Райдиан нæ газеты 18-æм номыры

Уæлæнгай цæстæй никуы каст «Рæстдзинад» йæ адæмы хъысмæтмæ. Йæ рав-зæрдæй фæстæмæ цыдис цардæн йæ гуылфæнты, йæ æрфыты: фыста Ирыстоны базырджын азты истори, куыд у, афтæмæй æнæхин, æнæсайд, рæстæй. Æмæ царды цаутæ æрмæст фысгæ нæ кодта, фæлæ сын кодта æмбæлгæ аргъ, газеткæсджытæн æргом дзырдта æмæ дзуры, хорз æмæ æвзæр цы у, уыдæттæ.

Уымæн кодтой адæм æмæ паддзахад дæр «Рæстдзинад»-æн стыр аргъ. 1973 азы ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиум йæ Указы фыста: «Цæгат Ирыстоны АССР-йы фæллойгæнджыты коммунистон уагыл хъомыл кæныныл, хæдзарадон æмæ культурон арæзтады хæстæ æххæст кæныныл тохмæ сæ разæнгард кæныныл йæ æнтыстджын куысты тыххæй Цæгат Ирыстоны республикон газет «Рæстдзинад»-æн лæвæрд æрцæуæд орден «Кады нысан».

2000 азы та йын саккаг кодтой Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми.

Газетæн бирæ майдантæ æмæ Кады грамотæтæ лæвæрд æрцыд йæ хъомысджын куысты тыххæй Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Журналистты цæдистæй, ССР Цæдисы ДОСААФ-æй, Æппæтуæрæсеон æрдзхъахъхъæнæг æхсæнадæй æмæ æндæр рæттæй.

***

«Рæстдзинад» у ирон адæмы иугæнæг тых. Уый никуы дихтæ кодта ирон адæмы диалекттæм, ныхасздæхтытæм, хъæутæ æмæ кæмттæм гæсгæ. «Рæстдзинад»-æн уыд, ис, æмæ уыдзæн иу ирон адæм, æмæ фидарæй кусы йæ иудзинадыл, йе ’нгомдзинадыл. Газеты ахсджиагдæр темæтæй иу у дыууæ Ирыстоны баиу кæныны хъуыддаг. Уый у нæ адæмы æнусон бæллиц.

Нæ иумæйаг уарзон Ирыстонæн йæ цин, йæ хъыджы æппынæдзухæй йæ фарсмæ вæййы «Рæстдзинад». Уый дæр йæ адæмимæ иумæ, йæ уæлæ куы йæ бæрæгбоны дарæс скæны, куы та йæ сау дарæс. Ирыстоныл Хуссары æмæ Цæгаты дæр цы бæллæхтæ, Беслæны цы æвирхъау фыдракæнд æрцыд, уыдон маст бауагътой газеты кусджыты, фæлæ сæ зæрдæ нæ фæхъæбæр, сæ ныфс нæ асаст ноджы фæбæрнондæр сты нæ адæмы раз, фæсивæды ’хсæн фæтыхджындæр кодтой патриотон хъомылад, цæмæй, хистæрты намысы тырыса бæрзонд сисгæйæ, кæрæдзимæ æнгомдæр æрбалæууой, къæрцхъусдæр уой ацы фæлдурæджджын заманы, ирон адæмæн фыдбылыз чи хæссы, уыдонмæ. Уыцы куысты сын хорз æххуыс кæнынц ветеранты республикон Совет, ХъСТО-йы Цæгат Ирыстоны хайады разамынд.

***

Фæстаг азты ирон адæмы хæдбардзинады, хиæмбарынады цы рæстмæ ивддзинæдтæ æрцыд, уыдон хорзæрдæм æнæфæзынгæ нæ фесты газеты куыстыл. Ирыстон сси хæдбар республикæ, ирон æвзаг нæм сси паддзахадон æвзаг. Ирон адæмы хъысмæтыл, нæ мадæлон æвзагыл стыр мæтимæ ныхас цæуы «Рæстдзинад»-ы алы номыры дæр. Къуырцдзæвæнæй рацæуынæн фæндæттæ æмæ гæнæнтæ амынд цæуы газеты æрмæджыты.

Фидарæй зæгъæн ис «Рæстдзинад» у нæ ирон национ культурæйы ахсджиагдæр цæджындзтæй иу, йæ артдзæст, йе ’мкусæг. Æмæ йæ уыцы фарны фæндагмæ ракодтой, цы бирæ курдиатджын лæгтæ дзы куыста, уыдон. Уыцы фарны фæндагмæ йæ ракодтой йæ редактортæ Гæдиаты Цомахъ, Барахъты Гино, Къосыраты Сæрмæт, Бæдоаты Хъазыбег, Челæхсаты Аслæнджери, Æгъуызарты Æхсарбег æмæ Хъаныхъуаты Валодя.

***

Хорз бынтæ, хорз æгъдæуттæ ныууагътой редакцийы раздæры фæлтæртæ. Хорз куысты фæтк, хорз зондамонджытæ. Скодтой кад æмæ намыс «Рæстдзинад»-æн æмæ сæхицæн. Газеты кусджыты фæлтæртæй никуы уыдзысты рох, «Рæстдзинад»-æн йæ цард чи снывонд кодта, уыдоны рухс нæмттæ: Хуымарты Хъамболат, Гагкайты Дзибис, Хацъæты Валодя, Мыстулаты Дзантемыр, Хъесаты Дафа, Хуытъинаты Махарбег æмæ Дæдæгка, Бæдоаты Алисолтан, Саламты Алихан, Хъараты Уырызмæг, Æгъуызарты Георги, Цогойты Георги, Тегаты Сулейман, Хъуылаты Чермен, Хуыгаты Валодя, Саукуйты Иссæ, Бутаты Тотырбег, Цырыхаты Михал, Хæблиаты Сафар, Джимиты Хайырбег, Гæлуаты Аким, Бадриаты Никъала, Толпарты Сослан, Хъаныхъуаты Валодя, Дзугаты Барис, Амилаханты Хизир, Томайты Дзантемыр, Тыджыты Юри, Гуыбаты Чермен, Æлборты Хетæг, Мылыхуаты Заретæ, Тепсыхъоты Зоя, Мамсыраты Мурат æмæ иннæтæ. Адон иууылдæр фæд-фæдыл ацыдысты ацы дунейæ. Рухсаг уæнт!

Нафи уазæгуаты редакцийы.

***

«Рæстдзинад»-ы куыст бирæ ахадгæдæр æмæ хъæздыгдæр кæны нæ ахуыргæндты, нæ фысджыты æххуысæй. Джусойты Нафийы, Ходы Камалы, Дзасохты Музаферы, Мæхæмæтты Ахуырбеджы, Цыбырты Людвигы, Цыбырты Герликы, Хъодзаты Æхсары, Гуыриаты Тамерланы, Беруаты Барисы, Хъайтыхъты Азæмæты, Айларты Измаилы, Дзидзойты Валерийы, Дауыраты Дамиры, Дзбойты Михалы, Багаты Ладийы, Хозиты Барисы, Гæбæраты Никъалайы, Хæмыцаты Албеджы æмæ иннæты царды ахсджиаг фарс-татыл фыст уацтыл æхсызгонæй сæмбæлынц газеткæсджытæ.

Газеты куыстимæ дæсгай азты дæргъы æнгом баст сты хистæр фæлтæртæй йæ иузæрдион æхсæнадон уацхæсджытæ: Мамсыраты Ислам, Дойаты Сергей, Томайты Шамил, Мырзаганты Махар, Базраты Фатимæ, Абайты Зæлинæ, Лианты Розæ, Байты Кермен, Æрчъегкаты Зарæ, Багаты Сафирæт, Быдтаты Барис, Дзопойты Юри, Кцойты Асте, Сланты Руслан, Бутаты Победæ, Отарты Георги, Гуылæрты Барис, Цгъойты Булкæ, Уæлыгæсты Саркис, Хæмыцаты Раман æмæ иннæтæ. «Рæстдзинад»-ыл иузæрдион сты кæстæр фæлтæртæ дæр.

***

Газеты фæрстæй арæх райхъуысы рæзгæ фæлтæрты уæндон хъæлæс. Уыдон газеты мидисмæ хæссынц ногдзинæдтæ, царды уалдзæджы комулæфт. Сæ фыст æрмæджытæ: уацхъуыдтæ, уацтæ, радзырдтæ, новеллæтæ, æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цæуынц, редакци сын цы сæрмагонд газет «Нæ Иры фæсивæд», хицæн спортивон фарс «Зилахар» æмæ литературон къуым «Малусæг» байгом кодта, уым.

Арфæйаг куыст бакодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, журналистикæйы факультет кæй байгом кодта, уымæй. Чи дзы ахуыр кæны, уыдонæй бирæты мыггæгтæ арæх вæййынц газеты фæрстыл. Уыдон нæ, фæлæ ма скъоладзауты фыст æрмæджытæ дæр.

***

«Рæстдзинад» бастдзинæдтæ дары, Уæрæсейы Федерацийы, раздæры советон республикæтæ æмæ суанг, дард фæсарæйнаг бæстæты алы рæтты цы ирæттæ цæры, уыдонимæ дæр. Уацхъуыдтæ йæм фыстой æмæ фыссынц Мæскуыйæ, Санкт-Петербургæй, Стъараполæй, Хъæрæсейæ, Краснодарæй, Туркæй, Францæй, Англисæй, АИШ æмæ Аргентинæйæ дæр.

***

«Рæстдзинад» архайы рæстæгимæ æмдзу кæныныл. Парахатæй æмæ æнцонæмбарæн æвзагæй æвдисы царды ивддзинæдтæ, наукæ æмæ техникæйы ногдзинæдтæ. Æргом кæны, размæ цæуын, рæзгæ фæлтæры хъомылады нæ цы цæлхдуртæ, ног фæзындтытæ хъыгдарынц, уыдон.

***

«Рæстдзинад»-ы кусджытæ разæнгардæй архайынц:

Цæмæй газеты æрмæджытæ адæмы зæрдæты гуырын кæной ныфс æмæ хорз ракæнынмæ хъæппæрисы æнкъарæнтæ.

Цæмæй, уыдон сæ хъару æмæ зонд цас амоны, уыйбæрц ахъаз кæной Ирыстоны дарддæры рæзтæн.

Цæмæй ирдæй æвдисой куыстуарзаг æмæ рæстаг ирон адæмы намыс, хъæбатырдзинад, уæздандзинад æмæ хæларзæрдæйы уаг, сæ сæрыстырдзинад.

Цæмæй газет уа адæмы æцæг иугæнæг «арфæйы дзырд».

Цæмæй алы адæймагмæ дæр æвзæрын кæна уды сыгъдæг æнкъарæнтæ.

Цæмæй алы ирон дæр йæ мадæлон æвзагыл зона кæсын æмæ фыссын.

Цæмæй ирон æвзагæн уа фидæн, ирон дзырдæн ма уа тæссаг фесæфынæй.

Цгъойты Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.