбæстæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ Дмитрий Козакы фембæлды рæстæджы ист къам интернеты (æнæхъæн дунейы цæсты раз!) сæвæрдта æмæ йын йæ быны ныффыста, æркæсут-ма, дам, Козакы раз, дам, бæзджын папкæ бирæ документтимæ, Бибылы фырты раз та, дам, афтид стъол, уый, дам, дзурæг у ууыл, æдзæттæйæ кæй ныццыд фембæлдмæ…

Ахæм кæмæндæр æви цæмæндæр куыд хъуамæ скæнай йæ кадджын мыггаджы кой?..

Фæлæ ам нæ дзырды сæр æндæр цæуылдæр у: куыд уæм кæсы, уыцы чидæр кæнæ цыдæр уый бæрц не ‘мбары, Козакы раз цы документты папкæ уыд, уый Козакы кæй нæ уыд, Бибылы фырт ын йæ разы кæй æрæвæрдта, уыцы папкæ кæй уыд?..

Куыднæ хъуамæ æмбара уый бæрцтæ, йæхæдæг дæр æмæ йæ чи дары, уый дæр, фæлæ йæ афтæ æрзылдтой. Æфсон дын куынæ уа искæуыл цъыф бакалынæн, уæд æй хъуамæ ссарай, æрымысай, уæдæ куыд!..

Æмæ стæй дæ риу хой, дæхи, æппæт дунейы адæмты цæсты кæй дæлдзиныг кæныс, уыцы нацийы сæрхъызойыл нымай!

Хорз, уымæн æмæ уыдæттæн се ‘мбисонд – сæхи, фæлæ ныр та дзуапп ссарæм æндæр фарстæн: Хуссар Ирыстоны зæххыл ныры онг кæнæ кæрдæг нæ зад, кæнæ дзы хъæд нæ уыд… Йенырмæ нæм цæмæннæ искуы уыд боны мидæг цалдæр зынгсирвæзты?.. Цы хабар у, уанцон нæу?.. Чи сты уыцы артæндзарджытæ, кæдмæ нæ хуыдыг кæндзысты хъыхъхъаг фæздæджы?

Кæйдæр хъæуы адæмы æнæразыдзинад, пайда йын у, цæмæй баирвæза бынатмæ…

Уæдæ æндæр цы хъуамæ зæгъой, цæмæй хъуамæ сызнæт кæной адæмы? Афтæ сын зæгъдзысты, мæгуыр хæстарыд адæмæн æххуысæн кæй æрырвыстой, уыцы миллиардтæ цы фесты? Афтæ сын зæгъдзысты, вагæттыдзаг æхцайæ нæм (цæрæн корпусты кой чи кæны) иу сывæллæтты цæхæрадон уæддæр цæмæннæ сырæзт? Æви адæмæн афтæ зæгъдзысты, нæ горæты уынгтæ къахт кæдмæ уыдзысты æмæ астæумæ цъыфы кæдмæ лæгæрддзыстæм?..

Исты азымæй хъуамæ базмæнтой адæмы, уæдæ куыд!

Æмæ куы нæ уа, уæд æй хъуамæ ссарой, уæдæ куыд!

О, фæлæ нæ цардæфхæрд, нæ хæстарыд адæм та кæмæн цы ракодтой?.. Фаг нын нæу, гуырдзы ныл цы арт фендзæрстой æмæ нын цы фæздæг фæныхъуырын кодтой, уый?.. «Мæгуыр адæм, мæгуыр адæм» куы хъæр кæнæм, уæд уый цæмæннæ æмбарæм, æхсæвæй-бонæй арт хуыссын кæныныл цы бирæнымæц фæрæзтæ хардз цæуы, уыдон нæ царды æмвæзадыл æнæфæзынгæ кæй нæ фæуыдзысты?..

Хъæдыл æмæ хус кæрдæгыл арт чи æндзары, уыдон Ирыстоныл æндзарынц арт, нæ удварныл, нæ экономикæйыл, нæ ихсыд дзыппытыл.

Нæ фыдыбæстæ нын кæй худинаг кæнынц, дунейы дзыллæты цæсты нæ кæй æфтауынц, уымæй уæлдай ма нын нæ къухмæ мæгуыры лæдзæг радтынмæ дæр хъавынц.

Науæд… Куырис, дам, сыгъдис æмæ йыл бæттæн худтис – Мæскуыйы кæнæ æндæр стыр горæтты фæлмæн диваны ныгъуылдæй Хуссар Ирыстоны хæрынмæ кæд баирвæздзæн, ууыл чи хъуыды кæны, уыдон ницы сафынц, фæлæ сын ам, бынаты сæ рæмпæгхæрд удты фæндæттæ чи æххæст кæны, уыдон та цæуыл хъуыды кæнынц? Уыдоны сывæллæттæ æмæ хиуæттæ нæ ныхъуырынц уыцы фæздæг? Уыцы зынгсирвæзтытæ хуыссын кæныныл цы æхцайы фæрæзтæ хардз цæуы, уыдон сыл æппын ницæмæй фæзындзысты?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.