Хуссарирыстойнаг армрестлертæ æртæ майданы рамбылдтой Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты Кубокы этапы. Ерысты уæлахиздзау ссис Плиты Батрадз. Тренер Джиоты Валерийы хъомылгæнинаг архайдта 100 кг уæзы категорийы. Ацы уæзы дыккаг та ссис Бететы Алан, кæцы ма йæхæдæг кæны тренеры куыст дæр. Уымæн йæ хъомылгæнинаг Цхуырбаты Инал та 110 кг уæзы категорийы рамбылдта бронзæ майдан.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Тегераны кæронмæ бахæццæ уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы клубон Кубок. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ Уæрæсейы командæ бацахста дыккаг бынат. Финалы фембылды Иранæн. Национ командæйы сконды архайдтой Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ Багаты Арслан (86 кг) æмæ Джиоты Эрик (125 кг).

Минскы та уагъд æрцыд 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы чызджты ‘хсæн дунеон командон турнир сылгоймæгты хъæбысхæстæй.  Ерысты уæлахиздзау ссис Уæрæсейы æмбырдгонд. Командæйы скондмæ йæ хайбавæрд бахаста Кæсæбиты Алинæ (62 кг). Уый финалы 11:3 хыгъдæй фæуæлахиз Белоруссийы минæвар Яна Третьякыл.

БОКС

Ирон боксер Дзукъаты Давид ссис промоушн «Pravda»-йы фыццаг чемпионон титулы хицау. Уый 6-раундон тохы фембæлд Абубакар Сулеймановимæ. Æнæхъæн тохы Давид архайдта хуыздæр. Æввахс уыд йæ ныхмæлæууæджжы нокауты арвитынмæ дæр, фæлæ уый бафæрæзта. Тохы фæстиуджытæм гæсгæ тæрхонгæнджытæ иууылдæр уæлахиздзауыл банымадтой Дзукъайы фырты. 23-аздзыд боксер йæ карьерæйы ныр фæуæлахиз æвдæм хатт. Давиды тренер у Сланты Витали.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.