Знауыры районы Бехъмары хъæуы цæрæг Козаты Зауыры комбæстæй чи нæ зоны, æвæццæгæн, ахæм адæймаг стæм разындзæн. Уымæн æмæ ветеринарон дохтыр у æмæ хъæуы цæрджытæй йе стуртæ кæмæн фæрынчын вæййынц, уыдон æм йæ кусæн бынатмæ арæх æрбацæуынц. Уый сæ алкæмæ дæр зæрдиагæй байхъусы, стæй сын бацамоны æмбæлгæ ветеринарон мадзæлттæ. Хостæ дæр сын ратты, йæхи куы бахъæуы ацæуын, уæддæр – æнæзивæгæй ауайы, бынаты йын æнцондæр вæййы низ сбæрæг кæнын æмæ йын æмбæлон хос скæнынæн.

Козаты Зауырыл, кæд азтæ сæ уæз æруагътой, ныр ыл сæххæст 85 азы, уæддæр йæ куысты хæстыл хорз æххæссы. Бафæрс æй æмæ дын уайтагъд зæгъдзæн хæдзæрттæй чи цал стуры дары, чи сæ цæмæй фæрынчын ис. Фосы низтæ та алыгъуызон сты, фæлæ нæ зонын, зæгъгæ, ахæм хъуыды йæм никуы æрцæуы, уайтагъд ын йæ низ рафæлгъауы æмæ æмбæлон мадзæлттæ райсы. Зауыр йæхæдæг дæр хъæууон лæг у æмæ хорз æмбары хъуг хæдзардарæг кæй у, фосы продукттæй кæй цæрынц бирæ бинонтæ, фæрсырдыгæй сæм æндæр æххуыс кæй нæ цæуы, уымæ гæсгæ тынг фæархайы бинонты  хæдзардарæг – фосы фервæзын кæныныл. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ нымад æрцыд дæсны специалистыл дæр. Адæмы стурвосы æнæниздзинадыл зæрдæйæ кæй архайы, йæ куысты хуыздæр бæрæггæнæн кæй ссис, уымæн та æвдисæн йæ бирæ грамотæтæ æмæ æндæр хорзæхтæ дæр.

Мыггаджы фарн, хъæубæсты кад æмæ намыс йæ миддунейы æрдзон хуызы кæмæн бацыдысты, уыдонæй иу у Козаты Зауыр. Куыд ма загътам, зноны лæппу нал у, йæ 85 азы йæхирдыгæй фесты, базыдта кæстæрты цин, хъæбулы хъæбулты ад. Царды къæпхæнтыл ын æнцон цæуæн нæ уыд, фæлæ цыфæнды зын уавæрты дæр цардимæ æмдзу кæны æмæ адæймаджы ном дæлæмæ никуы æруагъта, æмæ йын абон дæр уымæн кæнынц бæрзонд аргъ, чи йæ зоны, уыдон.

Зауыр райгуырд æмæ схъомыл Бехъмары хъæуы. Нæ уыд йæ сабидуг бæллиццаг, раджы фæиппæрд сты Козаты цыппар æнахъом сабийы (Зауыр, Барис, Зарæ æмæ Галинæ) мады рæвдыдæй.  Уæд райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ йын йæ фыды акодтой хæстмæ. Уæд мад фæуагъта йæ цыппар сывæллоны æмæ æндæр мой скодта. Æмæ сæ кæд сæ фыдыфыд рæвдыдхъуаг нæ уагъта, уæддæр æрхæндæгæй æрвыстой сæ сабибонтæ. Чи баивдзæн сывæллонæн йæ ныййарæг мады? Мады фæлмæн къухты иу аныдзæвд дæр сывæллонæн царды хос у, ныфс ын дæтты, цæрдхъом æй кæны. Мадæй сидзæры хур дæр нæ тавы.

«Ныййарæг мадæй мæм ахæм амонд не ‘рхауд. Нæ йын банкъардтон йæ рæвдыд, йæ хъармдзинад. Фæлæ цы гæнæн ис, æвæццæгæн, алы сылгоймагмæ нæ разыны хъæбулмæ тыхджын уарзт. Сæхи удмæ уарзондзинад сын вæййы уæлдæр, æндæра, хъæбулы баивæн кæуыл ис», – загъта Зауыр йæ  рустыл фæрдгуытау чи æртылдысты, уыцы цæссыгтæ тымбыл къухæй асæрфгæйæ. Мæхицæн дæр тынг зын уыд йæ раныхасмæ хъусын, куыд ный-йарæг, афтæ, фæлæ мæ масты цæссыгтæн æддæмæ рацæуыны фадат нæ радтон, нынныхъхъуырдтон сæ, фæлæ, уыдон хурхы сæрты ныффидар сты æмæ хуыдыг кодтон.

Хъæууон лæппу, дам, тагъд лæг кæны. авд азы йыл цыд, йæ фыды фыд Иликъоимæ колхозы алыгъуызон куыстытæ куы æххæст кодта, уæд. Рывта ныртхоры хуымтæ, уыгъта нартхоры æмæ мæнæуы æфсиртæ. Райсомæй та раджы, цалынмæ галтæ хуымкæнынмæ аскъæрдтаиккой, уæдмæ сæ уый хъуамæ фæхызтаид æмæ сæ æрыскъæрдтаид сæрвæтæй. Бай-рæджы гæнæн нæ уыд, уымæн æмæ колхоз, канд кусæгдыхæй нæ фæцух хæсты рæстæджы, фæлæ бæрцыл уыдысты кусæг галтæ дæр. Афтæ иу сихормæ йæхи раппар-баппар кодта куыстытыл Зауыр, стæй иу сихорæй та, бæгъæмвад къахæй араст сæхи хъæуы цы цыппаразон скъола уыд, уырдæм. Дæс азы йыл куы сæххæст, уæд та хызта колхозы родтæ. Уæд дуг уæззау уыд, æййæфтой Козаты сидзæртæ къæбæр цух дæр. Куыд акæнынц, хæфсытæ уасыд йæ къахы скъуыдтæй дæр. Кæддæрты йын йæ фыды фыд къоходзитæ барæхсыдта æмæ иу уæд йæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Къæвда рæстæджы-иу сæ йæ цæст скæнын нæ уарзта, раласта æмæ сæ-иу йæ дæлармы бакодта, афтæмæй иу бæгъæмвадæй балæууыд скъолайы кæрты. Афтæ бакаст сæхи хъæуы райдиан скъола. Æрыздæхт йæ фыд дæр хæстæй. Кæй зæгъын æй хъæуы йæ бинойнаджы смой йын карды рæхуыстау уыд, фæлæ цы гæнæн ис, бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Æркодта уый дæр йæхицæн бинонтæ, фæлæ фыды ус не ‘руарзта сывæллæтты. «Удхæссæджы ад ын кодтам. Къоста, цæйау фыста, йæ цума рæхуыстæй – йæ рæвдыд дæр – над. Нæ фыды дæр нын нæ ныхмæ скодта æмæ ныл уый дæр схойынæй нæ ауæрста. Гъе, ахæм уыд йæ царды кæронмæ дæр нæ дыккаг мад», – загъта Зауыр, фæлæ ныр æргомæй бар нал радта, æркæлыны æввонг чи уыдысты, уыцы цæссыгтæн.

Зауыр раджы бамбæрста, адæймаджы амонд фæллойы кæй ис. Куыстуарзаг лæппу йæ ахуыр адарддæр кодта Хъорнисы 7 азон скъолайы. Бакаст æй æмæ æрцыдис горæт Цхинвалмæ. Бацыдис хъæууон хæдзарадон ветеринарон факультетмæ ах-уыр кæнынмæ. Уырдыгæй йæ Сырх Æфсады рæнхъытæм службæ кæнынмæ акодтой. Йæ службæйон хæстæ та æххæст кодта горæт Челябинскы. Бирæ арфæйы ныхæстæ иста йæ командиртæй уым дæр, Козайы фырт. Уыд коммæгæс, æгъдауджын салдат. Куы æрыздæхт, уæд та йæ ахуыр адарддæр кодта æмæ йæ кусынмæ райстой сæхи хъæуы колхозмæ хынцæгæй. Фæлæ ууыл не ‘рлæууыд Зауыр, йæхи æмбарынхъом куы фæцис, уæдæй фæстæмæ стыр аргъ кодта ахуырдзинадæн, хорз æм-бæрста, нырыккон дуджы æнæахуыргонд æхсæнад размæ кæй нæ ацæудзæнис. Уыцы хъуыды йын рухс кодта йæ миддунейы фæрнæйдзаг тынтæй æмæ йæ царды сæйраг нысантæй иу ссис йæ ахуыр адарддæр кæнын. Цардмæ йæ бирæ фæндæгтæ сайдтой, фæлæ чысылæй фæстæмæ фыййау цы  родты фæстæ цыдис, уыдонæй иу исчи куы фæкъуылых, кæнæ-иу æнкъард куы уыд, уæд-иу æй тынг фæндыд истæмæй сын иучысыл уæддæр баххуыс кæнын, сæ низ сын фæрогдæр кæнын, йæхимид та иу дзырдта: ныр æвæдза дзурын куы зонис, уæд мын лæмбынæгдæр радзурис дæ низы хатт æмæ иу сын се ‘рагъ лæгъзытæ кодта. Йæ ахуыр адарддæр кæныны хъуыды йæ уæгъд нæ уагъта æмæ фæцыд Мæскуымæ. Йæ гæххæттытæ балæвæрдта Мæскуыйы ветеринарон академимæ. Сахуыр дзы кодта 4 курсы, стæй йæ йæ фадæттæ нал амыдтой, йæ бон нал бацис æххуырст фатерты, æххормæгтæй цæрын æмæ йæ ахуыр раивта Дзæуджыхъæумæ. Райста дохтыр-ветеринары диплом æмæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Йæ дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ акодта сæхи хъæуы. Йæ зонындзинæдтæ, йæ авналæнтæ парахат кæй уыдысты, уый уайтагъд бафиппайдта районы разамынад, æмæ нысангонд æрцыд сæйраг ветеринарон дохтырæй. Зауыр кæддæриддæр æнæкъуылымпыйæ æххæст кодта æмæ кæны абон дæр йæ размæ æвæрд хæстæ. Йæ куыстмæ йын фау никуы ничи æрхаста. Азтæ дæр сæ цыды кой кодтой. Хæрзконд, хæрзуынд лæп-пуйæн йæ амонд сссарыны рæстæг дæр æрцыд. Æмбаргæ, куыстуарзаг лæппу йæ цæст æрæвæрдта Хъæцмæзты чызгыл. Уæздан, бонзонгæ уыд Ленæ. Æмæ ирон æгъдаумæ гæсгæ Хъæцмæзтæ æмæ Козатæ бахæстæг сты. Фæлæ  та Зауыры дыккаг мад не ‘руарзта чындзы дæр. Бирæ нæ бафæрæзтой фыды усы тардзæгъдæн ныхасмæ æвзонг æмкъæйттæ, рацыдысты уырдыгæй æмæ хъæугæрон кæйдæр зæронд хæлæццаг скъæты хуызæн хæдзары æрцардысты. Дыууæ æрыгон цар-дæмбалы Зауыр æмæ Ленæ кæрæдзийы æмбаргæйæ, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ æрывнæлдтой сæ иумæйаг царды мæсыг амайынмæ. Сарæзтой сæхи хæдзар. Скодтой фæллой, куыстой сæ хæдзаргæрон зæххы фадыг. Зауыр куыста фосы дохтырæй, йæ хъус дардта фосы æнæниздзинадмæ, Ленæ та куыста сæхи хъæуы ахуыргæнæгæй. Райгонд уыдысты сæ цардæй æвзонг æмкъæйттæ. Сæ цин та ноджы фæдывæр а-рухс дунемæ сын фырыхъулы хуызæн фырт æмæ иу чызг куы фæзындысты, уæд. Æрыгон ныййарджыты цард фæхъæлдзæгдæр. Фæллад нæ зонгæйæ, дыууæ цардæмбалы архайдтой, цæмæй сæ хъæбултæ адæмы рæгъы рацæуой. Мæнгæй нæ акæнынц, сылгоймаг куыстуарзаг æмæ рæсугъд зæрдæйы хицау куы уа, уæд йæ алыварс цард мидбылхудгæйæ фæцæуы, бæркадджын, исджын свæййы, уыцы хæдзар. Алы хъуыддаджы дæр Зауырæн Ленæ ныфс уыд. Сæхи хъарутæй скодтой фæрныг хæдзар. Цардыл бафтыдтой сæ кæстæрты дæр. Зауыр æмæ Ленæ сæрбæрзонд сты сæ хъæбулты кæстæртæй дæр. Уыдонæй сæ иу бахъахъхъæдта медицинон зонæдты кандидаты ном, иннæ та химийы зонæдты кандидаты ном.

Афтæ, йæ сабийы бонты рæвдыд чи нæ баййæфта, уыцы Козаты Зауырмæ ныр цард йæ мидбылты худы. Райгонд у йæ цардæй. Æмæ йыл кæд 85 азы сæххæст, уæддæр у уæнгрог йæ фезмæлд арæхст-джын. Йæ фæлтæрддзинадыл ын ахуыр кæнынц йе ‘мкусджытæ дæр. Хорз æмæ рæсугъд фæд уадзы а-зæххыл Козайы фырт. Уарзы йæ куыст, йæ дæсныйад. Йæ бон куыд у, афтæ хъахъхъæны цæрджыты фосы æнæниздзинад. Афтæ, дæсны специалист, адæмыл æнувыд æмæ æнæхин адæймаг, бæрнонæй архайы йæ куысты.

Уæдæ, раст æмæ рæсугъд зондахастыл хæст у Зауыр. Уый кæддæриддæр у йæ ныхасы хицау, никуы хæссы йæ сæрмæ мæнгард, гæды митæ кæнын. Куысты – домаг, æппæты фыццаг йæхицæй, стæй та кæимæ кусы, уыдонæй.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Козаты Зауыр нæ газеты æнувыд хæлар дæр кæй у. Уарзы газет кæсын. Постхæссæг сæм цы газеттæ æмæ журналтæ бадæтты, уыдоны æхсæнæй фыццаг фелвасы газет «Хурзæрин» æмæ йыл зыдæй æрхæссы йæ цæстытæ. Йæхæдæг дæр арæх фыссы уацтæ йæ куысты фæдыл.

Уæдæ, удварны хæрзтæй æххæст у Зауыр æмæ йын Хуыцау ноджы рæсугъддæр цæрæнбон сныв кæнæт. Мах та ахæм хистæртæй уыдзыстæм буц æмæ сæрыстыр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.