(Фельетоны бæсты)

Ацæргæ, куыстдзагъд лæг лæууы уынджы хъæбæрыл, лæууы, кæсæнцæстытæ кæм уæй кæнынц, уыцы къаннæг магазины раз æмæ уыцы тыхстгъуызæй куы магазины æхгæд дуармæ бакæсы, куы та, йæ фæрсты дыууæрдæм чи кæны, уыцы адæмы æнæмæт цæстытæм.

Кæсæнцæстытæ кæм уæй кæнынц, уыцы магазинæн йæ уæллаг фарс дæр, йæ дæллаг фарс дæр æмæ йæ ныхмæ дæр ис æндæр магазинтæ. Уыцы магазинтæ иуууылдæр сты гом, цæ-уынц сæм фæлхасгæнджытæ. Магазинты уæйгæнджытæй чи куыд раздæр асæрибар вæййы фæлхасгæнджытæй, афтæ уынгмæ йæхи райсы æмæ та уыцы цымыдисæй ныккæсы, райсомсарæй уынджы хъæбæрыл афтæ тыхстгъуызæй чи лæууы, уыцы зæронд лæгмæ. Зæронд лæг та, ирон уаг æмæ æгъдау æцæгæлон кæмæн нæма сты, уæздандзинад ма йæ сæрмæ чи хæссы, ахæм лæджы каст кæны… Гемæ сын сæ уыцы цымыдис цæстæнгасæй ноджы тынгдæр стыхсы, мæгуыр, æмæ та иннæрдæм азилы.

Бон та йæ цыды хай кæны. Хуыцаубон уыд æмæ райсомы бæрц адæм нал дыууæрдæм кодтой зæронд лæджы цурты, фæкъаддæр сæ нымæц. Зæронд лæг уæддæр лæууы, лæууы æмæ тыхсы – иу каст магазины æхгæд дуар-мæ бакæны, иннæ каст, сæ нымæц кæмæн фæкъаддæр, уыцы дыууæрдæмгæнджыты æнæмæт цæстытæм, стæй… Стæй та дзы иннæ магазинты уæйгæнджыты цымыдисы къæдзилыл баст цæстæнгас иннæрдæм куы ахизы, уæд та ноджы тынгдæр стыхсы æмæ йæхи æндæрырдæм кæсæг скæны…

Бон йæ цыды хай кæны… Горæты базармæ хъæутæй йæ уæййæгтæ чи æрхаста, уыдон сæ ауæй кодтой æмæ здæхынц сæ фæрныг хæдзæрттæм. Æлхæнджытæ дæр – афтæ… Бон йæ цыды хай кæны, ивы алцы дæр горæты цардæй, æрмæст нæ ивы зæронд лæджы уавæр…

Æз кæцæй уыдтон, куыд базыдтон æппæт уыдæттæ, фæрсут?..

Ацы ныв федтон райсом дæлæ-мæ цæугæйæ, ахæм хуызы йæ федтон фæстæмæ здæхгæйæ дæр, æмæ уæд бамбæрстон, хабар цæй мидæг ис, уый. Бамбæрстон æй, фæлæ, мæхи фыдæнæн мæхи ныддур кодтон, нæ дæр зæронд лæгмæ бацыд-тæн, нæ дæр, цымыдисæй-иу æм чи ныккаст, уыцы сылгоймæгтæм. Фырдиссагæй! Кæдмæ ахæсдзæн ацы уавæр, уый диссагæн…

Цæмæн райдыдтон ахæм даргъ ныхас æмæ йын йæ кæрон цæмæннæ æлхынцъ кæнын, уымæй дæр мæ фæрсут?.. Кæд мæ фæрсут, уæд уал уын, ме взаджы цъуппыл ныртæккæ чи абадт, иу ахæм æнгæс хабар æрлæууын кæндзынæн – Айларты Асæхмæты пьесæтæй сæ иуы сюжет: иу организацийы, ахсджиаг документтæ кæм уыд, ахæм папкæ фесæфт. Æмкусджытæ йæ кæрæдзи аххос кодтой, кæрæдзийы хъуынхъис бахордтой, æнамонддзинæдтæ, лæгмæрдтæ дæр расайдта йæ фæдыл. Хъуыддаг æрцыд организацийы скуынæгмæ. Сæ фæллой куы ластой, агъуыст ссæрибар кæныны тыххæй, уæд… папкæ сейфы фæстæ разынд…

Гъемæ, драматург йæ зæгъинаг куыд ныддаргъ кодта, æз дæр мæ ныхас барæй афтæ ныддаргъ кодтон фæлæ æнæхъуаджы нæ!..

Æппынфæстаг мæхи хæстæг байстон зæронд лæгмæ æмæ йæ бафарстон, кæд ын йæ дзуапп развæлгъау зыдтон, уæддæр.Зæронд лæг йæхи схуыдта Знауыры районы дæрддагдæр хъæутæй сæ иуы цæрæг. Уый базармæ уæййæгтæ не рхаста, йæ кæсæнцæстытæ асастысты æмæ горæтмæ ног кæсæнцæстытæ балхæнынмæ æрцыд.Фæлæ магазин æхгæд разынд… Уæдмæ иннæ магазинты уæйгæнджытæн дæр се ʻлхæнджытæ фæкъаддæр сты æмæ сæ ныр иууылдæр равдæлд. Куыдæвзонгдæр, куыдрæсугъддæрæй ралæууыдысты иумæ æмæ та ныккастысты… Ныр нæ дыууæмæ дæр. Хæстæг сæм бацыдтæн:

– Бахатыр кæнут, ацы магазин нæ бакæндзысты? – фæрсын сæ.

– На… Хуыцаубоны нæ вæййы гом, – дзуапп мын радтой æмдзыхæй.

– Омæ, уе гæрылæй, кæд хуыцаубоны гом нæ вæййы, уæд æй райсомсарæй ацы лæгæн цæуылнæ бамбарын кодтат, цæмæн фæлæууыд æнæхъуаджы, цæмæн фесæфта йæ сыгъзæрин рæстæг? – бауайдзæф сын кодтон.

– Омæ нæ бафарстаид…

– Раст стут, хъуамæ уæ бафарстаид, фæлæ уæ уый æфсæрмы кодта, сылгоймæгтæ стут, ис ма ахæм ирон лæгтæ дæр, сылгоймагæй чи æфсæрмы кæны, фæлæ сымах та, сымах…

Цæй, уыдонæн се мбисонд сæхи, закъонмæ гæсгæ сын нæ бон ницы у, адæймагдзинад та алчи йæхи-рдыгонау æмбары, фæлæ æххæст кæронмæ бакæнон мæ зæгъинаг: æз, ацы проблемæ кæмæ хауы, уыдонæй куы уаин, уæд иууылдæр сæхгæнин ахæм хисæрмагонд магазинты æмæ уагдæтты, кæцытæн сæ дуæрттыл кæнæ сæ къултыл нæй куысты график бæлвырдгæнæг фыстытæ. Уый циу, чи сын радта адæмæй хынджылæг кæныны бар?!. Кæд æхца кусыс, уæд хъуамæ кусай, куыд æмбæлы, афтæ. Цæмæн хъуамæ сафой адæм æнæхъуаджы сæ рæстæг кæйдæр æбæрнон ахаст æмæ æнæмбаргæдзинады тыххæй.

Стæй афтæ æнхъæлут, мæ фырæвдæлонæй ранывæзтон ахæм дæргъвæтин ныхас, иу зæронд лæг, иу магазины хабар ныдиссаг кæнын мæ искæй фелхыскъ кæныны тыххæй бафæндыд? Нæ. Мардæрцыд уый у, бирæ кæй сты ахæм магазинтæ æмæ уагдæттæ, уыдонæй бирæ фылдæр та, цы зæронд лæджы кой скодтон, уый уавæры чи бахауы, уыдон сты. Кæй нæ уырны, уый азилæд горæты уынгты æмæ сæ фенæд: цал магазин, цал уагдоныл нæй фыст, цал сахатыл хъуамæ райдайа йæ куыст æмæ цал сахатыл   хъуамæ фæуа, улæфты рæстæг цал сахатæй цал сахатмæ у, цы бонты кусы æмæ нæ кусы…

Уый у хуымæтæджы бæрндзинад, адæмы адæмыл нымайыны бæрндзинад, æндæр ницы.

  ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.